Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | НОЙ

Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»

Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»

КЪӔВДА къӕртайӕ калӕгау ныккалдта, ӕмӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ иу ранмӕ ӕрбамбырд сты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, сойын цырагъ тынгдӕр куы ссудзы, уӕд талынджы куыд фӕзыны, бинонтӕ иумӕ куыд лӕууынц, уый. Дон науы сӕрыл куыд сӕх-сӕх кӕны ӕмӕ йӕ фӕрстыл йӕхи куыд хойы, уымӕ дисгӕнгӕ хъусынц. Доны гыбар-гыбурӕй хъустӕ къуырма кӕнынц.

Ной йӕ бинонты цӕсгӕмттӕм куы бакаст – йӕ бинойнаг ӕмӕ йе ’ртӕ гуыппырсар фырты ӕмӕ сӕ устыты цӕсгӕмттӕм,– уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг. Уыцы зын сахат, ӕвӕццӕгӕн, ницӕуыл тыхст, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзта, уыдон уыдысты йӕ фарсмӕ. Иууылдӕр уыдысты удӕгас ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ной йӕ бинонты номӕй Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывта. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъӕрӕй куывта, ӕмӕ йӕ къӕвдайы сӕх-сӕхӕй дӕр уыди фехъусӕн.

Ной уыд фидар уырнындзинады хицау, ӕмӕ Йегъовӕйы уый тыххӕй бафӕндыд Нойӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кӕнын (Дзуттӕгтӕм 11:7). Фӕлӕ къӕвда куы райдыдта, уӕд сӕ уырнындзинад нал хъуыд? Хъуыди. Ӕмӕ ноджы фылдӕр уырнындзинад, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй бирӕ уӕззау бонтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Уый зӕгъӕн ис, ацы уӕззау рӕстӕджыты чи цӕры, уыдонӕй дӕр, ома махӕй. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Нойы уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

«ЦЫППОР БОНЫ ӔМӔ ЦЫППОР ӔХСӔВЫ»

Къӕвда уарыд «цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы» (Райдиан 7:4, 11, 12). Дон уӕлдӕрӕй уӕлдӕр кодта. Ной федта, Йегъовӕ рӕстгӕнджыты куыд бахъахъхъӕдта ӕмӕ фыдгӕнджыты куыд бафхӕрдта, уый.

Доны хъаймӕт кӕрон скодта, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонӕн. Зӕдтӕй бирӕтӕ ацыдысты Хӕйрӕджы зондыл. Уыдон уӕлӕрвты сӕ «цӕрӕнбынат... ныууагътой» ӕмӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ бацардысты. Уыдонӕй сын гуырд ӕнахуыр сывӕллӕттӕ – уӕйгуытӕ, кӕнӕ нефилимтӕ (Иудӕйы 6; Райдиан 6:4, фиппаинаг). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕг тынг цин кодта, бирӕ зӕдты йӕ фӕдыл кӕй акодта, ууыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон бынтондӕр фехӕлдтой адӕмы зондахаст – Йегъовӕ зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕн сӕ фидауц чи уыд, уыдоны зондахаст.

Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссыдысты. Фӕлӕ сын уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххон буӕрттӕ райсӕн нал уыд. Уыдон сӕ устытыл ӕмӕ сывӕллӕттыл дӕр нӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ сын Доны хъаймӕты иннӕ адӕмимӕ фесӕфтысты.

Енох куы цард, суанг уыцы рӕстӕг дӕр, Нойы заманӕй иу-авд ӕнусы раздӕр, Йегъовӕ адӕмы фӕдзӕхста, фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн, уымӕй (Райдиан 5:24; Иудӕйы 14, 15). Фӕлӕ адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой – зӕхх сӕфтой ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕй байдзаг кодтой. Ныр сӕ мӕлӕт ӕрхӕццӕ. Цымӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн уый ӕхсызгон уыд?

Нӕ, уый ӕхсызгон нӕ уыд нӕдӕр уыдонӕн, нӕдӕр сӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауӕн (Йезекил 33:11). Йегъовӕ алцыдӕр арӕзта, цӕмӕй фылдӕр адӕм фервӕзтаид. Енохӕн бахӕс кодта адӕмы фӕдзӕхсын, Нойӕн та – нау саразын. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цалдӕр дӕс азы дӕргъы адӕмы цӕстыты раз уыцы стыр нау арӕзтой. Уымӕй уӕлдай Йегъовӕ Нойы сӕвӕрдта «рӕстдзинад хъусынгӕнӕгӕй» (2 Петры 2:5). Енохау уый дӕр адӕмы фӕдзӕхста, дунемӕ цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Фӕлӕ йӕм цымӕ хъуыстой? Йесо ӕппӕт уыдӕттӕ уыдта уӕлӕрвтӕй ӕмӕ, Нойы бонты адӕм сӕхи куыд дардтой, уый тыххӕй фӕстӕдӕр загъта: «Нымады дӕр [сӕм] ницы уыди, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:39).

Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ науы дуар куы бахгӕдта, уый фӕстӕ фыццаг 40 боны Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд уыдаиккой. Ӕхсӕвӕй-бонӕй тыхджын къӕвда науы сӕр ӕмӕ фӕрстӕ хоста, уыдон та мидӕгӕй сӕ хӕдзары куыстытӕ кодтой ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зылдысты. Фӕлӕ уалынмӕ нау ныхъхъыррыст кодта ӕмӕ иуварсырдӕм акъул. Нау йӕ бынатӕй фенкъуысыд! Дон хӕрдмӕ куыд цыд, афтӕ науы дӕр йӕ уылӕнтыл узгӕ уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр иста, ӕмӕ ӕппынфӕстаг нау «зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд ленк кодта» (Райдиан 7:17). Ӕвӕдза, цы диссаджы хъаруйы хицау у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ!

Куыд бузныг уыдаид Ной Йегъовӕйӕ! Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр кӕй бахъахъхъӕдта. Бузныг ма дзы уыд уый тыххӕй дӕр, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад сӕм кӕй равдыста, ӕмӕ сын кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй, ныр Доны хъаймӕты чи фесӕфт, уыдоны фӕдзӕхстаиккой. Бирӕ азты дӕргъы Ной адӕмы фӕдзӕхста, ӕмӕ йӕм уыцы рӕстӕг, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у. Адӕм ӕм ӕппындӕр нӕ хъуыстой! Стӕй Нойӕн ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕджытӕ дӕр куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ йӕм йӕ бинонты йеддӕмӕ ничи байхъуыста (Райдиан 5:30). Ныр уыцы аст адӕймаджы уыдысты ӕдас бынаты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмы фӕдзӕхсыныл цы рӕстӕг бахардз кодтой, ууыл нӕ фӕсмон кодтой.

Йегъовӕ Нойы заманӕй абонмӕ нӕ аивта (Малахи 3:6). Йесо Чырысти бамбарын кодта, абоны рӕстӕг «Нойы рӕстӕджы» хуызӕн кӕй у (Матфейы 24:37). Мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕг, стыр бӕллӕх ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ ацы хӕлд дунейӕн тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хуыцауы адӕм дӕр, чи сӕм хъусы, уыдонӕн дзурынц, Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый. Цы дзурынц, уымӕ байхъусдзынӕ? Ӕмӕ кӕд, адӕмы чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар зоныс, уӕд ӕй иннӕтӕн дзурыс? Уыцы хъуыддаджы нын Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сты фӕзминаг.

ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ ФЕРВӔЗТЫСТЫ

Денджызы стыр уылӕнтӕ нау куы раппар-баппар кодтой, уӕд йӕ мидӕг чи уыд, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыстой, уыцы дынджыр нау цы хъӕдтӕй арӕзт уыд, уыдон куыд хъыррыст ӕмӕ куыд къӕс-къӕс кодтой, уый. Цымӕ Ной, уылӕнтӕ цӕйас уыдысты кӕнӕ нау кӕй ныппырх уыдзӕн, ууыл мӕт кодта? Нӕ. Ахӕм хъуыдытӕ абон, чи зоны, фӕзына ӕнӕуырнӕг адӕммӕ. Фӕлӕ Нойы ӕнӕуырнӕг схонӕн нӕ уыд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Ной «уырнындзинады фӕрцы... сарӕзта нау» (Дзуттӕгтӕм 11:7). Ӕмӕ йӕ цы уырныдта? Йегъовӕ Ноимӕ бадзырд сарӕзта, ӕмӕ йын загъта, йӕхи дӕр ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр Доны хъаймӕты кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райдиан 6:18, 19). Уӕдӕ Дун-дуне, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй уыцы нау ма ныппырх уыдаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыди! Нойы уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты фервӕзтысты (1 Петры 3:20).

40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы куы рацыд, уӕд къӕвда банцад. Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ уый уыд н. э. размӕ 2370 азы декабры мӕйы. Фӕлӕ науы чи уыд, уыцы бинонтӕм разӕй нырма бирӕ цыдӕртӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Суанг ӕппӕты бӕрзонд хӕхтӕ дӕр доны бын фесты, ӕмӕ уыцы ӕнӕкӕрон денджызы иунӕгӕй ленк кодта цӕрӕгойтӕй йедзаг нау (Райдиан 7:19, 20). Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Ной йӕ фырттимӕ, Сим, Хам ӕмӕ Иафетимӕ, уӕззау куыст куыд кодта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕ иууылдӕр ӕфсӕст, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕниз уыдаиккой. Хъӕддаг сырдты чи ӕрсабыр кодта ӕмӕ сӕ наумӕ чи бакодта, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Доны хъаймӕты рӕстӕджы дӕр афтӕ сабыр уыдаиккой a.

