Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ

ФЫЛДӔР хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕтӕм лӕггад кӕнынмӕ цы зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ацыд, уыдонӕй бирӕтӕ сты, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хотӕ. Иуӕй-иутӕ дзы фӕсарӕнты лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Цӕмӕн сӕ бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын? Фӕсарӕнты лӕггадгӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр сты? Уым куыд цардысты ӕмӕ куыд лӕггад кодтой? Уыцы фӕлтӕрдджын хотӕй цалдӕрӕй интервью райстам. Кӕд ды дӕр ӕнӕцыд хо дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ лӕггадӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уӕд дын сӕ хабӕрттӕ хъуамӕ стыр ӕххуыс фӕуой. Ӕнӕуи та сӕ цӕвиттон ныфсы хос уыдзӕн Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр.

ДЫЗӔРДЫГ ХЪУЫДЫТЫЛ ФӔТЫХ СТЫ

Анитӕ

Ӕндӕр бӕстӕйы дӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй бауыдзӕн, ууыл, мыййаг, дызӕрдыг кӕныс? Анитӕйыл цӕуы 75 азы, ӕмӕ йӕм кӕддӕр афтӕ каст, ӕмӕ ницӕмӕ сарӕхсдзӕн. Схъомыл Английы, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди 18 азы. Анитӕ зӕгъы: «Тынг уарзтон адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Фӕлӕ мӕ бон ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын кӕй у, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтон. Фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ никуы ахуыр кодтон ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзаг никуы сахуыр кӕндзынӕн. Ӕмӕ мӕ Галаады скъоламӕ куы фӕхуыдтой, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нӕ уыд. Хъуыды кодтон, зӕгъын, гъеныр ӕз цы дӕн, ӕмӕ мӕ ахӕм скъоламӕ фӕхоной. Фӕлӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, кӕд Йегъовӕ афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ мӕ бон бауыдзӕн, уӕд хъуамӕ бафӕлварон. Уый уыд 50 азы размӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнын Японийы миссионерӕй». Анитӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Иуӕй-иу хатт мӕ мидбылты худгӕйӕ ӕрыгон хотӕн фӕзӕгъын: „Уӕ хызынтӕ уе ’ккой баппарут ӕмӕ цомут мемӕ ӕппӕты цымыдисагдӕр балцы!“ Ӕмӕ бирӕтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой».

СӔ НЫФС БАХАСТОЙ

Ныртӕккӕ ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕй бирӕтӕ уымӕ фыццаг сӕ ныфс нӕ хастой. Фӕлӕ сын цы баххуыс кодта?

Морин

Мориныл ныр цӕуы 64 азы, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕхи ӕмбарынхъом куы фӕдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕндыд афтӕ цӕрын, цӕмӕй мӕ бон уыдаид иннӕтӕн истӕмӕй ӕххуыс кӕнын». 20 азы йыл куы сӕххӕст, уӕд ацыд провинци Квебекмӕ (Канадӕ), уымӕн ӕмӕ дзы тынг хъуыди пионерты ӕххуыс. Фӕстӕдӕр ӕй фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ. Фӕлӕ ӕнӕ йе ’мбӕлттӕ ӕнӕзонгӕ ранмӕ ацӕуынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Морин дарддӕр дзуры: «Стӕй мӕ мӕ мады дӕр иунӕгӕй уадзын нӕ фӕндыд. Мӕ фыд рынчын уыди, ӕмӕ йӕм уый каст. Цал ӕхсӕвы арвыстон уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ! Мӕ ныййарджытӕн мӕ сагъӕстӕ куы ракодтон, уӕд мын загътой, цӕмӕй скъоламӕ ацӕуыныл сразы уыдаин. Стӕй не ’мбырд дӕр мӕ ныййарджытыл тынг батыхст. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый уынгӕйӕ мӕ тынгдӕр бауырныдта, мӕныл дӕр кӕй батыхсдзӕн. Ӕмӕ уӕд аскъуыддзаг кодтон, кӕй ацӕудзынӕн!» Морин 1979 азӕй 30 азы дӕргъы лӕггад кодта миссионерӕй Ныгуылӕн Африкӕйы. Ныртӕккӕ цӕры Канадӕйы, хъӕуы йӕ йӕ мадмӕ кӕсын. Ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй. Ӕндӕр бӕстӕйы куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ мын алкӕддӕр лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъуыди, уый, ӕмӕ мӕ кӕд хъуыди, растдӕр уӕд».

Уенди

Уендийыл цӕуы 65 азы. Уый райгуырд ӕмӕ схъомыл Австралийы, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди 14 азы. Мӕнӕ цы дзуры: «Тынг ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн ӕмӕ мын ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын зын уыди. Фӕлӕ пионерӕй кӕй лӕггад кодтон, уый фӕрцы сахуыр дӕн алыхуызон адӕмимӕ ныхас кӕнын, ӕмӕ фӕныфсджындӕр дӕн. Иу бон ӕй бамбӕрстон, раздӕрау ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй нал дӕн. Уыцы рӕстӕг сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын, ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ мӕ бон фӕсарӕнты лӕггад кӕнын дӕр бауыдзӕн. Стӕй ма мын, Японийы миссионерӕй 30 азӕй фылдӕр чи фӕлӕггад кодта, иу ахӕм ӕнӕцыд хо загъта, цӕмӕй уырдӕм йемӕ ӕртӕ мӕймӕ ацыдаин. Йемӕ лӕггад кӕнгӕйӕ мӕ тынгдӕр бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын». Ӕмӕ 1986 азы Уенди ацыд Вануатумӕ, Австралийӕ скӕсӕнырдӕм 1 770 километры дарддӕр.

Уенди ныр дӕр лӕггад кӕны Вануатуйы, тӕлмацгӕнджыты офисы. Уый зӕгъы: «Дард рӕтты къордтӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ куыд фӕзыны, уый уынгӕйӕ мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Йегъовӕ ацы сакъадӕхтыл цы стыр куыст кӕны, уымӕн иу гыццыл дӕр ӕххуыс кӕнын мӕнӕн цы стыр кад у, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй».

Кумико (астӕуӕй)

Кумико, цӕуы йыл 65 азы, лӕггад кодта пионерӕй Японийы. Пионертӕй иумӕ кӕимӕ лӕггад кодтой, уыцы хо йын загъта, цӕмӕй Непалмӕ ацыдаиккой. Кумико зӕгъы: «Нал ӕмӕ мӕ нал уагъта, фӕлӕ йын нӕ куымдтон. Уым мӕ хъуыдаид ног ӕвзаг ӕмӕ ног уавӕртыл ахуыр кӕнын, ӕмӕ уыдӕттыл мӕт кодтон. Стӕй цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдаин, уый тыххӕй мӕ хъуыди ӕхца ссарын, ӕмӕ уый та ӕнцон нӕ уыд. Уыцы афон мотоциклыл авари скодтон ӕмӕ рынчындонмӕ бахаудтӕн. Ӕмӕ уым хъуыдытӕ кодтон: „Райсом та мыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн чи цы зоны? Гӕнӕн ис, исты уӕззау низӕй фӕрынчын уон ӕмӕ мын ӕндӕр бӕстӕйы пионерӕй лӕггад кӕныны фадат макуыуал уа. Уӕд та ӕндӕр бӕстӕйы иу аз уӕддӕр балӕггад кӕнин?” Гъемӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй фӕкуывтон, цӕмӕй мӕ фӕнд мӕ къухы бафтыдаид». Кумикойы рынчындонӕй куы рафыстой, уӕд иуцасдӕрмӕ Непалмӕ ацыд. Ӕмӕ фӕстӕдӕр та йе ’мбал пионеримӕ иумӕ ацыдысты уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ.

Кумико Непалы ныр дӕс азы бӕрц лӕггад кӕны, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Израилӕгты раз Сырх денджыз куыд адих, афтӕ, цӕуылты тыхстӕн, уыдӕттӕ дӕр фӕцыдӕр сты. Тынг цин кӕнын, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм ацӕуыныл кӕй сразы дӕн, ууыл. Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ, уацамынды куы вӕййын ӕмӕ иу кӕмӕдӕр куы бацӕуын, уӕд ма сӕм сӕ сыхӕгтӕй дӕр фондзӕй, ӕхсӕзӕй ӕрбацӕуынц. Гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр ма мӕ уыцы уӕзданӕй Библийы тыххӕй буклет ракурынц. Ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн хъусын кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис».

