Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн»

«Ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн»

«ХУЫЦАУ у уарзондзинад». Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм уарзынц ацы ныхӕстӕ истӕуыл фыссын ӕмӕ сӕ хӕдзары къулыл ауындзын. Ӕцӕгдӕр, ацы ныхас хорз ӕвдисы Хуыцауӕн йӕ удыхъӕд – уарзондзинад у йӕ сӕйраг миниуӕг.

Фӕлӕ бирӕтӕ нӕ зонынц, уыцы ныхӕстӕ Библийы фыст кӕй сты. Фысгӕ та сӕ ныккодта апостол Иоанн: «Чи нӕ уарзы, уый та Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Иоанн ма ныффыста, Хуыцауы уарзт адӕмӕн ирвӕзындзинад кӕй хӕссы, уый тыххӕй: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын Хуыцау алцыдӕр бары. Бирӕтӕ та нӕ тӕрсынц, Хуыцау сӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Хуыцау хорз адӕмы дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы дӕр уарзы? Цымӕ Хуыцау истӕмӕй йе сӕфт фӕуыны?

Хуыцауы уарзт ӕмӕ ӕнӕуынондзинад

Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон, арвы бын алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг. [...] Ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн» (Екклесиаст 3:1, 8). Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау у уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕлӕ цӕмӕйдӕр йе сӕфт дӕр фӕуыны.

Цымӕ Библийы «сӕфт уынын» цы нысан кӕны? Иу чиныджы уый тыххӕй ис фыст: «Сыгъдӕг Фыстады дзырд „сӕфт уынын“-ӕн ис цалдӕр нысаниуӕджы. Зӕгъӕм, кӕмӕдӕр знаджы цӕстӕй кӕсын, зӕрдӕйы маст хӕссын. Ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт кӕмӕй уыны, уымӕн ӕй фӕнды исты фыдбылыз ракӕнын». Ацы ныхас абон фылдӕр афтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм, ӕгас дунейы дӕр адӕм сӕхи афтӕ кӕй дарынц. Фӕлӕ ма уыцы чиныджы фыст ис: «„Сӕфт уынын“ ма нысан кӕны цыдӕр тынг нӕ уарзын, фӕлӕ дӕ нӕ фӕнды, де сӕфт кӕмӕй уыныс, уыцы адӕймагӕн исты фыдбылыз ракӕнын».

Ацы статьяйы ныхас цӕуы йӕ дыккаг нысаниуӕгыл. Уый у, истӕмӕй удхӕссӕг уынын, ӕлгъ кӕнын. Фӕлӕ йын нӕй хъуыды, кӕмӕдӕр мӕсты кӕнын, ӕвзӕр зӕрдӕ йӕм дарын кӕнӕ йын исты зиан ӕрхӕссынмӕ бӕллын. Хуыцауӕй дӕр уый зӕгъӕн ис? Ӕркӕсӕм-ма, Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19 цы фыст ис, уымӕ: «Йегъовӕ ӕхсӕз хъуыддагӕй уыны йе сӕфт, о, авд хъуыддаджы сты ӕнад йӕ удӕн: хъал цӕстытӕ, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕ, фыдвӕндтӕ чи кӕны, ахӕм зӕрдӕ, ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ чи тагъд кӕны, ахӕм къӕхтӕ, мӕнг чи дзуры, ахӕм ӕвдисӕн ӕмӕ, ӕфсымӕрты кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаг».

Куыд федтам, афтӕмӕй Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, Хуыцау уыцы адӕймагӕй йе сӕфт кӕй уыны. Хуыцау алы хатт дӕр фӕкӕсы, адӕймагӕн цӕй тыххӕй фӕбара, уымӕ. Зӕгъӕм, йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм, цы адӕмы ’хсӕн цӕры, куыд ӕй хъомыл кодтой ӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ кӕй фӕрӕдыд, уымӕ (Райдиан 8:21; Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмбисӕндты чиныг чи ныффыста, уый ацы хъуыддаг хорз бамбарын кодта: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:12). Сывӕллонӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ, гӕнӕн ис, йӕ фыды зӕрдӕмӕ ма цӕуой. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ сывӕллоны уарзы ӕмӕ архайы, цӕмӕй йын зонд амона ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза. Йегъовӕ дӕр йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ афтӕ фӕархайы, тӕригъӕдджын адӕймаг фервӕзыны аккаг куы вӕййы, уӕд.

Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны

Зӕгъӕм, адӕймаг Хуыцауы фӕндон куы зона, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд куыд? Уӕд ӕй Хуыцау уарзгӕ нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ йын уыцы адӕймаг йӕ фыдӕх ссардзӕн. Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон цы у, уыцы хъуыддӕгтӕ зонгӕ-зонын куы кӕна, уӕд дзы йе сӕфт фендзӕн. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр. Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5). Йӕ хъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уымӕн Хуыцау кӕй нӕ хатыр кӕны, уый тыххӕй ныффыста апостол Павел: «Кӕд, рӕстдзинад бӕлвырд куы базыдтам, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдтӕрхон ӕмӕ Хуыцауы судзгӕ маст – уыцы маст аныхъуырдзӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны» (Дзуттӕгтӕм 10:26, 27). Уарзондзинады Хуыцау афтӕ цӕмӕн кӕны?

Адӕймаг зонгӕ-зонын уӕззау тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕд, гӕнӕн ис, ӕвзӕрдзинад йӕ удыхъӕды тынг ныффидар уа. Чи зоны, ӕнӕгъдаудзинадыл бафта, йӕ цӕсгом бахӕра ӕмӕ хивӕнд суа. Ахӕм адӕймаджы Библи бары фыранкимӕ (леопардимӕ) – уымӕн йӕ бон нӕу йӕ цармы тӕппытӕ фӕивын (Йереми 13:23). Ахӕм адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл не ’рфӕсмон кӕны, ӕмӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй йыл уыцы тӕригъӕд уыдзӕн ӕнусмӕ ӕмӕ йын хатыргонд никуы ӕрцӕудзӕн (Марчы 3:29).

