Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Эрик ӕмӕ Эми

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Ганӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Ганӕ

ФЫЛДӔР хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕмӕ чи ацыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй зоныс? Чи зоны, искуы ахъуыды кодтай: «Цӕмӕн сӕ бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын? Сӕхи куыд бацӕттӕ кодтой? Цымӕ мӕнӕн дӕр мӕ бон у ахӕм хуызы балӕггад кӕнын?» Кӕд дӕ фӕнды ацы фарстатӕн дзуапп базонын, уӕд хорз уаид уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ аныхас кӕнын. Цӕй ӕмӕ сӕ афӕрсӕм.

ЦӔМӔН СӔ БАФӔНДЫД?

Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕныныл цӕмӕн райдыдтат хъуыды кӕнын? Эми у Иугонд Штаттӕй, цӕуы йыл 35 азы бӕрц, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныныл рагӕй хъуыды кодтон, фӕлӕ мӕм афтӕ касти, ӕмӕ мын нӕ рауайдзӕн». Цымӕ йӕ хъуыды цӕй фӕрцы фӕивта? Эми зӕгъы: «Белизы пионертӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм бинонтӕ мӕ 2004 азы сӕхимӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй уым семӕ иу мӕй балӕггад кодтаин. Ӕз дӕр ацыдтӕн, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди! Иу азы фӕстӕ та ацыдтӕн Ганӕмӕ ӕмӕ уым пионерӕй лӕггад кодтон».

Эрон ӕмӕ Стефани

Стефани дӕр у Иугонд Штаттӕй, цӕуы йыл 30 азмӕ ’ввахс. Цалдӕр азы размӕ Стефани йӕ уавӕртӕм лӕмбынӕг ӕркаст ӕмӕ ахъуыды кодта: «Ме ’нӕниздзинад хорз у, стӕй мын даринаг ӕмӕ кӕсинаг дӕр ничи ис. Раст зӕгъгӕйӕ, Йегъовӕйӕн мӕ бон у бирӕ фылдӕр лӕггад кӕнын». Стефани йӕ уавӕртыл дзӕбӕх кӕй ахъуыды кодта ӕмӕ йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ кӕй нӕ агуырдта, уый фӕрцы аскъуыддзаг кодта, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн, ӕмӕ Ганӕмӕ ацыд. Филип ӕмӕ Идӕ сты Данийӕ, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 50 азӕй фылдӕр ӕмӕ сты пионертӕ. Ацы бинонтӕн сӕ бӕллиц алкӕддӕр уыди, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Ӕмӕ фадӕттӕ дӕр агуырдтой, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Филип загъта: «Ӕппынфӕстаг нын ахӕм фадат куы фӕзынд, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма нын Йегъовӕ зӕгъы: „Цӕмӕ ма кӕсут? Размӕ!“». 2008 азы Филип ӕмӕ Идӕ ацыдысты Ганӕмӕ ӕмӕ дзы ӕртӕ азӕй фылдӕр балӕггад кодтой.

Брук ӕмӕ Ханс

Ханс ӕмӕ Брук лӕггад кӕнынц пионертӕй ӕмӕ цӕрынц Иугонд Штатты, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 30 азӕй фылдӕр. 2005 азы ӕххуыс кодтой, тыхдымгӕ Катринӕ зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн. Фӕстӕдӕр та сӕ бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕты арӕзтадон куыстыты архайын. Ӕмӕ анкетӕтӕ байдзаг кодтой, фӕлӕ сӕ нӕ фӕхуыдтой. Ханс загъта: «Уый фӕстӕ конгрессы раныхасы фехъуыстам ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, Давид уый куы базыдта, ӕмӕ йын Хуыцау кувӕндон саразыны бар нӕ дӕтты, уӕд ууыл дыууӕ нал загъта, ӕмӕ йӕ разы ӕндӕр нысан сӕвӕрдта. Уыцы хъуыдыйы фӕрцы бамбӕрстам: адӕймаг Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы цы нысан сӕвӕрдта, уый бӕсты ӕндӕр куы равзара, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис» (1 Аз. 17:1–4, 11, 12; 22:5–11). Йӕ ныхӕстӕм ын Брук бафтыдта: «Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй ӕндӕр дуар бахостаиккам».

