Райдиан 8:1—22

8  Уый фӕстӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд+ Ной, стӕй, йемӕ науы+ чи уыди, ӕппӕт уыцы хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос дӕр. Ӕмӕ Хуыцау зӕххыл рауагъта дымгӕ*, ӕмӕ дон къаддӕр кӕнын райдыдта+.  Ӕмӕ ӕнӕкӕрон доны гуылфӕнтӕ*+ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ+ сӕхгӕдтой, ӕмӕ уарын банцад.  Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта ӕмӕ сӕдӕ фӕндзай боны фӕстӕ дзӕвгар фӕкъаддӕр+.  Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы*, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон, нау+ ӕрлӕууыд Арараты хӕхтыл+.  Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кодта дӕсӕм мӕйы* онг. Ӕмӕ дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, разындысты хӕхты цъуппытӕ+.  Цыппор боны фӕстӕ Ной байгом кодта, науы цы рудзынг+ скодта, уый,  ӕмӕ рауагъта халоны*+. Халон ратӕх-батӕх кодта,– атахт ӕмӕ та-иу ӕрбатахт,– цалынмӕ зӕхх нӕ бахус, уӕдмӕ.  Фӕстӕдӕр Ной рауагъта бӕлоны+, цӕмӕй йӕ базыдтаид, зӕхх ма доны бын ис ӕви нӕ.  Фӕлӕ бӕлон, кӕм ӕрбадтаид, ахӕм бынат не ссардта, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр нырма доны бын уыди, ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ наумӕ ӕрбатахт+. Ной йӕ къух ӕддӕмӕ радардта ӕмӕ бӕлоны наумӕ ӕрбайста. 10  Ноджыдӕр ма авд боны банхъӕлмӕ каст, ӕмӕ та бӕлоны науӕй рауагъта. 11  Бӕлон ӕм изӕрырдӕм фӕстӕмӕ ӕрбатахт ӕмӕ йӕ дзыхы ӕрбахаста оливӕбӕласы ног сыф+. Ӕмӕ афтӕмӕй Ной базыдта, зӕхх доны бын кӕй нал ис+. 12  Ноджыдӕр ма авд боны банхъӕлмӕ каст. Ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, фӕлӕ йӕм бӕлон фӕстӕмӕ нал ӕрбаздӕхт+. 13  Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы+, фыццаг мӕйы*, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, зӕхх доны бын нал уыди. Уӕд Ной науы сӕр байгом кодта, акаст ӕмӕ федта, зӕхх кӕй бахус+. 14  Дыккаг мӕй, мӕйӕн йӕ дыууын ӕвдӕм бонмӕ, зӕхх бынтондӕр бахус+. 15  Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: 16  «Рацу науӕй, демӕ рацӕуӕнт дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ дӕр+. 17  Ӕддӕмӕ ракӕн, науы цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдоны дӕр+: мӕргъты+, сырдты+ ӕмӕ иннӕ цӕрӕгойты+, цӕмӕй зӕхх байдзаг кӕной, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уой»+. 18  Ӕмӕ Ной дӕр рацыд науӕй, йемӕ рацыдысты йӕ фырттӕ+, йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты устытӕ дӕр. 19  Науӕй рацыдысты алы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ дӕр – зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон се ’ппӕт дӕр рацыдысты къордгай, алы мыггаг дӕр хицӕнӕй+. 20  Ӕмӕ Ной Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+ ӕмӕ йыл нывондӕн ӕрхаста сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй+ ӕмӕ сыгъдӕг мӕргътӕй+ – нывондхӕссӕныл сӕ басыгъта+. 21  Ӕмӕ Йегъовӕмӕ схӕццӕ нывӕндты тӕф ӕмӕ йын уыди ӕхсызгон+, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн загъта+: «Ӕз зӕхх+ адӕймаджы тыххӕй никуыуал ралгъитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ* здӕхт+ у ӕвзӕрдзинадмӕ+. Ныр куыд бакодтон, афтӕ никуыуал бакӕндзынӕн – зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты никуыуал фесафдзынӕн+. 22  Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ уыдзӕн тауыны ӕмӕ хуымгӕрдӕны афонтӕ, уазал ӕмӕ тӕвд, сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ’хсӕв»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕс Рд 7:11, фип.
Дзуттӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ сын цы динон къӕлиндар уыди, уымӕ гӕсгӕ уыцы мӕй сси фыццаг мӕй, авивы мӕй (кӕнӕ нисан). Кӕс Уӕлӕмх. 19.
Ома таммузы мӕй. Кӕс Уӕлӕмх. 19.
Комк. «сынты». Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.
Ома этанимы мӕй (кӕнӕ тишри). Кӕс Уӕлӕмх. 19.
Комк. «йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ».