Райдиан 49:1—33
49 Цасдӕры фӕстӕ Иаков фӕдзырдта йӕ фырттӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрӕмбырд ут иумӕ, ӕмӕ уын ӕз радзурдзынӕн, фӕстаг бонты уӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый.
2 Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ байхъусут, Иаковы фырттӕ. Байхъусут уӕ фыд Израилмӕ+.
3 Рувим, ды дӕ мӕ зӕнӕджы хистӕр+, мӕ тых ӕмӕ мӕ лӕджы хъаруйы райдиан+. Кад ӕмӕ дын тыхӕй ӕмбал нӕ уыд.
4 Фӕлӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕсс+, уымӕн ӕмӕ де ’нӕгъдаудзинад уыди абухгӕ донау, ды схызтӕ дӕ фыды хуыссӕнмӕ+. Ды мын уӕд фӕчъизи кодтай мӕ хуыссӕнуат+. О, уый схызт мӕ хуыссӕнмӕ!
5 Симеон ӕмӕ Леви сты ӕфсымӕртӕ+. Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сты тыхгӕнджыты хӕцӕнгӕрзтӕ+.
6 Дӕхи сыл ма сбӕтт+, мӕ уд. Семӕ+ ма баиу у, мӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ масты фӕдыл ацыдысты ӕмӕ адӕмы ныццагътой+, сӕ фырхивӕндӕй галты нуӕрттӕ дӕр ныллыг кодтой.
7 Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ маст+, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр у+. Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ судзгӕ маст+, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд нӕ зоны. Ныппырх сӕ кӕндзынӕн Иаковы зӕххыл, ныххӕлиу сӕ кӕндзынӕн Израилыл+.
8 Дӕу та, Иудӕ+, де ’фсымӕртӕ скадджын кӕндзысты+. Де знӕгтӕн сӕ бӕрзӕйыл ныххӕцдзынӕ+. Дӕ фыды фырттӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты+.
9 Иудӕ у домбайы лӕппын+. Дӕ амӕттаджы-иу бахӕрдзынӕ, мӕ фырт, ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзынӕ. Иудӕ домбайау ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕхи айвӕзта. Ӕмӕ уыцы домбайы сыстын кӕнын чи бауӕнддзӕн?+
10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг+, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило* не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ+.
11 Иудӕ йӕ хӕрӕджы бабӕтдзӕн сӕнӕфсирыл, йӕ къӕлӕуы – хуыздӕр сӕнӕфсирыл, ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕхсдзӕн сӕны ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ – сӕнӕфсиры туджы+.
12 Йӕ цӕстытӕ сӕнӕй сты сырх, йӕ дӕндӕгтӕ та сты ӕхсырӕй урс.
13 Завулон цӕрдзӕн денджызы былгӕрон+, наутӕ кӕм фӕлӕууынц, уым+, ӕмӕ йӕ арӕнтӕ уыдзысты Сидоны ’рдӕм+.
14 Иссахар+ у фидар хӕрӕг, хуыссы дыууӕ уаргъы ’хсӕн.
15 Уый уындзӕн, йӕ цӕрӕнбынат хорз кӕй у ӕмӕ йӕ зӕхх диссаджы зӕхх кӕй у. Ӕмӕ йе уӕхск бадардзӕн, цӕмӕй уӕргътӕ хӕсса, ӕмӕ цагъарау уӕззау куыст кӕндзӕн.
16 Дан, Израилы мыггӕгтӕй сӕ иу, тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн+.
17 Дан уыдзӕн, фӕндаггӕрон чи ӕрӕмбӕхсы, ахӕм калм, фӕндаджы был – сыкъаджын калм. Уый бӕхы къахыл фӕхӕцы ӕмӕ барӕг бӕхӕй рахауы+.
18 О Йегъовӕ, ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, кӕд нӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ+.
19 Гадмӕ лӕбурдзысты абырджытӕ, фӕлӕ сын уый ныхкъуырд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сурдзӕн+.
20 Асирӕй цӕудзӕн хӕринаджы хуыздӕр+, ӕмӕ уый дӕтдзӕни, паддзӕхты фынгыл чи вӕййы, ахӕм хӕринӕгтӕ+.
21 Неффалим+ у рӕсугъд саг. Йӕ дзыхӕй цӕуы рӕсугъд ныхӕстӕ+.
22 Иосиф у дыргъбӕласы тала+, доны был сагъд дыргъбӕласы тала+, йӕ къалиутӕ къулы сӕрты акастысты+.
23 Фатӕхсджытӕ йыл сӕхи ныццавтой, ӕхстой йӕ ӕмӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы маст хастой+.
24 Фӕлӕ уӕддӕр йе ’рдын нӕ фӕтасыд+ ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты фидар ӕмӕ рӕвдз+. Иаковы Тыхджын Хуыцау+ дӕтты Израилӕн Фыййау ӕмӕ Фисыны дур+.
25 Дӕ фыды Хуыцау ӕй радта+, ӕмӕ дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн+. Уый ис Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ+. Хуыцау дын арфӕ кӕндзӕн, дӕтдзӕн дын къӕвда* уӕларвӕй+ ӕмӕ дон зӕххы бынӕй+, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ бирӕ фос+.
26 Дӕ фыд дын цы арфӕтӕ ракодта, уыдон уыдзысты ӕнусон хӕхты хорздзинӕдтӕй дӕр хуыздӕр+ ӕмӕ ӕнусон къуыбырты рӕсугъддзинадӕй дӕр диссагдӕр+. Иосиф, йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый, ӕнустӕм хайджын уыдзӕн уыцы арфӕдзинӕдтӕй*+.
27 Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау+. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый»+.
28 Адонӕй рацыдысты Израилы дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ сын ахӕм ныхӕстӕ загъта сӕ фыд, куы сын арфӕ кодта, уӕд. Раарфӕ сын кодта, алкӕмӕн дӕр сӕ куыд ӕмбӕлд, афтӕ+.
29 Уый фӕстӕ йӕ фырттӕн ныффӕдзӕхста: «Ӕз мӕлын, ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕн+. Ӕмӕ-иу мын мӕ мард бавӕрут мӕ фыдӕлты фарсмӕ, хеттаг Ефроны зӕххыл цы лӕгӕт ис, уым+.
30 Уыцы лӕгӕт ис Махпелӕйы быдыры, Мамрейы раз, Ханааны зӕххыл, Авраам йӕ марды бавӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы быдыры+.
31 Уым бавӕрдтой Авраамы ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы+. Уым бавӕрдтой Исахъы ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр+, ӕмӕ ӕз дӕр Лийӕйы уым бавӕрдтон.
32 Уыцы зӕхх ӕмӕ дзы цы лӕгӕт ис, уый дӕр ӕлхӕд ӕрцыдысты Хеты фырттӕй»+.
33 Иаков йӕ фырттӕн уыдӕттӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд йӕ къӕхтӕ хуыссӕнмӕ систа ӕмӕ цардӕй ахицӕн, ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «кӕй у, уый».
^ Комк. «арфӕдзинӕдтӕ».
^ Комк. «уыдон уыдзысты Иосифы сӕрыл».