ЗЫНДЗИНӔДТӔ

Интервью цы ныфсджын хотӕй райстам, уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты. Цымӕ-иу сӕ сӕрты цӕй фӕрцы ахызтысты?

Дайанӕ

«Мӕ бинонтӕй афтӕ дард кӕй уыдтӕн, уый мын фыццаг тынг зын уыд»,– зӕгъы Канадӕйӕ иу хо, Дайанӕ. Дайанӕйыл ныр цӕуы 62 азы. 20 азӕй фылдӕр миссионерӕй лӕггад кодта Пылыстӕджы былгӕрон (ныр хуыйны Кот-д’Ивуар). Дайанӕ дарддӕр дзуры: «Йегъовӕйӕн дзырдтон, цӕмӕй мын уымы адӕмы бауарзынӕн баххуыс кодтаид. Галаады нын цы ахуыргӕнджытӕ уыд, уыдонӕй нын иу, Джек Редфорд, бамбарын кодта, кӕдӕм нӕ арвитой, уыцы бӕстӕтӕй кӕцыдӕрты адӕм тынг ӕвзӕр уавӕрты кӕй цӕрынц, ӕмӕ, дам, уыдӕттӕ куы фенат, уӕд, дам, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг фӕтыхсат. Уӕлдайдӕр та, дам, кӕмдӕрты афтӕ мӕгуыр сты, ӕмӕ уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бауазал вӕййы. Ӕмӕ нын загъта: „Куыд мӕгуыр сты, уымӕ ма кӕсут. Кӕсут сын сӕхимӕ, сӕ цӕсгӕмттӕм ӕмӕ сӕ цӕстытӕм. Библийӕ сын цы дзурат, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсой, уымӕ уӕ хъус дарут“. Ӕз дӕр афтӕ кодтон, ӕмӕ мын уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста! Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын куы дзырдтон, уӕд-иу сӕ ныфс бацыди, ӕмӕ-иу сӕ цӕстытӕ фырцинӕй сӕрттывтой!» Дайанӕйӕн ма ноджыдӕр цы баххуыс кодта? «Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонимӕ балымӕн дӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕй систы, ууыл афтӕ цин кодтон, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Кӕм лӕггад кодтон, уыцы бӕстӕ мын сси мӕхи хӕдзары хуызӕн. Йесо куыд загъта, афтӕ ссардтон мадӕлтӕ, фыдӕлтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ» (Мар. 10:29, 30).

Энныл цӕуы 46 азы, ӕмӕ уый та лӕггад кӕны Азийы, сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар нын кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы. Энн зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтон фӕсарӕнты алыхуызон бӕстӕты. Ӕмӕ цардтӕн, мӕнӕй тынг чи хицӕн кодта, стӕй ӕндӕр уавӕрты чи схъомыл, ахӕм хотимӕ. Уый тыххӕй-иу хатт кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстам ӕмӕ ма-иу кӕрӕдзи зӕрдӕтӕ дӕр фӕриссын кодтам. Ӕмӕ-иу сыл уӕд мӕхи ноджы тынгдӕр бастон, архайдтон, цӕмӕй сын сӕ культурӕ хуыздӕр бамбӕрстаин. Стӕй ма-иу архайдтон, цӕмӕй сӕ тынгдӕр бауарзтаин ӕмӕ сӕ ӕгӕр бирӕ ма домдтаин. Тынг ӕхсызгон мын у, мӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци. Бирӕтимӕ дзы тынг балымӕн дӕн, ӕмӕ мын ныр дӕр уыцы ӕмбӕлттӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон».

