Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы хъӕуы хуыздӕр цард!

Адӕмы хъӕуы хуыздӕр цард!

Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь загъта: «Мах цӕрӕм зындзинӕдтӕй йедзаг дунейы». Йӕ ныхӕстимӕ разы дӕ?

Арӕхӕй-арӕхдӕр фехъусӕм ӕвзӕр хабӕрттӕ

  • Низтӕ ӕмӕ пандемийӕтӕ парахат кӕнынц

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ сарӕх сты

  • Мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад сты парахат

  • Адӕм ӕрдз чъизи кӕнынц; зӕххы климӕт хъармдӕр кӕны

  • Фыдракӕндтӕ ӕмӕ коррупци сарӕх сты

  • Бирӕ бӕстӕты цӕуы хӕстытӕ

Бӕрӕг у, адӕмы кӕй хъӕуы хуыздӕр цард, цӕмӕй

  • Алчидӕр уа ӕнӕниз

  • Алкӕмӕн дӕр уа ӕдас

  • Хӕринаг уа парахатӕй

  • Ӕрдз мачиуал чъизи кӕна

  • Хӕрам хъуыддӕгтӕ мауал уа

  • Ӕгас зӕххыл дӕр уа сабырдзинад

Адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хуыздӕр цард. Цавӕр цард?

Ныр цы дунейы цӕрӕм, уый цы бауыдзӕн?

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хуыздӕр цардӕй хайджын уӕм?

Ацы журналӕй Библийы фӕрцы дзуапп базондзынӕ ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатӕн, ӕмӕ дын уый ныфсы хос фӕуыдзӕн.