Ханс ӕмӕ Брукӕн се ’мбӕлттӕ лӕггад кодтой фӕсарӕнты. Ӕмӕ сыл уым цы ’хсызгон хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон сын куы радзырдтой, уӕд Ханс ӕмӕ Брукы дӕр бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы балӕггад кӕнын. Гъемӕ 2012 азы ацыдысты Ганӕмӕ ӕмӕ дзы цыппар мӕйы балӕггад кодтой. Ханс ӕмӕ Брук ӕххуыс кодтой, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдӕн. Уый фӕстӕ сӕ кӕд фӕстӕмӕ Америкӕмӕ ӕрыздӕхын бахъуыд, уӕддӕр сын, Ганӕйы кӕй балӕггад кодтой, уый стыр ӕххуыс фӕци – ныр сӕ ноджы тынгдӕр фӕнды, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддаг алкӕддӕр фыццаг бынаты уа. Ганӕйӕ куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ ма ӕххуыс кодтой, Микронезийы цы арӕзтад цыди, уым дӕр.

ЦЫ АРӔЗТОЙ, ЦӔМӔЙ СӔ НЫСАН СӔ КЪУХЫ БАФТЫДАИД?

Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнынмӕ уӕхи куыд бацӕттӕ кодтат? Стефани загъта: «„Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ бацагуырдтон статьятӕ, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕныны тыххӕй *. Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй ма не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, нӕ районон цӕстдарӕгимӕ ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ дӕр аныхас кодтон. Сӕйрагдӕр та уыд уый, ӕмӕ Йегъовӕмӕ уый тыххӕй арӕх куывтон». Уыцы иу рӕстӕг Стефани хуымӕтӕг цард кодта, ӕмӕ уый фӕрцы ӕхца ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй фӕсарӕнты йӕ бон бауыдаид йӕхи фӕдарын.

Ханс загъта: «Йегъовӕйӕ разамынд куырдтам, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕндыд ацӕуын, уый нӕ кӕдӕм арвита, уырдӕм. Бӕлвырдӕй нӕ цы бон фӕндыд ацӕуын, уый дӕр-иу ын загътам». Ханс ӕмӕ Брук писмотӕ арвыстой цыппар филиалмӕ. Ӕмӕ Ганӕйы филиалӕй дзуапп куы райстой, уӕд уыцы бӕстӕмӕ дыууӕ мӕймӕ ацыдысты. «Уым ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ма дзы ноджыдӕр баззадыстӕм»,– загъта Ханс.

Адрийӕ ӕмӕ Джордж

Джордж ӕмӕ Адрийӕ сты Канадӕйӕ, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 40 азмӕ ’ввахс. Ацы бинонтӕ ӕмбӕрстой: цӕмӕй дын Йегъовӕ дӕ хорз фӕндтӕн раарфӕ кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ аразгӕ дӕр исты кӕнай. Гъемӕ бӕлвырд къахдзӕфтӕ кӕнын райдыдтой, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Ганӕйы, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран чи лӕггад кодта, иу ахӕм хоимӕ аныхас кодтой ӕмӕ йӕ бӕстон ӕрфӕрстытӕ кодтой. Стӕй ма Канадӕйы ӕмӕ Ганӕйы филиалтӕм писмотӕ дӕр ныффыстой. «Уымӕй уӕлдай,– зӕгъы Адрийӕ,– мах бацархайдтам, цӕмӕй ноджы хуымӕтӕгдӕр цард кӕнын райдыдтаиккам». Уыцы къахдзӕфты фӕрцы 2004 азы сӕ бон баци Ганӕмӕ ацӕуын.

ЗЫНДЗИНӔДТЫ СӔРТЫ КУЫД ХЫЗТЫСТЫ?

