Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у Стыр Вавилон?

Цы у Стыр Вавилон?

Дзуапп Библийӕ

 Раргомады чиныджы цы Стыр Вавилоны кой ис, уый амоны, дунейы цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы динтӕ Хуыцау растыл нӕ нымайы (Раргомад 14:8; 17:5; 18:21) a. Ӕмӕ кӕд уыцы динтӕ кӕрӕдзийӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕнынц, уӕддӕр цӕмӕйдӕр иухуызон сты: зонгӕ-зонын архайынц, цӕмӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ма кувой (Дыккаг закъон 4:​35).

Стыр Вавилон цы у, уый куыд ис базонӕн?

  1.   Стыр Вавилон амоны цӕмӕдӕр. Библи йӕ хоны «сылгоймаг» ӕмӕ «хӕтаг сылгоймаг», ӕмӕ зӕгъы, кӕй йын ис «сусӕг ном: „Стыр Вавилон“» (Раргомад 17:​1, 3, 5). Раргомады чиныджы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон ӕвдыст сты «нысӕнттӕй», ома комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон дӕр ӕнӕуи сылгоймаг нӕу (Раргомад 1:1). Уымӕй уӕлдай ма уый «бирӕ дӕттыл... бады». Уыцы дӕттӕ та сты «адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» (Раргомад 17:​1, 15). Ӕнӕуи сылгоймагмӕ куы амонид, уӕд уымӕн гӕнӕн куыд уаид?

  2.   Стыр Вавилон амоны, ӕгас дунейы цыдӕриддӕр динтӕ ис, уыдонмӕ. Библи йӕ хоны, «зӕххон паддзӕхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы стыр горӕт» (Раргомад 17:18). Уӕдӕ Стыр Вавилонӕн йӕ бар цӕуы ӕгас дунейыл дӕр.

  3.   Стыр Вавилон политикон кӕнӕ коммерцион организаци нӕу, фӕлӕ динон. Рагон Вавилоны цӕрджытӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ горӕт зындгонд уыд йӕ «хинтӕ» ӕмӕ йӕ «кӕлӕнтӕй» (Исай 47:​1, 12, 13; Йереми 50:​1, 2, 38). Уыцы горӕты адӕм мӕнг диныл хӕст уыдысты, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой (Райдиан 10:​8, 9; 11:​2–4, 8). Вавилоны хицӕуттӕ сӕхи Йегъовӕйӕ уӕлдӕр ӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой, цӕмӕй йын куывтаиккой (Исай 14:​4, 13, 14; Данел 5:​2–4, 23). Стыр Вавилон дӕр зындгонд у йӕ «хинтӕ-кӕлӕнтӕй». Уӕдӕ бӕрӕг у, динон организаци кӕй у (Раргомад 18:23).

     Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Стыр Вавилон политикон организаци уа, уымӕн ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ» кӕуынц, кӕй фесӕфт, ууыл (Раргомад 17:​1, 2; 18:9). Уӕдӕ коммерцион организаци дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон ӕмӕ «зӕххон сӕудӕджертӕ» иу не сты (Раргомад 18:11, 15).

  4. Вавилоны паддзах Набониды цыртдзӕвӕн ӕртӕ хуыцау Син, Иштар ӕмӕ Шамашы нысӕнттимӕ

  5.   Стыр Вавилонмӕ ахӕссӕн ис, Библийы мӕнг динты тыххӕй цы фыст ис, уый. Мӕнг дин адӕмӕн нӕ амоны, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ куыд баввахс уой, уый, фӕлӕ архайы, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой. Библимӕ гӕсгӕ уый «гадзрахатӕй» цӕуынӕй уӕлдай нӕу (Левит 20:6; Рацыд 34:15, 16). Троицӕйы ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ, стӕй, зӕгъӕм, нывтӕн кувыны ӕгъдау фыццаг фӕзындысты рагон Вавилоны. Ӕмӕ абон дӕр мӕнг динтӕ уыцы ахуырӕдтыл ӕууӕндынц ӕмӕ уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма мӕнг динтӕ тынг уарзынц ацы дуне. Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, чи дзуры ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ацы дуне дӕр чи уарзы, уыдоны Библи хоны «хӕтаг адӕм» (Иаковы 4:4).

     Мӕнг дин у тынг хъӕздыг ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕргом ӕвдисы. Ӕмӕ Библийы Стыр Вавилоны тыххӕй дӕр раст афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, йӕхи рӕсугъд кӕны «тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕс, сызгъӕринтӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ налхъуыттӕй» (Раргомад 17:4). Стыр Вавилон у «зӕххон ӕлгъаг миты мад», ома, Хуыцауы чи ӕгад кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ уымӕй цӕуынц (Раргомад 17:5). Стыр Вавилоны фарс сты «адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» – мӕнг динтыл хӕст чи сты, уыцы адӕм (Раргомад 17:15).

 Стыр Вавилон аххосджын у, «зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны» мӕлӕты (Раргомад 18:24). Историйы дӕргъы мӕнг динтӕ ахъаз кодтой хӕстытӕн ӕмӕ терроризмӕн. Уымӕй уӕлдай адӕмӕн не ’ргом кодтой рӕстдзинад Йегъовӕйы тыххӕй – йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы тыххӕй (1 Иоанны 4:8). Уый тыххӕй бирӕ туг ныккалд. Уӕдӕ Библийы дзӕгъӕлы фыст нӕй, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон Стыр Вавилонӕй кӕй хъуамӕ «рацӕуой», ома сын йемӕ иумӕйагӕй кӕй мацыуал хъуамӕ уа (Раргомад 18:4; 2 Коринфӕгтӕм 6:​14–​17).