Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Зӕххыл сабыр цард скӕнын афтӕ зын цӕмӕн у?

Зӕххыл сабыр цард скӕнын афтӕ зын цӕмӕн у?

Дзуапп Библийӕ

 Адӕмӕн сӕ бон нӕ баци зӕххыл сабыр цард скӕнын. Ӕмӕ сын уый кӕй нӕ бантысдзӕн, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы:

  •   «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23). Адӕм афтӕ конд не сты, цӕмӕй сӕхицӕн разамынд дӕттой, стӕй сын уый бар дӕр нӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу зӕххыл сабыр цард скӕнын.

  •   «Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл, адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын. Йӕ царды тых рацӕуы, ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхы. Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр» (Псалом 146:3, 4). Зӕххон хицӕуттӕй тынг кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр сӕ бон нӕу хӕсты аххосӕгтӕн кӕрон скӕнын.

  •   «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты... ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1–4). Мах цӕрӕм ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонты». Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр ахӕм зондыл хӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын тынг зын у кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрын.

  •   «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:12). Хуыцауы знаг Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ ам, зӕххыл, адӕмы ахӕм зондыл аразы, ӕмӕ уыдон дӕр сырдтӕй уӕлдай не сты. Уӕдӕ цалынмӕ Хӕйрӕг «ацы дунейы хицау» уа, уӕдмӕ зӕххыл сабырдзинад никуы уыдзӕн (Иоанны 12:31).

  •   «[Хуыцауы Паддзахад] ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ [ома Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдон] иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44). Зӕххон хицауӕдтӕ нӕ, фӕлӕ нын Хуыцауы Паддзахад ратдзӕн, цӕмӕ бӕллӕм, уый – зӕххыл ӕнустӕм уыдзӕн сабыр цард (Псалом 145:16).