Лӕггад кӕнынмӕ кӕдӕм ацыдыстут, уым цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстут ӕмӕ уын цы баххуыс кодта? Эмийӕн йӕ фыццаг зындзинад уыди, йӕ бӕстӕ кӕй мысыд, уый. «Ацы бӕстӕйы мӕм алцыдӕр тынг ӕнахуыр каст»,– загъта Эми. Цымӕ йын цы баххуыс кодта? «Мӕ бинонтӕ-иу мӕм телефонӕй куы фӕдзырдтой, уӕд-иу мын загътой, мӕ лӕггадӕн куыд тынг аргъ кӕнынц. Ӕмӕ мын уыцы ныхӕстӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ма рох кодтаин, ардӕм цӕмӕн ӕрцыдтӕн, уый. Фӕстӕдӕр мӕ бинонтимӕ кӕрӕдзимӕ интернеты фӕрцы дзурын райдыдтам, ӕмӕ, нӕ кӕрӕдзийы кӕй уыдтам, уый фӕрцы мӕм афтӕ нал каст, ӕмӕ тынг дард сты». Эми ма загъта, бынӕттон ӕмбырды иу фӕлтӕрдджын хоимӕ кӕй балымӕн ӕмӕ йын уыцы хо кӕй баххуыс кодта уыцы бӕстӕйы ӕгъдӕуттӕ бамбарынӕн. «Гыццыл исты, уӕд та-иу мӕ ног хӕлармӕ ӕххуысмӕ лыгътӕн. Адӕймаг афтӕ цӕмӕн бакодта, уый-иу куы нӕ бамбӕрстон, уӕд-иу мын ӕй уый бамбарын кодта. Афтӕмӕй базыдтон, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый. Ӕмӕ мын уый фӕрцы бирӕ ӕнцондӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр уыди лӕггад кӕнын».

Джордж ӕмӕ Адрийӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Ганӕмӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд нӕм фыццаг афтӕ фӕкаст, ӕмӕ чидӕр рӕстӕг фӕстӕмӕ фӕзылдта. «Нӕ дзаумӕттӕ ӕхсадтам гӕрзтӕхсӕн машинӕйы нӕ, фӕлӕ бедраты,– зӕгъы Адрийӕ.– Стӕй нӕм афтӕ дӕр каст, ӕмӕ нын хӕринаг скӕныныл дӕс хатты фылдӕр рӕстӕг ацӕуы. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ нын зынгомау цы уыд, уыдӕттыл сахуыр стӕм, ӕмӕ ма уыцы хабӕрттӕ нӕ бон у иннӕтӕн дӕр радзурын». Брук та зӕгъы: «Кӕд пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ цардӕй тынг райгонд стӕм. Цы хорз цаутӕ ныл ӕрцӕуы, уыдон иууылдӕр иумӕ куы райсай, уӕд сӕ рауайдзӕн рӕсугъд „дидинджыты баст“. Ӕмӕ уыцы мысинӕгтӕ нӕ зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ сты».

АРФӔДЗИНӔДТӔ ЧИ ХӔССЫ, УЫЦЫ ЛӔГГАД

Иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр ахӕм хуызы балӕггад кӕнын уӕ зӕрдӕ цӕмӕн зӕгъы? «Ам адӕм рӕстдзинад базонынмӕ афтӕ тынг тырнынц, ӕмӕ сӕ алы бон дӕр фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Ахӕм ран лӕггад кӕнын стыр цины хос куыннӕ у! – зӕгъы Стефани.– Мӕ царды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕй сӕ иу у, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтон, уый». 2014 азы Стефани смой кодта Эронмӕ, ӕмӕ ныр иумӕ лӕггад кӕнынц Ганӕйы филиалы.

«Ахӕм ран лӕггад кӕнын диссаг у!» – зӕгъы Кристин. Кристин у Германийӕ, цӕуы йыл 30 азӕй гыццыл фылдӕр ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Цалынмӕ Ганӕмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ма лӕггад кодта Боливийы дӕр. Кристин загъта: «Мӕ бинонтӕй дард кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕххуыс алкӕддӕр фӕагурын Йегъовӕйӕ. Ныр ӕм куыд ӕввахс дӕн, афтӕ ӕввахс ӕм никуыма уыдтӕн. Стӕй ма мӕхи цӕстӕй уынын, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы диссаджы иудзинад ис, уый дӕр. Ацы лӕггады фӕрцы ӕз бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн». Ӕрӕджы Кристин смой кодта Гидеонмӕ, ӕмӕ иумӕ дарддӕр дӕр Ганӕйы лӕггад кӕнынц.

Кристин ӕмӕ Гидеон

Филип ӕмӕ нын Идӕ радзырдтой, цы сарӕзтой, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕн хуыздӕр ӕххуыс кодтаиккой. «Библи-иу ахуыр кодтам 15 кӕнӕ фылдӕр адӕймагимӕ. Фӕлӕ сӕ стӕй 10 онг фӕкъаддӕр кодтам, цӕмӕй нӕ бон уыдаид семӕ бӕстондӕр ахуыр кӕнын». Цымӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый пайда ӕрхаста? Филип зӕгъы: «Иу ӕрыгон лӕппуимӕ ахуыр кодтон, йӕ ном у Майкл. Йӕ бон уыди алы бон дӕр ахуыр кӕнын, стӕй-иу йӕхи тынг хорз бацӕттӕ кодта. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ чиныг иу мӕймӕ ахуыр фестӕм. Уый фӕстӕ Майкл ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ фыццаг хатт куы ацыдыстӕм, уӕд дын мын афтӕ куы зӕгъид: „Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдонимӕ мын нӕ баххуыс кӕнис?“ Ӕз джихӕй аззадтӕн. Майкл мын бамбарын кодта, ӕртӕ адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдта, ӕмӕ йӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы». Ахъуыды-ма кӕн, ахуыргӕнджытӕ дзы афтӕ тынг нӕ фаг кӕны, ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон сӕхӕдӕг дӕр кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кӕнынц!

Идӕ ӕмӕ Филип

Ганӕйы ӕххуыс куыд тынг хъӕуы, уый Эми дӕр уайтагъд бамбӕрста. Эми загъта: «Ганӕмӕ куы ’рцыдтӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хъусын кодтам иу гыццыл хъӕуы ӕмӕ агуырдтам, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы иу гыццыл хъӕуы ссардтам иу нӕ, фӕлӕ аст адӕймаджы!» Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Эми смой кодта Эрикмӕ, ӕмӕ ныр иумӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнынц. Уыдон ӕххуыс кӕнынц, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдӕн. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, стӕй, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕм Ганӕйы сты 300 фылдӕр. Джордж ӕмӕ Адрийӕ ацы бӕстӕйы бамбӕрстой, миссионерӕй лӕггад кӕнын цы у, уый. Ӕмӕ сӕ Галаады скъолайы 126-ӕм къласмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд ма сӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! Ныртӕккӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынц Мозамбикы.

УАРЗОНДЗИНАД СӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ

Хуымгӕрдӕнты баххуыс кӕнынмӕ фӕсарӕнтӕй афтӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ӕрцӕуы ӕмӕ бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый нын тынг ӕхсызгон у! (Иоан. 4:35). Ганӕйы алы къуыри дӕр рӕстӕмбис нымадӕй донаргъуыд райсы 120 адӕймаджы. Ацы бӕстӕмӕ ӕххуысмӕ чи ’рцыд, уыцы 17 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ ма ӕгас зӕххыл ноджыдӕр цы мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъусын кӕнынц, уыдоны уыцы хъуыддагмӕ разӕнгард кӕны, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый. Уыдон барвӕндӕй ацӕуынц, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм. Ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ рухс кӕна! (Пс. 110:3, фип.; Ӕмб. 27:11).

^ 9 абз. Зӕгъӕм, кӕс статьятӕ «Фӕнды дӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын?» ӕмӕ «Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2009 аз, 15 апрель ӕмӕ 15 декабрь).