Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Хуыцау дын удӕнцой ратдзӕн

Хуыцау дын удӕнцой ратдзӕн

«Ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау [нын] удӕнцой радта» (2 КОРИНФӔГТӔМ 7:6).

«Хуыцауы Фырт... мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта» (ГАЛАТӔГТӔМ 2:20)

ИУӔЙ-ИУТӔ УУЫЛ ЦӔМӔН ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ. Иуӕй-иутӕ тынг тыхст куы вӕййынц, уӕддӕр сӕм Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй кувын худинаг фӕкӕсы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сӕхиуыл йеддӕмӕ никӕуыл мӕт кӕнынц. «Зӕххыл цас адӕм ис ӕмӕ цы зын уавӕрты бахауынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕм мӕхи зындзинӕдтӕ ницыуал фӕкӕсынц ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй кувын мӕ цӕсгом нал фӕхъӕцы»,– загъта иу сылгоймаг, йӕ ном Ракель.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС. Цӕмӕй Хуыцау адӕмӕн баххуыс кӕна ӕмӕ сын удӕнцой ратта, уый тыххӕй ахӕм стыр хъуыддаг сарӕзта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алчидӕр йӕ туджы рахаста тӕригъӕд – Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын сын алкӕд нӕ фӕуайы. Фӕлӕ «нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты [Йесо Чырыстийы] дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоанны 4:10). Йесойы нывонды фӕрцы нын Хуыцау фадат дӕтты, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой, нӕ цӕсгом йӕ разы сыгъдӕг уа ӕмӕ ӕнустӕм, фарн кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейы цӕрӕм. Фӕлӕ цымӕ уыцы нывонд иумӕйагӕй ӕппӕт адӕмы тыххӕй хаст ӕрцыд ӕви уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау сӕрмагондӕй дӕуыл хъуыды кӕны?

Ахъуыды-ма кӕнӕм апостол Павелыл. Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый йын йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ загъта: «Цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Галатӕгтӕм 2:20). Йесо амард, Павел чырыстон куы сси, уый размӕ. Фӕлӕ Павел уыцы нывондмӕ ахӕм цӕстӕй каст, цыма Хуыцау уыцы лӕвар сӕрмагондӕй уымӕн скодта.

Чырыстийы мӕлӕт дӕуӕн дӕр у сӕрмагонд лӕвар Хуыцауӕй. Уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн куыд тынг зынаргъ дӕ, уый. Уый дын дӕтты «ӕнӕкӕрон удӕнцой ӕмӕ диссаджы ныфс», ӕмӕ дӕ афтӕмӕй «фидар кӕны, цӕмӕй алкӕддӕр аразай ӕмӕ дзурай, хорз цы у, уый» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:16, 17).

Фӕлӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхаста 2 000 азы размӕ. Уӕдӕ Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй абон йӕ хӕлар уай, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?