Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

133 СӔР

Йесойы бавӕрдтой

Йесойы бавӕрдтой

МАТФЕЙЫ 27:57–28:2 МАРЧЫ 15:42–16:4 ЛУКАЙЫ 23:50–24:3 ИОАННЫ 19:31–20:1

  • ЙЕСОЙЫ МАРД ХЪӔДӔЙ ӔРИСТОЙ

  • ЙӔ МАРД ЫН НЫГӔНЫНМӔ БАЦӔТТӔ КОДТОЙ

  • СЫЛГОЙМӔГТӔ ЗӔППАДЗ АФТИДӔЙ БАЙЙӔФТОЙ

Уыди 14 нисан майрӕмбон изӕрырдӕм. Хурныгуылды фӕстӕ хъуамӕ райдыдтаид 15 нисан, сабат. Йесо амард, фӕлӕ йын йӕ фӕйнӕ фарс цы дыууӕ абырӕджы байтыгътой, уыдон нырма удӕгас уыдысты. Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ «мард ӕхсӕвы хъӕдыл ма баззадаид» – хъуамӕ-иу ӕй «тӕккӕ уыцы бон» баныгӕдтаиккой (Дыккаг закъон 21:22, 23).

Уымӕй уӕлдай майрӕмбон Цӕттӕгӕнӕн бон хуыдтой, уымӕн ӕмӕ-иу адӕм сабатмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу сабаты фӕудмӕ аргъӕвӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы куыстытӕ бакӕныныл-иу архайдтой. Хурныгуылды фӕстӕ хъуамӕ райдыдтаид «стыр» сабат (Иоанны 19:31). Фӕлӕ стыр сабат цӕмӕн уыди? 15 нисан уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, ӕмӕ уыцы бон та алы хатт дӕр нымад уыд сабатбоныл (Левит 23:5, 6). Ӕмӕ уыцы аз бӕрӕгбоны фыццаг бон ӕнӕуи дӕр сабатмӕ кӕй ӕрхауд, ома къуырийы ӕвдӕм бонмӕ, уымӕ гӕсгӕ уыди стыр сабат.

Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕ Пилатӕн загътой, цӕмӕй Йесойӕн ӕмӕ йын йӕ фӕйнӕ фарс кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕн сӕ зӕнгтӕ асастаиккой. Уӕд тагъддӕр амардаиккой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ бон нал уыдаид сӕ зӕнгты фӕрцы сӕхиуыл схӕцын ӕмӕ сулӕфын. Гъемӕ ӕфсӕддонтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дыууӕ абырӕджы зӕнгтӕ асастой. Фӕлӕ Йесомӕ нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг уыди, кӕй амард. Афтӕмӕй сӕххӕст, Псаломы 34:20 стихы цы фыст ис, уый: «Йе стджытӕ йын иууылдӕр хъахъхъӕны, иу дӕр ын дзы саст не ’рцыд».

Йесо ӕцӕгдӕр мард кӕй уыд, уый цӕмӕй дызӕрдыггаг мауал уыдаид, уый тыххӕй йын ӕфсӕддонтӕй сӕ иу зӕрдӕмӕ хӕстӕг йӕ фарс арцӕй барӕхуыста. Ӕмӕ дзы ӕвиппайды «туг ӕмӕ дон ракалд» (Иоанны 19:34). Ӕмӕ та уымӕй дӕр сӕххӕст пехуымпарад: «Уыдон кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ» (Захари 12:10).

Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд уым уыди иу «хъӕздыг лӕг», аримафейаг Иосиф (Матфейы 27:57). Уый уыди Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕй иу ӕмӕ уыд нымад лӕг. Библи йӕ хоны «хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг», уый «ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ». Иосиф «Йесойы ахуыргӕнинаг уыди», ӕмӕ разы нӕ уыд, Синедрион Йесойӕн цы тӕрхон рахаста, уыимӕ. Ӕцӕг, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй уыд, уый «нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст» (Лукайы 23:50; Марчы 15:43; Иоанны 19:38). Иосиф Пилатмӕ уӕндонӕй бацыди ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта. Фӕлӕ Пилаты фӕндыд, Йесо ӕцӕгдӕр амард ӕви нӕ, уый базонын. Гъемӕ, мӕлӕты тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыцы ӕфсӕддон къорды хицаумӕ фӕдзырдта, ӕмӕ, хабар бӕлвырд куы базыдта, уӕд Йесойы мард Иосифӕн радта.

Иосиф та сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымац балхӕдта ӕмӕ, Йесойы мард хъӕдӕй куы ӕриста, уӕд ӕй уым батыхта, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кодта. Иосифӕн ма ӕххуыс кодта Никодим дӕр – «Йесомӕ фыццаг хатт ӕхсӕвы чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг» (Иоанны 19:39). Никодим йемӕ ӕрбахаста 30 килӕйы бӕрц зынаргъ миррӕ ӕмӕ алойы тыхтон. Ӕмӕ Йесойы мард уыцы хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытимӕ хӕцъилты батыхтой, дзуттӕгтӕ-иу мард ныгӕнынмӕ куыд цӕттӕ кодтой, афтӕ.

Иосифӕн та уырдӕм хӕстӕг уыди, къӕдзӕхы кӕй бакъахта ӕмӕ ӕвӕрд кӕм ничима уыд, ахӕм ног зӕппадз, ӕмӕ Йесойы мард уым бавӕрдтой. Зӕппадзы бахизӕныл та стыр дур бафӕлдӕхтой. Уыдӕттӕ бакодтой тагъд-тагъд, цалынмӕ сабат нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кодтой Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ Гыццыл Иаковы мад Марийӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ куыддӕр бавӕрдтой, афтӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, «цӕмӕй хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой» ӕмӕ сабатбоны фӕстӕ Йесойы мардмӕ ноджы хуыздӕр базылдаиккой (Лукайы 23:56).

Дыккаг бон, сабаты, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтӕ Пилатмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы цӕстфӕлдахӕг ма ӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта, ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ зӕгъ, цӕмӕй йын ӕртыккаг бонмӕ йӕ ингӕн хъахъхъӕной, науӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцӕудзысты, адавдзысты йӕ ӕмӕ стӕй дзурдзысты: „Мӕрдтӕй райгас!“ Уӕд фӕстаг сайд фыццаг сайдӕй фыддӕр уыдзӕн». Пилат сын загъта: «Хъахъхъӕнджытӕ уӕм ис, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ йӕ хъахъхъӕнут» (Матфейы 27:63–65).

Хуыцаубоны та райсомӕй раджы Марийӕ Магдалинӕ, Иаковы мад Марийӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ зӕппадзмӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ахастой, цӕмӕй Йесойы мардмӕ базылдаиккой. Ӕмӕ фӕндагыл кӕрӕдзийӕн дзырдтой, «зӕппадзмӕ бахизӕнӕй нын дур чи афӕлдахдзӕн», зӕгъгӕ (Марчы 16:3). Фӕлӕ уӕдмӕ зӕххӕнкъуыст ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы зӕд дур иуварс афӕлдӕхта, стӕй хъахъхъӕнджытӕ дӕр уым нал уыдысты, ӕмӕ зӕппадз дӕр разынди афтид!