Йезекил 33:1—33

33  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, дӕ адӕмы фырттӕн+ афтӕ зӕгъ:„Искӕцы бӕстӕйыл хъама куы рауадзон+, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕм иууылдӕр иумӕ искӕй куы райсой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕгӕй куы сӕвӕрой+,  ӕмӕ уый куы фена, уыцы бӕстӕмӕ хъама кӕй ӕрбацӕуы, ӕмӕ сыкъайӕ куы ныууаса ӕмӕ адӕмы куы бафӕдзӕхса+,  ӕмӕ исчи сыкъайы уаст куы фехъуса, фӕлӕ фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдара+, ӕмӕ хъама куы ’рбацӕуа ӕмӕ йын йӕ цард куы байса, уӕд йӕ туг уыдзӕн йӕхи сӕрыл+.  Сыкъайы уаст фехъуыста, фӕлӕ фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардта. Йӕ туг уыдзӕн йӕхиуыл. Фӕдзӕхстмӕ йӕ хъус куы ’рдардтаид, уӕд йӕ уд фервӕзтаид+.  Фӕлӕ хъахъхъӕнӕг, хъама кӕй ӕрбацӕуы, уый куы фена ӕмӕ сыкъайӕ куы нӕ ныууаса+ ӕмӕ адӕмы куы нӕ бафӕдзӕхса, ӕмӕ хъама куы ’рбацӕуа ӕмӕ дзы искӕйты цард* куы байса, уӕд сӕ цард ист ӕрцӕудзӕн сӕ фыдракӕндты тыххӕй+, фӕлӕ сын сӕ туг ӕз ӕрдомдзынӕн хъахъхъӕнӕгӕй“+.  Адӕймаджы фырт, ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй+. Цы дын дзурын, уымӕ байхъус ӕмӕ сӕ мӕ номӕй бафӕдзӕхс+.  Ӕз фыдгӕнӕгӕн куы зӕгъон, фыдгӕнӕг, ды амӕлдзынӕ+, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ ды куы нӕ фӕдзӕхсай ӕмӕ йын куы ницы дзурай, цӕмӕй йӕ фӕндаг ныууадза+, уӕд уый, фыдгӕнӕг уӕвгӕйӕ, амӕлдзӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй+, фӕлӕ йын ӕз йӕ туг ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.  Фӕлӕ кӕд фыдгӕнӕджы фӕдзӕхстай, дзырдтай йын, цӕмӕй йӕ фӕндаг ныууадза, фӕлӕ уый йӕ фӕндаг нӕ ныууагъта, уӕд амӕлдзӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй+. Ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ+. 10  Адӕймаджы фырт, афтӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Сымах дзурут: „Кӕд нӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ нӕхиуыл сты ӕмӕ уыдоны тыххӕй сӕфӕм+, уӕд ма цӕргӕйӕ куыд баззайдзыстӕм?“+ 11  Зӕгъ сын: „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон+, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза+ ӕмӕ цӕра, уый+. Ныууадзут, ныууадзут уе ’взӕр фӕндӕгтӕ+. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат, о Израилы адӕм?“+ 12  Адӕймаджы фырт, дӕ адӕмы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Рӕстгӕнӕг фыдракӕнд цы бон сараза, уыцы бон ӕй йӕ рӕстдзинад нӕ фервӕзын кӕндзӕн+. Ӕмӕ фыдгӕнӕг та, йӕ фыдхъуыддӕгтӕ цы бон ныууадза, уыцы бон йӕ фыддзинады тыххӕй нӕ бабын уыдзӕн+. Ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уыдонӕй исчи тӕригъӕд цы бон сараза, уыцы бон йӕ рӕстдзинады фӕрцы удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн+. 13  Рӕстгӕнӕгӕн куы зӕгъон, ды ӕнӕмӕнг цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый йӕ рӕстдзинадӕй ныфсджын куы уа ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтыл куы бафта+, уӕд йӕ раст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ферох уыдзысты ӕмӕ, цы хӕрам хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн+. 14  Ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн куы зӕгъон, ды амӕлдзынӕ+, зӕгъгӕ, ӕмӕ, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон куы нал араза+ ӕмӕ раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа+, 15  ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕг, цъынды цы райста, уый фӕстӕмӕ куы ратта+, кӕмӕй цы байста, уый куы бафида+, царддӕттӕг закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы нал араза+, уӕд ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн+, нӕ амӕлдзӕн. 