Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Бирӕ хӕттыты фӕкалдтӕн, фӕлӕ уӕддӕр слӕууыдтӕн

Бирӕ хӕттыты фӕкалдтӕн, фӕлӕ уӕддӕр слӕууыдтӕн
  • АЙГУЫРД: 1953 АЗ

  • БӔСТӔ: АВСТРАЛИ

  • РАЗДӔР: ПОРНОГРАФИЙЫЛ ТЫНГ АХУЫР УЫД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

1949 азы мӕ фыд Германийӕ Австралимӕ цӕрынмӕ алыгъд. Куыст агуырдта шахтӕты ӕмӕ электростанцӕты. Ӕрцард иу хъӕуы штат Викторийӕйы, уым ус ракуырдта, ӕмӕ сын 1953 азы ӕз райгуырдтӕн.

Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ мадимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ Библийы ахуырӕдтӕ базыдтон, гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд. Фӕлӕ мӕ фыд динтӕм тынг ӕвзӕр цӕстӕй каст. Сси ӕгъатыр ӕмӕ-иу мӕ мадмӕ арӕх ӕртхъирӕн кодта, ӕмӕ дзы уый дӕр тарсти. Фӕлӕ уӕддӕр сусӕгӕй Библи ахуыр кодта ӕмӕ йын йӕ ахуырӕдтӕ бауарзта. Мӕ фыд-иу хӕдзары куы нӕ уыд, уӕд-иу нын мӕ кӕстӕр хоимӕ дзырдта, цы-иу базыдта, уыдӕттӕ. Дзырдта-иу нын, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм (Псалом 37:10, 29; Исай 48:17).

18 азы мыл куы цыд, уӕд хӕдзарӕй ацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕгъатыр митӕн мӕ бон быхсын нал уыд. Мӕ мад мын-иу Библийӕ цытӕ дзырдта, уыдӕттӕ раст кӕй уыдысты, уый зыдтон. Фӕлӕ Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цардтӕн, уымӕн ӕмӕ сын нӕ аргъ кодтон. Шахтӕмӕ электрикӕй кусынмӕ бацыдтӕн ӕмӕ мыл 20 азы куы цыд, уӕд ус ракуырдтон. Ӕртӕ азы фӕстӕ нын фыццаг чызг райгуырд ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, царды мын ахсджиагдӕр цы у, уый. Библи нын нӕ бинонты цардӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый зыдтон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Фӕлӕ мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕ уарзта. Иухатт сын се ’мбырдмӕ куы ацыдтӕн, уӕд мын загъта: «Равзар: кӕнӕ Библи, кӕнӕ дӕ бинонтӕ». Мӕ бон йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ баци. Гъемӕ йын йӕ ныхасмӕ байхъуыстон, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хӕстӕг нал цыдтӕн. Фӕстӕдӕр фӕсмон кодтон, уымӕн ӕмӕ, раст куыд уыд, афтӕ нӕ бакодтон.

Иухатт мын ме ’мкусджытӕ хӕлд нывтӕ равдыстой. Уыцы нывтӕ кӕд адӕймаджы цӕст сӕхимӕ ӕлвӕстой, уӕддӕр тынг ӕлгъаг уыдысты, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт. Библийӕ цы зыдтон, уыдӕттӕ мӕ нӕ ферох сты, ӕмӕ хъуыды кодтон, Хуыцау мӕ кӕй бафхӕрдзӕн. Фӕлӕ хӕлд нывтӕм арӕхдӕр кӕсын райдыдтон ӕмӕ порнографи ӕвзӕр хъуыддагыл нал нымадтон. Ӕппынфӕстаг ыл афтӕ сахуыр дӕн, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй мӕ бон нал уыд.

Уый фӕстӕ 20 азӕй фылдӕр рацыд. Уыцы азты дӕргъы къаддӕрӕй-къаддӕр хъуыды кодтон, мӕ мад мӕ цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттыл. Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыди, мӕ зонд цӕмӕй дзаг кодтон, уый. Ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон, уарзтон ӕнӕгъдау хъазӕн ныхӕстӕ. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ раст цӕстӕй нал кастӕн. Кӕд мын бинойнаг уыди, уӕддӕр ӕндӕр сылгоймӕгтимӕ хӕтыдтӕн. Иухатт кӕсӕнмӕ бакастӕн ӕмӕ мӕхицӕн загътон: «Цы ӕнад дӕ!» Мӕхи цӕсты мын ӕппындӕр кад нал уыди.

Мӕ бинойнагимӕ ахицӕн стӕм, ӕмӕ мӕм мӕ цард царды хуызӕн нал каст. Уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтон. Ӕмӕ та ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Уый уыд, фыццаг хатт ӕй куы ахуыр кодтон, уымӕй 20 азы фӕстӕ. Уӕдмӕ мӕ фыд амард, мӕ мад та Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси.

ИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Ӕз цы цардӕй цардтӕн, уый Библимӕ гӕсгӕ раст схонӕн нӕ уыд. Фӕлӕ ацы хатт мӕхицӕн фидарӕй загътон, зӕгъын, Библи ныфс цы фарнӕй ӕвӕры, уый хъуамӕ мӕ зӕрдӕйы ӕрцӕра. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаин ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин. Стӕй мӕ нал фӕндыд, ӕнӕгъдау цард кӕнын, ӕхцайыл хъазын, фыднозт кӕнын ӕмӕ куыстӕй давын.

Мӕ цард мӕ афтӕ цӕхгӕр фӕивын цӕмӕн бафӕндыд, уый ме ’мкусджытӕ не ’мбӕрстой. Ӕртӕ азы дӕргъы мын цынӕ фӕкодтой, цӕмӕй та мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм раздӕхтаин! Гыццыл дӕр-иу куы фӕрӕдыдтӕн, зӕгъӕм, искӕмӕ-иу куы рамӕсты дӕн кӕнӕ-иу мӕ дзыхӕй ӕвзӕр ныхас куы схауд, уӕд та-иу бацин кодтой: «А-а-а! Нӕ раздӕры Джо та нӕм ӕрбаздӕхт». Мӕ зӕрдӕ мын-иу цыма исчи кардӕй барӕхуыста, афтӕ-иу фӕдӕн. Мӕ ныфс-иу бынтондӕр асаст.

Куысты нӕм алы ран дӕр уыди хӕлд нывтӕ – компьютеры дӕр ӕмӕ журналты дӕр. Ме ’мкусджытӕ-иу ӕдзух кӕрӕдзимӕ сӕ компьютертӕй хӕлд нывтӕ ӕрвыстой. Ӕз дӕр-иу раздӕр афтӕ кодтон. Фӕлӕ мӕ тынг фӕндыд уыцы ахуырӕй фервӕзын. Уыдон та мӕ цыма ӕдзух фӕрӕдийын кӕнынмӕ хъавыдысты, афтӕ мӕм каст. Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы нӕлгоймагмӕ бацыдтӕн, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ йын радзырдтон ӕмӕ мӕм лӕмбынӕг фӕхъуыста. Уый фӕстӕ мын Библийӕ цалдӕр стихы фӕрцы бамбарын кодта, ме ’взӕр ахуыримӕ мӕ бон тох кӕнын куыд у, уый. Ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кувон (Псалом 119:37).

Иубон ме ’мкусджыты ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй, фыднозт чи кодта, уыдонӕй дыууӕйӕн бӕгӕны радтаиккой. Уыдон мӕ хъӕры бын фӕкодтой: «Цӕмӕн сӕ рӕдийын кӕныс? Сӕ нозтӕй куыд фервӕзой, уый куы нал зонынц!» Ӕмӕ сын уӕд загътон: «Мӕн дӕр ме ’взӕр ахуырӕй фервӕзын фӕнды». Уӕд бамбӕрстой, мӕ мидӕг цы карз тох цӕуы, уый, ӕмӕ мӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ иуран ныууагътой.

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы ме ’взӕр ахуырыл фӕтых дӕн. 1999 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдтӕн, иу фадат ма мын кӕй радта, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕнын райдыдтаин ӕмӕ амондджын уыдаин.

Ныр ӕмбарын, ӕз бирӕ рӕстӕг цы уарзтон, уымӕй Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕн уыны, уый. Уарзӕгой Фыд кӕй у, уый тыххӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ бахызтаид, порнографи цы зиан хӕссы, уымӕй. Куыд раст сты Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихты фыст ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн»! Библийы уагӕвӕрдтӕ мӕ ӕрмӕст хъахъхъӕнгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма уыдоны фӕрцы амондджын дӕр дӕн (Псалом 1:1–3).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Раздӕр мӕхицӕй ме сӕфт уыдтон, ныр та мӕхицӕн аргъ кӕнын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ис фарн. Абон хӕрзӕгъдау цард кӕнын ӕмӕ йӕ ӕмбарын, Йегъовӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ кӕй хатыр кӕны ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны. 2000 азы мӕ цард баиу кодтон иу рӕсугъд хо Каролинимӕ. Уый дӕр Йегъовӕйы мӕнау бирӕ уарзы. Нӕ хӕдзары ис фарн. Нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Йегъовӕйы хӕрзӕгъдау ӕмӕ уарзӕгой лӕггадгӕнджыты ’хсӕн кӕй стӕм, уый.