Ной, ӕвӕццӕгӕн, хабӕрттӕ лыстӕггай фыста. Уыцы фыстытӕй базонӕн ис, къӕвда кӕд райдыдта ӕмӕ кӕд банцад, уый, стӕй зӕхх доны бын 150 боны кӕй уыд. Ӕппынфӕстаг дон къаддӕр кӕнын райдыдта. Ӕмӕ н. э. размӕ 2369 азы апрелы мӕйы нау ӕрлӕууыд «Арараты хӕхтыл», абон уый у Турцийы зӕхх. 73 боны фӕстӕ, июны, уыцы хӕхты цъуппытӕ разындысты. Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, сентябры, Ной науы сӕр иу ран базыхъхъыр кодта. Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд, уый бамбӕрстой, рухс ӕмӕ сыгъдӕг уӕлдӕф мидӕмӕ куы бакалдысты, уӕд. Фыццаг уал Нойы фӕндыд базонын, нау кӕм ӕрлӕууыд, уыцы ран ӕдас уыди, стӕй цӕрынӕн бӕззыд ӕви нӕ, уый. Ной рауагъта халоны. Халон ратӕх-батӕх кодта ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, науы сӕрыл ӕрбадт. Уый фӕстӕ та рауагъта бӕлоны. Бӕлон-иу фӕстӕмӕ ӕрбатахт, цалынмӕ, кӕм ӕрбадтаид, ахӕм бынат не ссардта, уӕдмӕ (Райдиан 7:24–8:13).

Зын рӕстӕджыты дӕр-иу Ной йӕ бинонтимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кодта

Дызӕрдыггаг нӕу, Нойӕн йӕ алы боны хъуыддӕгтӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕй уыдысты. Ӕвӕццӕгӕн-иу бинонтӕ арӕх ӕрбамбырд сты, цӕмӕй-иу иумӕ скуывтаиккой ӕмӕ-иу сӕ уӕларвон Фыды тыххӕй, бӕллӕхӕй сӕ чи фервӕзын кодта, уый тыххӕй, аныхас кодтаиккой. Алы ахсджиаг хъуыддаджы дӕр Ной йӕ ныфс ӕвӕрдта Йегъовӕйыл. Иу азӕй фылдӕр науы куы фесты, уӕд зӕхх «бынтондӕр бахус». Ӕмӕ кӕд Ной уый федта, уӕддӕр дуар нӕ байгом кодта ӕмӕ науӕй нӕ рацыд (Райдиан 8:14). Ной ӕнхъӕлмӕ каст Йегъовӕйы ныхасмӕ!

Бинонты хистӕртӕн сӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у бафӕзмын ацы иузӕрдион нӕлгоймаджы. Нойӕн йӕ алы хъуыддаг дӕр уыд пъланыл, уыд куыстуарзаг, фӕразон ӕмӕ, йӕ бӕрны чи уыд, уыдоныл тыхсти. Фӕлӕ йын уӕддӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын уыд ӕппӕты сӕйрагдӕр. Мах дӕр уыцы хъуыддӕгты Нойы куы фӕзмӕм, уӕд стыр ӕххуыс уыдзыстӕм, кӕй уарзӕм, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.

«РАЦУ НАУӔЙ»

Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй ӕддӕмӕ рацыдаид. «Рацу науӕй, демӕ рацӕуӕнт дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ дӕр»,– загъта йын Йегъовӕ. Бинонтӕ ӕддӕмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ фӕстӕ рацыдысты цӕрӕгойтӕ дӕр. Куыд? Мыййаг, кӕрӕдзи сӕрты хаугӕйӕ? Нӕ! Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «рацыдысты къордгай, алы мыггаг дӕр хицӕнӕй» (Райдиан 8:15–19). Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕддӕмӕ куы рахызтысты, сыгъдӕг хӕххон уӕлдӕф куы сулӕфыдысты ӕмӕ Арараты хӕхты фӕхстыл сӕ цӕст куы ахастой, уӕд уыцы сыгъдӕг зӕххы уындӕй сӕ зӕрдӕ барухс. Нал дзы уыд нефилимтӕ, тыхми, знӕт зӕдтӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ! b Адӕмӕн фадат фӕзынд ног цард райдайынӕн.

Ной зыдта, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый. Ӕппӕты фыццаг Хуыцауӕн бакуывта. Сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг цы цӕрӕгойтӕ уыдысты, уыдонӕй йын цалдӕр нывондӕн ӕрхаста – нывондхӕссӕныл сӕ басыгъта. Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй науы уыд фӕйнӕ «авды» (Райдиан 7:2; 8:20). Цымӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд, Ной йын афтӕ кӕй бакуывта, уый?

