Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Хъӕбатыр пионер

Андре Элиас

Хъӕбатыр пионер
  • РАЙГУЫРД: 1915 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1940 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыд хъӕбатыр пионер; кӕд ӕм пъӕлицӕмӕ бирӕ хӕттыты фӕсидтысты ӕмӕ-иу ӕм ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр нӕ басаст.

ДЫККАГ дунеон хӕсты рӕстӕг ӕфсымӕр Элиас ӕмӕ йӕ цардӕмбал Джозефинӕйы ӕрбаластой Сукабумимӕ, Явӕйы скӕсӕн хаймӕ, япойнаг ӕфсӕддон пъӕлицӕ кемпейтайы участокмӕ. Фыццаг фӕдзырдтой Андремӕ, ӕмӕ йыл фарстатӕ фӕд-фӕдыл сармадзаны нӕмгуытау нызгъӕлстой: «Чи сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ? Японийы хицауады ныхмӕ стут? Шпион дӕ?»

– Мах стӕм Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтам,– дзуапп сын радта Андре.

Цӕстыфӕныкъуылдмӕ къулыл ауыгъд самурайаг хъама хистӕр офицеры къухы февзӕрд ӕмӕ Андрейы сӕрмӕ ферттывта.

– Ӕмӕ дын дӕ сӕр куы атӕхын кӕнон, уӕд та? – йӕ маст тыххӕй уромгӕйӕ сдзырдта офицер.

Андре йӕ сӕр стъолыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕхинымӕр акуывта. Иуцасдӕр сӕ иу ныхас дӕр ничиуал скодта. Стӕй офицер йӕ дзыхыдзаг ныххудт.

– Уӕллӕй, хъӕбатыр адӕймаг дӕ! – загъта офицер.

Уый фӕстӕ та ралӕууыд Джозефинӕйы рад. Уый дӕр, Андре цы загъта, ӕндӕр куы ницы загъта, уӕд ма офицер мӕстыйӕ афтӕ бакодта:

– Цӕй шпионтӕ ӕмӕ цӕй цыдӕр стут сымах та! Цӕугӕ ут ардыгӕй!

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ «мӕнг ӕфсымӕртӕ» Андрейыл пъӕлицӕмӕ ныхас бахастой, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой (2 Кор. 11:26). Цалдӕр мӕйы Андре хордта, камерӕйы къанауы-иу хӕринаджы уӕлдӕйттӕй цы ссардта, уый, ӕмӕ уый фӕрцы удӕгасӕй баззад. Ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕн Андрейы уырнындзинад басӕттын нӕ бантыст. Иухатт ӕй Джозефинӕ куы бабӕрӕг кодта, уӕд ын сусӕгӕй афтӕ бакодта: «Ма мын тӕрс. Маргӕ мӕ кӕной ӕви мӕ сӕрибар кӕной, уӕддӕр ӕз мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нӕ сивдзынӕн. Фӕлтау мын мӕ мард ардыгӕй ахӕссӕнт, цӕйнӕфӕлтау уӕйгӕнӕг суон».

Ахӕстоны ӕхсӕз мӕйы куы фӕбадт, уӕд ын Джакартӕйы Сӕйраг тӕрхондоны фадат уыди йӕ барты сӕрыл дзурынӕн, ӕмӕ йӕ рауагътой.

Иу-30 азы фӕстӕ та Индонезийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнын куы нал уагътой, уӕд сакъадах Сулавесийы цӕгат хайы горӕт Манадойы зылды прокурор Андремӕ йӕхимӕ фӕдзырдта.

– Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕй нӕй, уый зоныс? – бафарста йӕ прокурор.

– Зонын,– дзуапп ын радта Андре.

– Дӕ дин аивын дӕ нӕма фӕнды?

Андре йӕхи размӕ фӕгуыбыр кӕнгӕйӕ йӕ риу тымбылкъухӕй ныццавта ӕмӕ фидарӕй загъта:

– Мӕ зӕрдӕ мын мӕ риуӕй куы стонат, уӕддӕр мын мӕ дин никуы аивын кӕндзыстут!

Прокурор Андрейы ауагъта ӕмӕ йӕ уымӕй фӕстӕмӕ никуыуал батыхсын кодта.

Андре амард 2000 азы, 85 азы йыл куы цыди, уӕд. 60 азы бӕрц Андре зынгзӕрдӕйӕ фӕлӕггад кодта пионерӕй.