Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тагъд цы ног цард ралӕудзӕн, уымӕ дӕ бон у дӕхи абон цӕттӕ кӕнын

Тагъд зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт!

Тагъд зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт!

Хуыцау зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл рӕстгӕнӕг адӕмӕн сӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын (Псалом 37:29). Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕрцӕрын кодта диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны – Едемы цӕхӕрадоны. Стӕй уыцы дыууӕ адӕймагӕн ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй зӕхмӕ зылдаиккой (Райдиан 1:28; 2:15).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон зӕхх дзӕнӕт нӕу. Фӕлӕ Хуыцау йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Цымӕ Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт куыд сараздзӕн? Айразмӕйы статьятӕй базыдтам, Хуыцау зӕхх кӕй нӕ фесафдзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион адӕм цӕрой. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд зӕххыл цард цыхуызӕн уыдзӕн?

Ӕгас зӕххӕн дӕр уыдзӕн иу хицауад

Тагъд Хуыцауы уӕларвон хицауад ӕппӕт адӕмӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн. Уӕд зӕххыл адӕм амондджынӕй цӕрдзысты, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст. Хуыцау Паддзахӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр разамынд дӕтта. Абон хицӕуттӕн сӕ фылдӕр адӕмыл нӕ тыхсынц. Йесо та алкӕддӕр араздзӕн, адӕмӕн пайда цы хӕсдзӕн, уый. Разамынд куыд дӕтдзӕн, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, адӕмы кӕй уарзы, стӕй хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг Паддзах кӕй у (Исай 11:4).

Ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ’хсӕн уыдзӕн иудзинад

Зӕххы цӕрджытӕ адӕмыхӕттытыл нал дихтӕ кӕндзысты. Уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу адӕм (Раргомад 7:9, 10). Адӕм уарздзысты Хуыцауы ӕмӕ кӕрӕдзи. Уыдон иумӕ фӕрнӕй цӕрдзысты, зӕхмӕ зилдзысты ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕндзысты, Хуыцаумӕ райдианы цы фӕнд уыд, уый (Псалом 115:16).

Нал дӕр ӕрдз хӕсдзӕн адӕмӕн зиан, нал дӕр – адӕм ӕрдзӕн

Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ зӕххӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр зиан нал хӕсдзысты (Псалом 24:1, 2). Йесо тыхдымгӕ куы ныссабыр кодта, уӕд афтӕмӕй равдыста, Хуыцауы тыхы фӕрцы йӕ бон цы у аразын, уый (Марчы 4:39, 41). Йесо Чырысти зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд нын ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг нал уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Стӕй адӕм ӕрдзӕн зиан нал хӕсдзысты (Оси 2:18).

Рынчын ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ хӕринаг уыдзӕн парахатӕй

Адӕм рынчын ӕмӕ зӕронд нал кӕндзысты, стӕй мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн (Исай 35:5, 6). Адӕм цӕрдзысты, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Едемы цӕхӕрадоны цы уавӕрты цардысты, ахӕм уавӕрты. Зӕхх уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ сӕ алыварс уыдзӕн диссаджы рӕсугъд ӕрдз. Едемы цӕхӕрадоны куыд уыд, афтӕ уыдзӕн ног дунейы дӕр: зӕхх дӕтдзӕн бирӕ тыллӕг ӕмӕ адӕмӕн хӕринаг уыдзӕн парахатӕй (Райдиан 2:9). Хуыцауы рагон адӕмӕн, израилӕгтӕн, хӕринаг алкӕддӕр фаг уыди. Ӕмӕ дзӕнӕты дӕр алкӕмӕн дӕр хӕринаг уыдзӕн, цас ӕй хъӕуа, уыйбӕрц (Левит 26:4, 5).

Адӕм уыдзысты фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕдас

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕм иууылдӕр уыдзысты фӕрнӕйдзаг. Хӕрам хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад араздзысты. Хӕстытӕ нал уыдзӕн, алчидӕр йӕ бартӕй раст пайда кӕндзӕн ӕмӕ адӕм хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзысты. Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:3, 4).

Алкӕмӕн дӕр уыдзӕн йӕхи хӕдзар ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст

Алы бинонтӕн дӕр уыдзӕн, кӕм цӕрой, уый ӕмӕ ӕнӕ хӕдзарӕй баззайынӕй нӕ тӕрсдзысты. Адӕм цыфӕнды куыст ма кӕной,– Хуыцау сын сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн. Библийы фыст ис, ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдонӕн «сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы [кӕй] нӕ уыдзӕн» (Исай 65:21–23).

Адӕмӕн уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр ахуырад

Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Исай 11:9). Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ у ӕгӕрон зонды хицау. Ӕмӕ йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕра, уыдоны ахуыр кӕндзӕн. Стӕй адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн йӕ диссаджы сконд хъуыддӕгты тыххӕй базонын. Уыдон сӕ зонындзинӕдтӕй афтӕ нӕ пайда кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн зиан хӕссой кӕнӕ хӕцӕнгӕрзтӕ аразой (Исай 2:4). Адӕм кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрыныл архайдзысты ӕмӕ зӕхмӕ зилдзысты (Псалом 37:11).

Адӕм цӕрдзысты ӕнустӕм

Хуыцау бирӕ бафыдӕбон кодта ӕмӕ зӕхх цӕрынӕн бацӕттӕ кодта, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой (Псалом 37:29; Исай 45:18). Цӕмӕй уымӕн гӕнӕн уа, уый тыххӕй Хуыцау «мӕлӕт ӕнустӕм» фесафдзӕн (Исай 25:8). Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4). Фидӕны Хуыцау ӕнустӕм цӕрыны фадат ратдзӕн алкӕмӕн дӕр – ацы фыддуне куы сафа, уӕд кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, ног дунейы кӕй райгас кӕндзӕн, уыдонӕн дӕр (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Хуыцауы Паддзахад тагъд зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн. Ӕмӕ милуангай адӕм сӕхи цӕттӕ кӕнынц йӕ дӕлбар цӕрынмӕ. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр абон дӕр архайынц, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной, ӕмӕ сӕ ног дунейы цӕрыны аккагыл банымайа. Уыдон архайынц, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, зӕхмӕ кӕй рарвыста, уыцы Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базоной (Иоанны 17:3).

Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзай ӕмӕ ног дунейы цӕрай. Уый тыххӕй дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнын райдайын, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» чи хуыйны, уыцы чиныджы фӕрцы.