Библийы уый фӕдыл фыст ис: «Йегъовӕмӕ схӕццӕ нывӕндты тӕф ӕмӕ йын уыди ӕхсызгон». Адӕм зӕхх тыхмийӕ куы байдзаг кодтой, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ рыст. Фӕлӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы бинонтӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ ради. Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ хъуамӕ алцӕмӕй ӕххӕст уой. Уыцы стихы дарддӕр фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ здӕхт у ӕвзӕрдзинадмӕ» (Райдиан 8:21). Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ адӕмы куыд уарзта ӕмӕ сын куыд тӕригъӕд кодта, уымӕ.

Хуыцау зӕххӕй йе ’лгъыст систа. Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд зӕхх ралгъыста, ӕмӕ йӕ кусын тынг зын уыд. Нойы фыд, Ламех, йӕ фырты «Ной» дзӕгъӕлы не схуыдта. Уыцы ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «сулӕфын кӕнын» кӕнӕ «удӕнцой ӕрхӕссын». Уӕдӕ Ламех рагацау загъта, йӕ фырт адӕмы кӕй сулӕфын кӕндзӕн ӕмӕ уыцы ӕлгъыстӕй кӕй фервӕздзысты. Ной куыннӕ бацин кодтаид, куы йӕ бамбӕрста, уыцы пехуымпарад кӕй сӕххӕст ӕмӕ сын зӕхх ныр фылдӕр тыллӕг кӕй дӕтдзӕн. Уӕдӕ Ной зӕххы куыст кӕнын кӕй райдыдта, уый диссаг нӕу! (Райдиан 3:17, 18; 5:28, 29; 9:20).

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науӕй рахызтысты сыгъдӕг зӕхмӕ

Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Нойы байзӕддӕгтӕн радта цалдӕр бӕлвырд ӕмӕ хуымӕтӕг закъоны. Уыцы закъӕттӕй дыууӕ уыдысты, лӕг марӕн ӕмӕ тугӕй, куыд не ’мбӕлы, афтӕ пайда кӕнӕн кӕй нӕй. Хуыцау ма адӕмимӕ скодта бадзырд, ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон Доны хъаймӕты кӕй никуыуал фесафдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый тыххӕй адӕмӕн радта нысан – арвӕрдын. Ӕмӕ абон дӕр арвӕрдын куы фенӕм, уӕд та ӕрхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый (Райдиан 9:1–17).

Нойы хабар ӕрымысгӕ куы уыдаид, уӕд ууыл фӕуыдаид. Фӕлӕ Ной ӕцӕгдӕр цард, ӕмӕ йӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Уыцы заманы адӕм тынг бирӕ цардысты. Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Ной фӕцард 350 азы ӕмӕ бирӕ зӕрдӕрыст бавзӕрста. Стыр рӕдыд скодта, иухатт куы фӕрасыг, уӕд. Фӕлӕ уыцы рӕдыд фыддӕр тӕригъӕд расайдта – йӕ фырты фырт Ханаан тынг ӕбуалгъ ми бакодта. Ханаан цы тӕригъӕд ракодта, уый йӕ бинонтӕн стыр бӕллӕхтӕ ӕрхаста. Ной федта, Нимроды рӕстӕджы йӕ байзӕддӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куыд райдыдтой ӕмӕ фыддзинадыл куыд бафтыдысты. Фӕлӕ Ной федта хорздзинад дӕр – йӕ фырт Сим йӕ фидар уырнындзинадӕй йӕ бинонтӕн фӕзминаг уыд (Райдиан 9:21–28; 10:8–11; 11:1–11).

Мах дӕр цыфӕнды зын уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр хъуамӕ Нойау Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Нӕ алыварс чи ис, уыцы адӕм ӕцӕг Хуыцауы куы ницӕмӕ дарой кӕнӕ йын куы нал лӕггад кӕной, уӕд дӕр хъуамӕ Нойау фидар уӕм. Йегъовӕ стыр аргъ кӕны ахӕм фидардзинадӕн. Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй, «кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13).

a Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау цӕрӕгойты бандзыг кодта, ома, зымӕгон фынӕйы рӕстӕг куыд вӕййынц, афтӕ уыдысты ӕмӕ сӕ хӕринаг бирӕ нӕ хъуыди. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ уыд ӕви нӕ, уӕддӕр Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кодта, ӕмӕ, науы чи уыд, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззадысты.

b Едемы цӕхӕрадон кӕм уыд, уый дӕр Доны хъаймӕты фӕстӕ бӕрӕг нал уыд. Уӕдӕ йын йӕ бахизӕн чи хъахъхъӕдта, уыцы херувимтӕ дӕр фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты – 1 600 азы дӕргъы цы куыст кодтой, уый фӕци (Райдиан 3:22–24).