Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн йӕ бон у йӕ дин ныууадзын?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн йӕ бон у йӕ дин ныууадзын?

 О. Фӕлӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг нӕ организаци ныууагъта?

  •   Уый тыххӕй куы зӕгъа кӕнӕ куы ныффысса. Адӕймагӕн йӕ бон у зӕгъын кӕнӕ ныффыссын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уа, уый йӕ кӕй нал фӕнды, уый.

  •   Уый исты хъуыддагӕй куы равдиса. Адӕймагӕн йӕ бон у равдисын, кӕй йӕ нал фӕнды, цӕмӕй, ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй уа (1 Петры 5:9). Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕндӕр диныл ныххӕца ӕмӕ уый тыххӕй фӕхабар кӕна (1 Иоанны 2:19).

Ӕмӕ зӕгъӕм, адӕймаг хъусын кӕныны хъуыддаджы нал архайы кӕнӕ уе ’мбырдтӕм нал цӕуы. Уӕд уый афтӕ нымад уыдзӕн, ӕмӕ уӕ организаци ныууагъта?

 Нӕ уыдзӕн. Адӕймаг нӕ организаци ныууадза ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа, уыдон иу не сты. Адӕймаг кӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы кӕнӕ цасдӕр рӕстӕг Хуыцауӕн кӕй нал фӕлӕггад кӕны, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ йӕ дин уадзгӕ ныккодта. Арӕхдӕр хъуыддаг уый мидӕг вӕййы, ӕмӕ цӕйдӕр тыххӕй йӕ ныфс асӕтты. Ахӕм адӕймагыл мах нӕ къух нӕ сисӕм, фӕлӕ дзы ныфс бауадзӕм ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14; Иудӕйы 22). Ӕмӕ адӕймаджы куы бафӕнды, уӕд ын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕнынц, цӕмӕй та йӕ уырнындзинад сфидар уа (Галатӕгтӕм 6:1; 1 Петры 5:1–3).

 Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уый бар нӕй, цӕмӕй искӕуыл тыхӕй хӕцой, хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, зӕгъгӕ. Алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у, цавӕр диныл хӕст уыдзӕн, уый (Йесо Навин 24:15). Адӕймаджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хъуамӕ йӕхи фӕнда ӕмӕ уый хъуамӕ кӕна ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Псалом 110:3; Матфейы 22:37).