Уте

Уте у Германийӕ ӕмӕ йыл цӕуы 53 азы. 1993 азы йӕ снысан кодтой миссионерӕй Мадагаскармӕ. Фыццаг рӕстӕг ын ӕнцон нӕ уыди. Хъуыди йӕ бынӕттон ӕвзаг сахуыр кӕнын, уымӕл климӕтӕн фӕразын, стӕй тӕфсӕгимӕ ӕмӕ ӕндӕр низтимӕ тох кӕнын. Уте дзуры: «Бирӕтӕ мын ӕххуыс кодтой. Бынӕттон хотӕ, сӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдон уыдысты фӕразон ӕмӕ мын ӕххуыс кодтой ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн. Рынчын-иу куы уыдтӕн, уӕд-иу, миссионертӕй иумӕ кӕимӕ лӕггад кодтам, уыцы хо ӕдзух уыд мӕ уӕлхъус. Фӕлӕ мын ӕппӕты тынгдӕр ӕххуыс кодта Йегъовӕ. Мӕ сагъӕстӕ-иу ын фӕдзырдтон. Ӕмӕ-иу стӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн – куы цалдӕр боны, куы та цалдӕр мӕйы – мӕ куывдтытӕн мын дзуапп кӕд ратдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ алы куывдӕн дӕр дзуапп радта». Уте Мадагаскары лӕггад кӕны 23 азы.

СТЫР АРФӔДЗИНӔДТӔ

Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ацӕуы, уыдон бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕ дӕр арӕх радзурынц, ӕндӕр бӕстӕты кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы сӕ цардӕй тынг райгонд кӕй сты. Цымӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты?

Хайди

Хайди у Германийӕ, цӕуы йыл 73 азы, ӕмӕ 1968 азӕй лӕггад кӕны миссионерӕй Пылыстӕджы былгӕрон (ныр хуыйны Кот-д’Ивуар). Ацы хо, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдоны тыххӕй дзуры: «„Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц“, уымӕй стырдӕр циндзинад мын ницы хӕссы. Иуӕй-иутӕ дзы ныр сты пионертӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдонӕй мӕ бирӕтӕ хонынц сӕ мад кӕнӕ сӕ бабу. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй мӕ сӕ иу, стӕй йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ сӕ бинойнагыл нымайынц. Йегъовӕ мын радта фырт, чындз ӕмӕ ӕртӕ хъӕбулы хъӕбулы» (3 Иоан. 4).

Карен (астӕуӕй)

Канадӕйаг хо Кареныл цӕуы 72 азы. 20 азӕй фылдӕр лӕггад кодта Ныгуылӕн Африкӕйы. Карен дзуры: «Миссионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ сдӕн удуӕлдайдӕр ӕмӕ фӕразондӕр, стӕй адӕмы дӕр тынгдӕр уарзын райдыдтон. Кӕимӕ лӕггад кодтон, уыдон алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй уыдысты, уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ хуыздӕр бамбӕрстон. Ӕмӕ ма базыдтон, иу хъуыддаг алыхуызӕтты кӕй ис бакӕнӕн. Ӕгас зӕххыл дӕр мын адджын ӕмбӕлттӕ кӕй ис, уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у! Кӕд нӕ царды уавӕртӕ фӕивтой ӕмӕ ныр ӕндӕр рӕтты лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр кӕрӕдзи нӕ рох кӕнӕм».

Маргарет у Английӕ, цӕуы йыл 79 азы. Уый лӕггад кодта миссионерӕй Лаосы, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Фӕсарӕнты кӕй лӕггад кодтон, уый фӕрцы мӕхи цӕстӕй федтон, Йегъовӕ йӕ организацимӕ алы адӕмыхӕттытӕй алы ӕмӕ алыхуызон адӕмы куыд ӕрбакӕны, уый. Ӕмӕ уыдӕттӕ уынгӕйӕ мӕ уырнындзинад тынг бафидар. Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ йӕ фӕндтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн».

Ӕцӕгдӕр, ӕндӕр бӕстӕтӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ацыд, уыцы хотӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы тынг бирӕ сарӕзтой. Ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг (Тӕрх. 11:40). Стӕй сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр (Пс. 68:11). Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ, интервью кӕмӕй райстам, уыцы зынгзӕрдӕ хоты бафӕзмын? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд ӕнӕмӕнг «бафӕлвардзынӕ ӕмӕ базондзынӕ, Йегъовӕ куыд хорз у, уый» (Пс. 34:8).