Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Цымӕ Хуыцауӕй рох дӕ?

Цымӕ Хуыцауӕй рох дӕ?

«Ӕз... дӕн ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаг. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ рох нӕ дӕн» * (ИЗРАИЛЫ ПАДДЗАХ ДАВИД, Н. Э. РАЗМӔ 11-ӔМ ӔНУС).

«Адӕмтӕ йын сты ведрайы иу ӕртахы хуызӕн» (ИСАЙ 40:15)

Цымӕ Давид дзӕгъӕлы хъуыды кодта, Хуыцауӕй рох нӕ дӕн, зӕгъгӕ? Ӕмӕ ды та? Ды Хуыцауӕй рох дӕ? Бирӕты нӕ уырны, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сыл кӕй хъуыды кӕны, уый. Цӕуылнӕ?

Зӕгъӕм, уымӕн, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕй бирӕ уӕлдӕр у. Цы бӕрзонд бынаты ис, уырдыгӕй кӕсгӕйӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр сты «ведрайы иу ӕртахы хуызӕн, барӕн къустыл чи ’рбады, уыцы рыджы хуызӕн» (Исай 40:15). Иу нырыккон ӕнӕуырнӕг фыссӕг ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, уымӕн «стыр ныфсхастдзинад хъӕуы, цӕмӕй дӕ уырна, цы аразыс, уыдӕттӕм йӕ хъус чи дары, ахӕм Хуыцау кӕй ис».

Иуӕй-иутӕм та афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцауы цӕсты аргъ нӕй. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймаг, Джим, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕдзух куывтон, цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын фӕрӕзтаин, фӕлӕ-иу уӕддӕр иуӕй-иу хатт мӕстӕй рафыхтӕн. Фӕстагмӕ ахӕм хъуыдымӕ ’рцыдтӕн, иунӕг хорз миниуӕг дӕр мӕм кӕй нӕй, ӕмӕ мын Хуыцау дӕр кӕй нӕ баххуыс кӕндзӕн».

Хуыцау адӕмӕй афтӕ дард у, ӕмӕ нӕ нӕ уыны? Цымӕ не Сфӕлдисӕг махмӕ, ӕнӕххӕст адӕммӕ, цы зӕрдӕ дары? Хуыцау нын йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй куы нӕ радзырдтаид, уӕд иу адӕймагӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй дзурын ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын йӕ бон нӕ уыдаид. Фӕлӕ нын Хуыцау йӕ Ныхасы, Библийы, фидарӕй зӕгъы, баввахс кӕнӕн кӕмӕ нӕй ӕмӕ адӕмыл чи нӕ тыхсы, ахӕм Хуыцау кӕй нӕу. «Уӕвгӕ,– фыст ис Библийы,– уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Иннӕ цыппар статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцау алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы, уый тыххӕй нын йӕхӕдӕг цы зӕгъы ӕмӕ дзы дӕу хуызӕн адӕм рох кӕй не сты, уый куыд ӕвдисы.

^ 3 абз. Псалом 40:17; Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.