Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Мӕрдтӕн цӕхуӕн нифс ес?

Мӕрдтӕн цӕхуӕн нифс ес?

Еу дӕр ни уӕхӕн нӕййес, мӕлӕт ци маст ӕма рист бавзарун кӕнуй, уой ка нӕ зонуй. Фал цума адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд уобӕл алцидӕр фӕууй? Цума, ка рамардӕй, етӕ ӕносмӕ феронх ӕнцӕ? Ӕппундӕр син нецибал нифс ес?

БИБЛИ ЦИ ЗӔГЪУЙ

МӔРДТӔ ИРОНХ НӔ ’НЦӔ

«Ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ... рацӕудзӕнцӕ» (Иоанни 5:28, 29).

Хуцау нӕ иронх кӕнуй, ка рамардӕй, уони; ингӕнти ка ес, етӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзӕнцӕ.

КА РАМАРДӔЙ, ЕТӔ РАЙГАС УОДЗӔНЦӔ ЗӔНХӔБӔЛ ЦӔРУНМӔ

«Райгас уодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 24:15).

Миллиардтӕ райгас уодзӕнцӕ, цӕмӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ фӕрнӕй цӕронцӕ.

МӔРДТӔ КЕ РАЙГАС УОДЗӔНЦӔ, УОБӔЛ НӔ БОН ӔЙ ФЕДАРӔЙ ӔУУӔНДУН

«[Хуцауӕн] стъалутӕ... еугурӕйдӕр нимад ӕнцӕ, алкӕций дӕр си хонуй ӕ номӕй» (Псалом 147:4).

Кӕд Хуцау алли стъалу дӕр ӕ номӕй хонуй, уӕд ин зин нӕ уодзӕй, райгас кӕнуйнаг ке ӕй, уони ӕргъуди кӕнун дӕр.