Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... ирдӕй зынынц»

«Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... ирдӕй зынынц»

Хуыцау кӕй ис, уый дӕ уырны? Кӕд о, уӕд уый цӕмӕй сбӕлвырд кӕнис? Хуыцау кӕй ис, ӕмӕ уыцы Хуыцау стыр зонд ӕмӕ тыхы хицау кӕй у, стӕй адӕмы тынг кӕй уарзы, уымӕн нӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ агурын дӕр нӕ хъӕуы. Цы сты уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ сыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй-ма ӕркӕсӕм, апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм цы ныффыста, уымӕ.

Павел загъта: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй... [Хуыцауы] уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты» (Ромӕгтӕм 1:20). Павел куыд загъта, афтӕмӕй, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый зыны йе сконд хъуыддӕгты. Йӕ ныхӕстыл-ма йын лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнӕм.

Апостол Павел ныффыста, Хуыцауы миниуджытӕ кӕй зынынц, «дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ». Ацы ран дзырд «дуне» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый Зӕхмӕ нӕ амоны, фӕлӕ адӕммӕ a. Уӕдӕ апостол Павел уый кой кодта, ӕмӕ Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ йын йӕ миниуджытӕ сӕ бон кӕй у уынын, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.

Уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты нӕ алыварс ӕмӕ ӕмбӕхст не сты, фӕлӕ «ирдӕй зынынц». Цы уынӕм, уыдӕттӕй ӕппӕты стырдӕрӕй райдай ӕмӕ ӕппӕты гыццылдӕрӕй фӕу – иууылдӕр дзурӕг сты, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл ӕмӕ йӕ рӕсугъд миниуджытыл. Ӕрдз куыд диссаджы конд у, уый йӕ зондыл дзурӕг нӕу? Стъалыджын арв ӕмӕ абухгӕ денджызы уынӕр Хуыцауы ӕнӕкӕрон тыхыл дзурӕг не сты? Алыхуызон хӕринӕгты ад кӕй ӕвзарӕм, хурыскаст ӕмӕ хурныгуылд куыд рӕсугъд вӕййынц, уыдӕттӕ ууыл дзурӕг не сты, Хуыцау нӕ кӕй уарзы? (Псалом 104:24; Исай 40:26).

Хуыцау кӕй ис, уый афтӕ «ирдӕй зыны», ӕмӕ йыл чи не ’ууӕнды, уыдон «сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты». Уый фӕдыл иу ахуыргонд ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: шофыр машинӕйыл фӕцӕуы, ӕмӕ фӕндаджы был цы амонӕн ис, уый ницӕмӕ ӕрдардта – фӕндагыл хъуамӕ фӕзылдаид галиуырдӕм. Пъӕлицӕйаг ӕй баурӕдта ӕмӕ йӕ фӕивар кодта. Шофыр йӕхи рӕстытӕ кӕны, амонӕн нӕ федтон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йыл пъӕлицӕйаг куыд хъуамӕ баууӕнда, кӕд ӕмӕ амонӕн хорз зыны, стӕй шофыр дӕр цӕстӕй ӕвзӕр нӕ уыны? Уымӕй уӕлдай шофырӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй ахӕм амонӕнтӕм лӕмбынӕг кӕса. Афтӕ у сӕ хабар, дунейы цы диссӕгтӕ ис, уыдон чи уыны, фӕлӕ, Хуыцау кӕй ис, ууыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕн дӕр. Уыцы «амонӕнтӕ» ирдӕй зынынц. Адӕймагӕн сӕ йӕ бон у уынын, ӕмӕ сӕ куы ницӕмӕ дара, уӕд йӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзӕн.

Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый зыны йе сконд хъуыддӕгты

Ӕцӕгдӕр, ӕрдзы «чиныгӕй» нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын не Сфӕлдисӕджы тыххӕй. Фӕлӕ Хуыцауы тыххӕй бирӕ фылдӕр базонӕн ис ӕндӕр чиныгӕй – Библийӕ. Уымӕй базонӕн ис дзуапп ахӕм ахсджиаг фарстайӕн: Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис? Ацы фарстайӕн дзуапп куы базонай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй баввахс уай, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... ирдӕй [кӕмӕн] зынынц», уыцы Хуыцаумӕ.

Августы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Ромӕгтӕм 1–16

a Библийы ма фыст ис, «дуне» тӕригъӕды аххосджын кӕй у ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕй бӕрӕг у, Библийы ацы дзырд ахӕм контекстты зӕхмӕ кӕй нӕ фӕамоны, фӕлӕ адӕммӕ (Иоан. 1:29; 4:42; 12:47).