16  Цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты+. Уый архайы раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн“+. 17  Дӕ адӕмы фырттӕ дзурынц: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Фӕлӕ раст уыдон нӕ кӕнынц. 18  Рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн+. 19  Фыдгӕнӕг йӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы ныууадза ӕмӕ раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа, уӕд уый та уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. 20  Сымах та афтӕ дзурут: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+, о Израилы адӕм». 21  Цасдӕры фӕстӕ мӕм Иерусалимӕй ӕрбацыд, чи дзы аирвӕзт, иу ахӕм адӕймаг+ ӕмӕ мын загъта: «Горӕт ныппырх кодтой!»+ Уый уыди, уацары дыууадӕсӕм аз куы уыдыстӕм, уӕд, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон. 22  Чи аирвӕзт, уыцы адӕймаг мӕм куы ’рбацыд, уый размӕ изӕр мыл уыди Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ мын Хуыцау ме ’взаг сыхӕлдта, цалынмӕ мӕм райсомӕй уыцы адӕймаг не ’рбацыд, уӕдмӕ. Ме ’взаг сыхӕлд ӕмӕ та мӕ бон сси дзурын+. 23  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: 24  «Адӕймаджы фырт, уыцы афтид бынӕтты чи цӕры+, уыдон Израилы зӕххӕй дзурынц: „Авраам уыд иунӕг, фӕлӕ уӕддӕр уыцы зӕхх уый баци+. Мах та бирӕ стӕм, стӕй уыцы зӕхх махӕн у лӕвӕрд“+. 25  Уӕдӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымах дзидза хӕрут тугимӕ+, кувут уӕ фаджыс-хуыцӕуттӕм+ ӕмӕ туг калут+. Ӕмӕ зӕхх сымах хъуамӕ уа?+ 26  Сымах уӕ зӕрдӕ дарут уӕ хъаматыл+. Ӕлгъаг митӕ кӕнут+ ӕмӕ уӕ алчидӕр кӕйдӕр усы фӕхудинаг кодта+. Ӕмӕ зӕхх сымах хъуамӕ уа?“+ 27  Мӕнӕ сын цы зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй: чи сафтид, уыцы бынӕтты чи цӕры, уыдон хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+, быдыры чи ис, уый хъӕддаг сырдтӕн ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бахӕрдзысты+. Фидар мӕсгуыты ӕмӕ лӕгӕтты чи ис+, уыдон фыднизӕй фӕцагъды уыдзысты. 28  Ӕмӕ уыцы зӕхх фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+, афтид бынат, ӕмӕ нал уыдзӕн йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ йӕ хъару+, ӕмӕ Израилы хӕхтӕ уыдзысты афтид+, йӕ къах сыл ничиуал ӕрӕвӕрдзӕн. 29  Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, се ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй+ уыцы зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ+, афтид бынат куы фестын кӕнон, уӕд“. 30  Адӕймаджы фырт, дӕ адӕмы фырттӕ дӕ кой кӕнынц къулрӕбынты ӕмӕ хӕдзӕртты бахизӕнты+, ӕмӕ иу иннӕйӕн, алчи йе ’фсымӕрӕн, дзуры: „Цомут, байхъусӕм, Йегъовӕйӕ цы ныхас рацыд, уымӕ“+. 31  Уыдон дӕ цуры ӕрӕмбырд уыдзысты, адӕм куыд ӕрӕмбырд вӕййынц, афтӕ, ӕмӕ дӕ разы мӕ адӕмау ӕрбаддзысты+. Ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕ фехъусдзысты, фӕлӕ сӕ ӕххӕст нӕ кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхас у, сӕ чъизи монцтӕ куыд бафсадой, ууыл, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхсайынц, искӕй фӕллойӕ сӕхицӕн мулк куыд скӕной, уымӕ+. 32  Ды сын дӕ, уарзондзинады зарджытӕ чи кӕны, рӕсугъд хъӕлӕс кӕмӕн ис ӕмӕ хъисфӕндырыл хорз чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы хуызӕн+. Уыдон дын дӕ ныхӕстӕ хъусдзысты, фӕлӕ дын сӕ иу дӕр не ’ххӕст кӕндзӕн+. 33  Фӕлӕ уыдӕттӕ куы сӕххӕст уой – ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты+,– уӕд ӕй базондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уд».