Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у уд?

Цы у уд?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы дзырд «уд»-ӕй ратӕлмац кодтой дзуттаг дзырд не́феш ӕмӕ грекъаг дзырд психе́. Дзуттаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «улӕфгӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаг кӕнӕ цӕрӕгой». Грекъаг дзырд та нысан кӕны, «удӕгас чи у, ахӕм исчи кӕнӕ исты» a. Уӕдӕ уд у адӕймаг кӕнӕ цӕрӕгой йӕхӕдӕг, йӕ мидӕг цы ис ӕмӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ цы баззайы, ахӕм цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Ӕркӕсӕм, Библийӕ куыд зыны, адӕймаджы уд кӕй у адӕймаг йӕхӕдӕг.

Хуыцау Адамӕн уд нӕ радта – Адам «сси цӕрӕг уд»

  •   Йегъовӕ Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «адӕймаг сси цӕрӕг уд» (Райдиан 2:7). Хуыцау Адамӕн уд нӕ радта, Адам сси цӕрӕг уд, кӕнӕ адӕймаг.

  •   Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ удӕн йӕ бон у кусын, хӕрын ӕмӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Левит 7:20; 23:30; Ромӕгтӕм 13:1). Ӕппӕт уыдӕттӕ фӕаразы адӕймаг йӕхӕдӕг.

Уд ӕнӕмӕлгӕ у?

 Нӕу, уд амӕлы. Библийы бирӕ стихты фыст ис, уд кӕй амӕлы. Зӕгъӕм, ацы стихты:

  •   «Тӕригъӕд чи аразы, уыцы уд амӕлдзӕн» (Йезекил 18:4, 20).

  •   Рагон Израилы-иу тынг уӕззау тӕригъӕды тыххӕй куыд бафхӕрын хъуыд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Адӕймаг [комкоммӕ «уд», фиппаинаг] хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа» (Рацыд 12:15, 19; Левит 7:20, 21, 27; 19:8). Ахӕм адӕймаджы-иу хъуыди амарын (Рацыд 31:14).

  •   Библийы иуӕй-иу стихты мард адӕймаджы тыххӕй фыст ис, «мард уд», зӕгъгӕ (Левит 21:11, фиппаинаг; Нымӕцтӕ 6:6, фиппаинаг). Библийы тӕлмацтӕй бирӕты ацы стихты дзуттаг дзырд не́феш, кӕнӕ «уд», ратӕлмац кодтой дзырдтӕй «буар» кӕнӕ «адӕймаг».

«Уд» нысан кӕны «цард»

 Библийы ма дзырд «уд»-ӕн йӕ хъуыды вӕййы «цард» дӕр. Зӕгъӕм, Иов 33:22 стихы «уд» (не́феш) ӕмӕ «цард» ӕмбӕлынц иумӕ ӕмӕ сӕ хъуыды у иу. Библийӕ ма бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ уд, кӕнӕ йӕ цард, тӕссаг уавӕры ӕппара кӕнӕ йӕ фесафа (Рацыд 4:19; Тӕрхонгӕнджыты 9:17; Филиппӕгтӕм 2:30).

 Дзырд «уд» цард мӕ дӕр кӕй фӕамоны, уый бӕрӕг у Райдианы 35:18 стихӕй дӕр: «Рахил мӕлӕты къахыл ныллӕууыд, ӕмӕ куы мард [комкоммӕ «йӕ уд куы иста», фиппаинаг], уӕд лӕппуйы схуыдта Бенони».

Ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад куыд фӕзынд

 Чырыстон динтӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад Библийӕ нӕ райстой, фӕлӕ рагон грекъаг философтӕй. Иу энциклопедийы фыст ис: «Библимӕ гӕсгӕ уд у, улӕфгӕ цы кӕны, ахӕм цыдӕр. Ахӕм хъуыды дзы нӕй, ӕмӕ ис ӕнӕуынгӕ уд ӕмӕ ис зӕххон буар. Уд буарӕй хицӕн кӕй у, уыцы ахуырад аргъуантӕ райстой рагон грекъӕгтӕй» (Encyclopedia Britannica).

 Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, йӕ ахуырӕдтӕ йын адӕмы ахуырӕдтимӕ куы схӕццӕ кӕнынц, зӕгъӕм, иу дзы у ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл» (Колоссӕгтӕм 2:8).

a Кӕс «The New Brown, Driver, and Briggs Hebrew and English Lexicon of the Old Testament», 659 фарс ӕмӕ «Lexicon in Veteris Testamenti Libros», 627 фарс. Библийы тӕлмацтӕй бирӕты дзырдтӕ не́феш ӕмӕ психе́ тӕлмац сты контекстмӕ гӕсгӕ, зӕгъӕм, ахӕм дзырдтӕй: «уд», «цард», «адӕймаг», «цӕрӕгой» кӕнӕ «буар».