Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ миссионерты куыст кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ миссионерты куыст кӕнынц?

 О. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмфӕнды ма цӕрой, алкӕмдӕр архайынц, цӕмӕй миссионерты куыст кӕной, ома адӕмӕн дзурой сӕ уырнындзинады тыххӕй (Матфейы 28:19, 20).

 Уымӕй уӕлдай ма иуӕй-иу Ӕвдисӕнтӕ рӕстӕгмӕ кӕнӕ та цӕрынмӕ дӕр ацӕуынц сӕ бӕстӕйы ӕндӕр рӕттӕм, цӕмӕй уым цӕрӕг адӕмӕн Библийы фыст хорз хабар радзурой. Кӕцыдӕр Ӕвдисӕнтӕ та ацӕуынц ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа фылдӕр лӕггад кӕнын. Уыдонӕн стыр цины хос у, Чырыстийы пехуымпарад сыл кӕй ӕххӕст кӕны: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8).

 1943 азы арӕзт ӕрцыд ног скъола – «Галаады скъола», цӕмӕй дзы нӕ миссионерты цӕттӕ кӕнӕм. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы скъолайы сахуыр кодта 8 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр.