Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Фӕндыд сӕ, цӕмӕй базыдтаин, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»

«Фӕндыд сӕ, цӕмӕй базыдтаин, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»
  • РАЙГУЫРД: 1982 АЗЫ

  • БӔСТӔ: ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

  • РАЗДӔР: УЫД МОРМОН

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн Санто-Домингойы, Доминиканы Республикӕйы. Уыди мын дыууӕ ӕфсымӕры ӕмӕ иу хо, ӕз уыдтӕн сӕ кӕстӕр. Мӕ ныййарджытӕм уыди уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кодтаиккой хорз адӕмы ’хсӕн. Цыппар азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад базонгӕ сты, мормонты аргъуанӕй чи уыд, уыцы миссионертимӕ. Уыцы ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ куыд аив конд уыдысты ӕмӕ куыд ӕгъдауджын уыдысты, уый мӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр сфӕнд кодтой, мах дӕр мормонты дин кӕй райсдзыстӕм. Афтӕмӕй, нӕ сакъадахы Фӕстаг бонты сыгъдӕджыты аргъуанмӕ, ома мормонтӕм, фыццаг цы бинонтӕ бацыд, уыдонимӕ уыдысты нӕ бинонтӕ дӕр.

Куыд стырдӕр кодтон, афтӕ зӕрдиагдӕрӕй архайдтон аргъуаны хъуыддӕгты, стӕй мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, мормонтӕ бинонты цардмӕ ӕмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кастысты, уый. Ӕз тынг сӕрыстыр уыдтӕн мормон кӕй уыдтӕн, уымӕй ӕмӕ мӕ разы нысан сӕвӕрдтон, цӕмӕй миссионер суыдаин.

18 азы мыл куы цыд, уӕд нӕ бинонтӕ ацыдысты Америкӕйы Иугонд Штаттӕм, Флоридӕмӕ, цӕмӕй исты хорз университетмӕ бацыдаин. Иу азы фӕстӕ нӕм уазӕгуаты ӕрцыдысты мӕ мады хо ӕмӕ йӕ лӕг. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ нӕ семӕ конгресмӕ фӕхуыдтой. Тынг диссаг мӕм каст, конгрессы чи уыд, уыдон иууылдӕр стихтӕм сӕ Библиты кӕй кастысты ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ дзырдтой, уыдон кӕй фыстой. Уӕд ӕз дӕр кӕмӕйдӕр ручкӕ ракуырдтон, ӕмӕ фыссын райдыдтон.

Миссионерӕй лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕндыд, уый мӕ мады хо ӕмӕ йӕ лӕг зыдтой, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ конгрессы фӕстӕ загътой, сӕ бон мын кӕй у баххуыс кӕнын Библи хуыздӕр базонынӕн. Ӕз сразы дӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд Мормоны чиныг Библийӕ хуыздӕр зыдтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Мӕ мады хо ӕмӕ йӕ лӕг мемӕ Библи ахуыр кодтой телефонӕй. Дзырдтой-иу мын, цӕмӕй-иу мӕ дины ахуырӕдтӕ, Библийы цы фыст ис, уыимӕ абарстаин. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй базыдтаин, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый.

Мормонты ахуырӕдтӕй бирӕтыл ӕууӕндыдтӕн, фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты ӕви нӕ, уый нӕ зыдтон. Мӕ мады хо мын рарвыста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд журнал «Пробудитесь!». Уый уыд 1995 азы 8 ноябры номыр ӕмӕ дзы уыди цалдӕр статьяйы мормонты ахуырӕдты тыххӕй. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, мормонты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон, уый. Уӕд мормонты веб-сайтмӕ бацыдтӕн, цӕмӕй базыдтаин, уыцы журналы цы фыст уыд, уый раст уыд ӕви нӕ. Ӕмӕ рабӕрӕг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ раст кӕй уыдысты. Фӕстӕдӕр Ютӕйы мормонты музейы куы уыдтӕн, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, уыцы журналы иу мӕнг ныхас дӕр кӕй нӕ уыд, ууыл.

Алкӕддӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ Мормоны чиныджы цы фыст ис, уый, Библийы цы фыст ис, уый ныхмӕ нӕу. Фӕлӕ Библи лӕмбынӕг кӕсын куы райдыдтон, уӕд бамбӕрстон, кӕй рӕдыдтӕн. Зӕгъӕм, Йезекилы 18:4 стихы фыст ис, уд мӕлгӕ кӕй кӕны, Мормоны чиныджы та Алмайы 42:9 стихы кӕсӕм: «Уд нӕ мӕлы».

Ӕнцой ма мын нӕ лӕвӕрдта, мормонтӕ иу адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр кӕй ӕвӕрынц, уый дӕр. Зӕгъӕм, дзурынц, Едемы цӕхӕрадон кӕй уыд округ Джексоны, штат Миссурийы (АИШ). Стӕй сӕ аргъуаны сӕргълӕуджытӕ зӕгъынц, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн Хуыцау разамынд дӕтдзӕн Иугонд Штатты хицауады фӕрцы.

Хъуыды-иу кодтон, мормонтӕ цы дзурынц, уый куы сӕххӕст уа, уӕд, кӕм райгуырдтӕн, уыцы бӕстӕйӕн, стӕй иннӕ бӕстӕтӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн. Иу изӕр мӕм телефонӕй ӕрбадзырдта, миссионерыл чи ахуыр кодта, иу ахӕм ӕрыгон мормон, ӕмӕ йемӕ уыцы фарстайыл ныхас кӕнын райдыдтон. Комкоммӕ йӕ бафарстон, дӕ бӕстӕ ӕндӕр бӕстӕимӕ хӕцын куы райдайа, уӕд уыцы бӕстӕйы мормонты ныхмӕ хӕцдзынӕ, зӕгъгӕ. Хорзау нал фӕдӕн, о, зӕгъгӕ мын куы загъта, уӕд. Ӕмӕ уӕд лӕмбынӕгдӕр иртасын райдыдтон, цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уыдӕттӕ, стӕй нӕ аргъуаны разамонджытимӕ дӕр аныхас кодтон. Уыдон мын загътой, мӕ фарстатӕн дзуапп нырма кӕй нӕй, ӕмӕ рухс куы фӕирддӕр уа, уӕд алцыдӕр кӕй раргом уыдзӕн.

Ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Ӕмӕ уӕд хъуыды кӕнын райдыдтон, мӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ, миссионер суыдаин, уый мӕ цӕмӕн фӕндыд, ууыл. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, уый мӕ уый тыххӕй кӕй фӕндыд, цӕмӕй иннӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтаин. Уымӕй уӕлдай ма мын адӕмы ’хсӕн дӕр кад уыдаид, ӕмӕ уый дӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд. Фӕлӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ницы зыдтон. Кӕд-иу раздӕр Библимӕ арӕх ӕркастӕн, уӕддӕр ын фаг аргъ нӕ кодтон. Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый дӕр нӕ зыдтон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, зӕгъӕм, Хуыцауы ном цы хуыйны, мӕрдты кӕй ницы ис ӕмӕ Хуыцауы фӕндты Чырыстийӕн цы бынат ис, уый. Ӕппынфӕстаг, ацы диссаджы чиныг бӕлвырдӕй цы дзуры, уый базыдтон ӕмӕ мын ӕхсызгон уыд, мӕхӕдӕг цы базыдтон, уыдӕтты тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Хуыцау кӕй ис, ууыл никуы дызӕрдыг кодтон, фӕлӕ ныр йемӕ фӕныхас кӕнын, адӕймаг йӕ хорз ӕмбалимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ. 2004 азы 12 июлы донаргъуыд райстон, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. 6 мӕйы фӕстӕ та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтон, ома мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодтон.

Фондз азы лӕггад кодтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Бруклины, Нью-Йорчы. Тынг цин кодтон, мӕ бон кӕй уыд Библитӕ ӕмӕ библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕныны хъуыддаджы архайын, уымӕн ӕмӕ уыдон милуангай адӕмӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕххуыс кӕнынц сӕ цард аивынӕн. Абон дӕр иннӕтӕн Хуыцауы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый мын стыр циндзинад хӕссы.