Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз адӕймаг уай, уый фаг у, цӕмӕй рухс фидӕн фенай?

Хорз адӕймаг уай, уый фаг у, цӕмӕй рухс фидӕн фенай?

Ӕнусты дӕргъы-иу бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ хорз адӕймаг уай, уый фаг у, цӕмӕй рухс фидӕн фенай. Зӕгъӕм, Скӕсӕны цӕрджытӕй бирӕтӕ разы уыдысты зындгонд философ ӕмӕ ахуыргӕнӕг Конфуцийы ныхӕстимӕ. Уый цард нӕ эрӕйы размӕ 551–479 азты. Конфуций загъта: «Дӕхицӕн дӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕмӕн дӕр ма араз» *.

БИРӔТЫ ХЪУЫДЫМӔ ГӔСГӔ, ХОРЗ ХЪУЫДДӔГТӔ СТЫ РУХС ФИДӔНМӔ ФӔНДАГ

Абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, хорз хъуыддӕгтӕ куы аразой, уӕд сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы рухс фидӕн. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй иннӕтӕн кад кӕной, уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын уой, цы хӕстӕ сыл ис, уыдон хорз ӕххӕст кӕной ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл мацӕй тыххӕй худа. Лин у Вьетнамӕй. Уый загъта: «Ӕз афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ куы уон, уӕд арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕн».

Чидӕртӕ хорз хъуыддӕгтӕ фӕаразынц, сӕ дин кӕй амоны афтӕ, уый тыххӕй. Тайванӕй иу нӕлгоймаг, Шу-Юнь, загъта: «Мӕ дин афтӕ амыдта, ӕмӕ, адӕймаг хорз хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд мӕлӕты фӕстӕ амондджын уыдзӕн, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд та хъизӕмар кӕндзӕн».

ИУӔЙ-ИУТӔН СӔ ХАБАР КУЫД РАУАД?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕрхӕссы пайда. Фӕлӕ бирӕтӕ фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц, уымӕн ӕмӕ сын адӕм сӕхицӕн хорздзинад нӕ фӕаразынц. Гонконгӕй иу сылгоймаг, Ши Пин, уый йӕхиуыл бавзӕрста. Уый загъта: «Ӕз мӕ тых, мӕ бонӕй архайдтон, цӕмӕй мӕ бинонтыл тыхстаин. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ бинонты цард фехӕлд. Мӕ сӕрыхицау мӕ ныууагъта, ӕмӕ мӕ лӕппуимӕ дыууӕйӕ баззадыстӕм».

Бирӕтӕ йӕ уынынц, цавӕрдӕр диныл хӕст чи вӕййы, уыцы адӕмӕй се ’ппӕт хуыздӕрырдӕм кӕй нӕ фӕивынц. Эцуко у Японийӕ. Уый загъта: «Иу динмӕ бацыдтӕн, ӕмӕ дзы ӕрыгӕттӕн фембӕлдтӕ уадзын райдыдтон. Уыцы диныл хӕст адӕмыл мӕ зӕрдӕ тынг фӕхудт. Кодтой ӕнӕгъдау цард, тох кодтой, фылдӕр бартӕ кӕй къухы уыдзӕн, ууыл ӕмӕ аргъуаны ӕхцатӕй раст нӕ пайда кодтой».

«Ӕз мӕ тых, мӕ бонӕй архайдтон, цӕмӕй мӕ бинонтыл тыхстаин. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ бинонты цард фехӕлд. Мӕ сӕрыхицау мӕ ныууагъта, ӕмӕ мӕ лӕппуимӕ дыууӕйӕ баззадыстӕм» (ШИ ПИН, ГОНКОНГ)

Иуӕй-иутӕ, кӕд сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уӕддӕр фӕфыдӕнхъӕл сты, уымӕн ӕмӕ сыл цавӕрдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ ’рцыд. Вьетнамӕй иу сылгоймаг, Вэн, загъта: «Алы бон дӕр ӕлхӕдтон дыргътӕ, дидинджытӕ ӕмӕ хӕринӕгтӕ ӕмӕ-иу сӕ, мӕ фыдӕлтӕн цы кувӕн бынат скодтон, уырдӕм бахастон. Ныфс мӕ уыди, фидӕны арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзынӕн. Фӕлӕ кӕд бирӕ азты дӕргъы хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтон ӕмӕ динимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ’ххӕст кодтон, уӕддӕр мӕ сӕрыхицау уӕззау низӕй фӕрынчын. Стӕй нӕ чызг фӕсарӕнты куы ахуыр кодта, уӕд фӕмард. 20 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд».

Куыд федтам, афтӕмӕй, хорз адӕймаг уай, уый фаг нӕу, цӕмӕй рухс фидӕн фенай. Уӕдӕ нӕ бон кӕм у нӕ фарстатӕн раст дзуаппытӕ базонын ӕмӕ амондджын фидӕнмӕ фӕндаг ссарын?

^ 2 абз. Конфуцийы ахуырӕдты тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Человечество в поисках Бога», 7 сӕр, 31–35 абзацтӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ссарӕн ма йӕ ис сайты www.isa4310.com.