Афтӕ уыд сӕ хабар Адам ӕмӕ Евӕйӕн, стӕй Иудӕ Искариотӕн дӕр. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд алцӕмӕй ӕххӕст уыдысты, ӕмӕ сын цы фӕдзӕхст радта, уый дӕр уыд бӕлвырд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой. Фӕлӕ тӕригъӕд сарӕзтой зонгӕ-зонын ӕмӕ барӕй, уымӕ гӕсгӕ сын ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. Хуыцау сын уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй сын кӕй ницы загъта (Райдиан 3:16–24). Кӕд Иудӕ ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр ӕдзух Хуыцауы Фырты фарсмӕ уыд, фӕлӕ йыл гадзрахатӕй рацыд. Йесо йӕ рахуыдта, «сафинаг чи уыди, уый» (Иоанны 17:12). Библи ма зӕгъы, Хӕйрӕг цӕрӕнбонты барӕй тӕригъӕдтӕ кӕй аразы, ӕмӕ уый тыххӕй сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (1 Иоанны 3:8; Раргомад 12:12). Уыдон Хуыцауы сӕхимӕ фӕфыдӕх кодтой ӕмӕ сӕ йе сӕфт федта.

Фӕлӕ куыд хорз у, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн сӕ хабар афтӕ кӕй нӕу. Йегъовӕ быхсаг у ӕмӕ йын ӕхсызгон нӕ вӕййы, ӕнӕзонгӕйӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уый бафхӕрын (Йезекил 33:11). Йӕхӕдӕг сын дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной, ӕмӕ сын ныххатыр кӕна. Библийы кӕсӕм: «Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Исай 55:7).

Уарзондзинадмӕ ӕмӕ ӕнӕуынондзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсын

Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы фӕзмой ӕмӕ ӕмбарой, кӕй вӕййы «рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн». Адӕймаг ӕгӕр барон куы уа, уӕд уарзондзинадмӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ раст цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Фӕлӕ нын ахуыргӕнинаг Иаковы ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбарӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕд хъуамӕ уӕм ӕмӕ тӕригъӕдӕй не сӕфт кӕд хъуамӕ уынӕм, уый. Иаков ныффыста: «Фӕлмӕнзӕрдӕ ут иннӕтӕм дӕр, ӕрмӕст уӕхи хъахъхъӕнут – уе сӕфт уынут, буарӕй цы хӕдон фӕчъизи, уымӕй дӕр» (Иудӕйы 22, 23). Уӕдӕ хъуамӕ не сӕфт уынӕм ӕвзӕрдзинадӕй, ӕвзӕрдзинад чи сарӕзта, уыцы адӕймагӕй та нӕ.

Чырыстӕттӕн ма загъд уыд, цӕмӕй се знӕгты дӕр уарзой ӕмӕ сын хорз хъуыддӕгтӕ кӕной. Чырысти загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матфейы 5:44). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар адӕмӕн уый тыххӕй дзурынц, кӕд сӕм алчи нӕ байхъусы, уӕддӕр (Матфейы 24:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библимӕ гӕсгӕ кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ алы адӕймаджы дӕр нымайынц Йегъовӕйы уарзты ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады аккаг. Фӕлӕ адӕм сӕ фыдӕбонӕн куы нӕ фӕаргъ кӕнынц кӕнӕ сӕм куы нӕ фӕхъусынц йе та сӕ куы фефхӕрынц, уӕд апостол Павелы уынаффӕмӕ байхъусынц: «Чи уӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнут – арфӕ, ӕлгъитгӕ нӕ, фӕлӕ [...] Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» (Ромӕгтӕм 12:14, 17). Уыдон зонынц, Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны, йӕ уарзты аккаг чи у ӕмӕ йӕ фыдӕх кӕй баййафдзӕн, уый. Фӕстаг тӕрхон йӕхӕдӕг рахӕсдзӕн – цӕрыны ӕмӕ мӕлӕты тӕрхон (Дзуттӕгтӕм 10:30).

«Хуыцау у уарзондзинад». Мах хъуамӕ бузныг уӕм йӕ уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон базонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ Библийӕ базонай Хуыцауы фӕндон ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрай. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафдзӕн ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын уыдзынӕ.

[Хицӕнгонд текст 23 фарсыл]

«Йегъовӕ ӕхсӕз хъуыддагӕй уыны йе сӕфт, о, авд хъуыддаджы сты ӕнад йӕ удӕн: хъал цӕстытӕ, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕ, фыдвӕндтӕ чи кӕны, ахӕм зӕрдӕ, ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ чи тагъд кӕны, ахӕм къӕхтӕ, мӕнг чи дзуры, ахӕм ӕвдисӕн ӕмӕ, ӕфсымӕрты кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаг» (ӔМБИСӔНДТӔ 6:16–19).

[Хицӕнгонд текст 24 фарсыл]

«Кӕд, рӕстдзинад бӕлвырд куы базыдтам, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдтӕрхон» (ДЗУТТӔГТӔМ 10:26, 27).

[Хицӕнгонд текст 25 фарсыл]

«Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ... ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (ИСАЙ 55:7).

[Ныв 24 фарсыл]

Йӕ сывӕллоны чи уарзы, уыцы ныййарӕг ын зонд амоны

[Ныв 25 фарсыл]

Ахӕстоны чи ис, уыдонӕй дӕр бирӕтӕн пайда у Хуыцауы уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад