Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...

Библи цы адӕймӕгты кой кӕны, уыдонӕн дзы иуӕй-иутӕн сӕ нӕмттӕ фыст цӕуылнӕ сты?

Библи цы адӕймӕгты кой кӕны, уыдонӕн дзы иуӕй-иутӕн сӕ нӕмттӕ фыст цӕуылнӕ сты?

Библийы Руфы чиныджы иу нӕлгоймагӕн йӕ номы бӕсты фыст ис, «уыцы адӕймаг», зӕгъгӕ. Уый уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ йӕ хӕс сӕххӕст кӕныныл чи не сразы ис, уыцы нӕлгоймаг (Руф 4:1–12). Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библийы йӕ ном фыст кӕмӕн нӕу, уыдон ӕвзӕр адӕймӕгтӕ уыдысты кӕнӕ ахӕм кадджын нӕ уыдысты, цӕмӕй дзы сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцыдаиккой?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Ацӕут горӕтмӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймагмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут» (Матфейы 26:18). Уӕдӕ цымӕ ацы стихӕй афтӕ уайы, ӕмӕ уыцы адӕймаг ахӕм ӕвзӕр уыд, ӕмӕ уый аккаг нӕ уыд, цӕмӕй йӕ ном Библийы фыст ӕрцыдаид? Нӕ. Чырысти, «ахӕм ӕмӕ ахӕм», зӕгъгӕ, кӕмӕй загъта, уый уыд йӕ ахуыргӕнингтӕй иу. Йӕ ном та уый тыххӕй не ’рцыд фыст, ӕмӕ уыцы уавӕры йӕ ном афтӕ ахсджиаг нӕ уыд.

Библийы бирӕ ӕвзӕр адӕймӕгты нӕмттӕ ис фыст, фӕлӕ дзы цы бирӕ иузӕрдион адӕймӕгты кой ис, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн сӕ нӕмттӕ фыст не сты. Зӕгъӕм, фыццаг сылгоймаг Евӕйы ном чи нӕ зоны, ахӕм нӕй. Фӕлӕ хиуарзон ӕмӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй Адамы дӕр фӕрӕдийын кодта. Ӕмӕ уый тыххӕй абон не ’ппӕт дӕр хъизӕмар кӕнӕм (Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ, зӕгъӕм, Нойӕн йӕ ус куыд хуынди, уый Библийы фыст нӕй. Уый уыд удуӕлдай ӕмӕ коммӕгӕс адӕймаг, стӕй йӕ лӕгӕн дӕр стыр ӕххуыс уыди, цы ахсджиаг куыст кодта, уым. Уӕдӕ Библийы йӕ ном кӕй нӕй, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хорз адӕймаг нӕ уыд кӕнӕ йын Йегъовӕ нӕ аргъ кодта.

Библийы ма фыст ис, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъӕбатырдзинад чи равдыста, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй дӕр. Ӕркӕсӕм-ма иу гыццыл израилаг чызджы хабармӕ. Уый лӕггад кодта Сирийы ӕфсады хицау Нееманы усӕн. Уыцы чызг нӕ фӕтарст Нееманы усӕн Израилы пехуымпары тыххӕй радзурын. Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ сарӕзта стыр диссаг (2 Паддзӕхты 5:1–14). Израилы тӕрхонгӕнӕг Йеффайы чызг дӕр равдыста фидар уырнындзинад. Цӕмӕй йӕ фыд, цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй чызг моймӕ цӕуынӕй ӕмӕ цот скӕнынӕй барвӕндонӕй «нӕ» загъта (Тӕрхонгӕнджыты 11:30–40). Стӕй псаломтӕй дӕр 40-ӕй фылдӕрӕн сӕ фысджыты нӕмттӕ бӕрӕг не сты. Не сты бӕрӕг, ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ иузӕрдионӕй чи ӕххӕст кодта, уыцы пехуымпартӕй кӕйдӕрты нӕмттӕ дӕр (1 Паддзӕхты 20:37–43).

Уымӕй диссагдӕр та у иузӕрдион зӕдты хабар. Кӕд зӕдтӕ сӕдӕгай милуантӕ сты, уӕддӕр Библийы фыст ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ зӕды нӕмттӕ – Гавриил ӕмӕ Михаил (Данел 7:10; Лукайы 1:19; Иудӕйы 9). Иннӕтӕй дзы иуӕн дӕр йӕ ном фыст нӕй. Зӕгъӕм, Самсоны фыд Маной зӕды бафарста: «Дӕ ном куыд у? Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд кӕмӕн скад кӕнӕм?» Цымӕ йын зӕд цы загъта? «Мӕ номӕй мӕ цы фӕрсыс?» Афтӕмӕй уыцы зӕд сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи нӕ бакодта (Тӕрхонгӕнджыты 13:17, 18).

Библи алы хатт нӕ фембарын кӕны, иуӕй-иуты нӕмттӕ дзы цӕмӕн сты фыст, иннӕты нӕмттӕ та – цӕуылнӕ. Фӕлӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йӕхицӕн кад чи нӕ агуырдта, уыцы зӕдтӕ ӕмӕ адӕмӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм.