Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Manuel Reino Berengui/DeFodi Images via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Дунеон чемпионат ӕцӕгдӕр баиу кӕндзӕн адӕмы? Библийы цы фыст ис?

Дунеон чемпионат ӕцӕгдӕр баиу кӕндзӕн адӕмы? Библийы цы фыст ис?

 2022 азы 20 ноябрӕй 18 декабрмӕ цӕуы дунеон чемпионат футболӕй. Ӕнӕхъӕн дунейы йӕм фӕкӕсы фондз милуан адӕймаджы бӕрц. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм чемпионаттӕ иу кӕнынц, спорт чи уарзы, уыдоны. Стӕй сӕ ныфс ис, ахӕм хабӕртты фӕрцы адӕмӕн фылдӕр цыдӕртӕ кӕй бантысдзӕн.

  •   «Спортӕн йӕ бон у дуне фӕивын. Адӕмы хорз цӕмӕдӕрты сразӕнгард кӕны. Спорт куыд иу кӕны адӕмы, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ницы» (Нельсон Манделӕ, Хуссар Африкаг Республикӕйы раздӕры президент).

  •   «Футбол... адӕмы иу кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс цӕуылдӕр фӕдарынц, фӕцин кӕнынц, сӕ зӕрдӕты зынг ссудзы, кӕрӕдзи фӕуарзынц ӕмӕ сын иумӕйагӕй цыдӕр вӕййы» (Джанни Инфантино, ФИФА-йы a президент).

 Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй дунеон чемпионаты кӕнӕ ӕндӕр ахӕм спортивон ерысты фӕрцы адӕм фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрой?

Спорт адӕмы ӕцӕгдӕр иу кӕны?

 Ацы аз дунеон чемпионаты рӕстӕг адӕм ӕрмӕст футболыл нӕ хъуыды кӕнынц. Хъӕзтытӕ расайдтой быцӕутӕ социалон ӕмӕ политикон фарстаты фӕдыл. Уыцы фарстатӕ баст сты адӕймаджы бартимӕ, расизмимӕ ӕмӕ, иутӕ тынг хъӕздыг кӕй сты, иннӕтӕ та тынг мӕгуыр, уыимӕ.

 Фӕлӕ уӕддӕр бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы дунеон спортивон ерыстӕм кӕсын, зӕгъӕм, ацы дунеон чемпионатмӕ. Ӕмӕ кӕд адӕмы тынг фӕнды, уӕддӕр спортивон ерысты фӕрцы се ’хсӕн ӕцӕг иудзинад нӕ уыдзӕн. Ахӕм ерысты рӕстӕг цы миниуджытӕ февдисынц ӕмӕ цытӕ фӕкӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ бон нӕу кӕрӕдзиимӕ фидауын. Уымӕй бӕрӕг у, Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Адӕмы ’хсӕн ӕцӕг иудзинад уыдзӕн!

 Библийӕ базонӕн ис, ӕгас дунейы дӕр адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн, уӕларвон хицауады, ома «Хуыцауы паддзахады», дӕлбар куы цӕрой, уӕд (Лукайы 4:43; Матфейы 6:10).

 Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, ӕгас зӕххыл дӕр сабыр цард скӕндзӕн. Библийы фыст ис:

  •   «Рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад» (Псалом 72:7).

  •   «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры... Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12, 14).

 Абон дӕр Чырыстийы ахуырӕдты фӕрцы милуангай адӕм 239 бӕстӕйы кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрынц. Уыдон ӕвзӕр цӕстӕй никӕмӕуал кӕсынц. Уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ журналӕй «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт мауал уыной!»

a Ӕппӕтдунеон футболы федераци (Fédération Internationale de Football Association, цыбырӕй FIFA).