Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рухс фидӕн уӕлдӕр ахуырадӕй ӕмӕ ӕхцайӕ кӕнгӕ у?

Рухс фидӕн уӕлдӕр ахуырадӕй ӕмӕ ӕхцайӕ кӕнгӕ у?

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ ис ӕмӕ хъӕздыг чи у, уыдонмӕ рухс фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сӕм уӕлдӕр ахуырад куы уа, уӕд уыдзысты хорз кусджытӕ, сӕ бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн пайда хӕсдзысты. Стӕй ма сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын уый фӕрцы уыдзӕн ӕхцаджын куыст, ӕмӕ бирӕ ’хца куы кусой, уӕд амондджын уыдзысты.

БИРӔТӔ ЦАВӔР УЫНАФФӔ РАХӔССЫНЦ?

Ӕркӕсӕм-ма Чжан Чэны хабармӕ, у Китайӕ. Уый загъта: «Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕм уӕлдӕр ахуырад куы уа, уӕд мӕгуыр цард нал кӕндзынӕн ӕмӕ мын ӕхцаджын куыст куы уа, уӕд уыдзынӕн амондджын ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд».

Бирӕтӕ ӕппӕт тыхтӕй фӕархайынц, цӕмӕй зындгонд университеттӕм бацӕуой. Фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕмӕй мӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Чидӕртӕ та фӕсарӕнтӕм дӕр ацӕуынц ахуыр кӕнынмӕ. Ӕмӕ ахӕм адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, цалынмӕ коронавирус нӕ апарахат ӕмӕ ма фӕсарӕнтӕм цӕуӕн уыди, уӕдмӕ. 10 азы размӕ иу организацийы хыгъды фыст уыд, зӕгъгӕ, ӕндӕр бӕстӕты чи ахуыр кӕны, уыцы студенттӕн сӕ 52 проценты сты Азийӕ.

Ныййарджытӕй бирӕтӕ уӕззау фыдӕбон фӕкӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ӕндӕр бӕстӕтӕм ахуыр кӕнынмӕ арвитой. Цзян у Тайванӕй. Уый загъта: «Уыдыстӕм цыппар сывӕллонӕй. Нӕ бинонтӕ хъӕздыг нӕ уыдысты. Фӕлӕ нӕ цыппары дӕр нӕ ныййарджытӕ Иугонд Штаттӕм ахуыр кӕнынмӕ арвыстой». Цзяны ныййарджыты бахъуыд стыр хӕстӕ райсын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ фӕсарӕнты ахуыр кодтаиккой.

ИУӔЙ-ИУТӔН СӔ ХАБАР КУЫД РАУАД?

Уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ чи фӕтырны, уыдонӕй бирӕтӕ фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц

Адӕймаг уӕлдӕр ахуырад куы райсы, уӕд ын уый царды цӕмӕйдӕрты фӕпайда вӕййы. Фӕлӕ бирӕтӕн сӕ цард, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ нӕ рауад. Зӕгъӕм, кӕд бирӕ азты дӕргъы фӕфыдӕбон кӕнынц ӕмӕ стыр хӕстӕ райсынц, цӕмӕй сӕ ахуырӕн бафидой, уӕддӕр сӕ цавӕр куыст фӕхъӕуы, ахӕм куыст не ссарынц. Сингапуры газеттӕй иуы фыст уыд: «Университеты фӕстӕ йӕхицӕн куыст чи не ссары, уыдоны нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр» (Business Times). Цзян-Цзе цӕры Тайваны ӕмӕ у наукӕты доктор. Уый загъта: «Бирӕтӕм кӕд цавӕрдӕр дӕсныйад вӕййы, уӕддӕр ӕндӕр куыст фӕкӕнынц».

Ӕмӕ кӕд адӕймаг йӕ дӕсныйадмӕ гӕсгӕ куыст ссары, уӕддӕр арӕх йӕ цард, куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ нӕ рауайы. Ниран ахуыр кодта Великобританийы университеты. Ӕмӕ Тайландмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд куыст йӕ дӕсныйадмӕ гӕсгӕ ссардта. Уый загъта: «Зыдтон ӕй, уӕлдӕр ахуырад куы райсон, уӕд мӕ бон кӕй уыдзӕн ссарын, хорз мызд мын кӕм фиддзысты, ахӕм куыст. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Фӕлӕ мын цӕмӕй ахӕм мызд фыстаиккой, уый тыххӕй мӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын хъуыд. Ӕппынфӕстаг нӕ компанийӕ бирӕты арвыстой, ӕмӕ мӕн дӕр. Уӕд ӕй бамбӕрстон, сомбон амондджын уыдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕ куыстӕй кӕнгӕ кӕй нӕу».

Хъӕздыг чи у ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕмӕ хорз цард кӕны, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ фӕзыны, низтӕй хызт нӕ вӕййынц ӕмӕ, се ’хца куыд бахъахъхъӕной, ууыл фӕмӕт кӕнынц. Кацутоси у Японийӕ. Уый загъта: «Бирӕ ӕхца мӕм уыд, фӕлӕ амондджын нӕ уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕм иннӕтӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ мӕм ӕвзӕр цӕстӕй кастысты». Вьетнамӕй иу сылгоймаг, Лам, загъта: «Бирӕтӕ фылдӕр ӕхца бакусыныл свӕййынц. Афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын уӕд хуыздӕр цард уыдзӕн. Фӕлӕ арӕхдӕр сӕ хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ цӕуылдӕрты мӕт кӕнын райдайынц, сӕ ныфс асӕтты, стӕй цавӕрдӕр низтӕй фӕрынчын вӕййынц».

Франклинау бирӕтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ хъӕздыгдзинад царды ӕппӕты сӕйраг не сты. Иуӕй-иутӕ иннӕтӕн хорздзинад фӕаразынц, зӕгъгӕ, хорз адӕймаг куы уон, уӕд мӕм рухс фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ цымӕ уый сӕ къухы бафты? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.