Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 ЗАРӔГ

Йегъовӕйы фарс слӕуу!

Йегъовӕйы фарс слӕуу!

(Рацыд 32:26)

  1. 1. Раздӕр нӕ зӕрдӕ уыди фарнӕй цух.

    Мӕнг дины уацары ’фхӕрд уыд ӕдзух.

    Стӕй уӕд нӕ зӕрдӕмӕ бакалди рухс –

    Хорз хабар фехъуыстам мах!

    БАЗАРД

    Слӕуу фидарӕй абон Йегъовӕйы фарс.

    Никуы дӕ ныууадздзӕн. Дӕ зӕрдӕ йыл дар.

    Фарны, цины хабар хӕсс алкӕмӕ дӕр.

    Паддзахады бартӕ кӕндзысты фылдӕр.

  2. 2. Абон Хуыцауы фарс иумӕ лӕууӕм,

    Хорз хабар алкӕмдӕр хъусын кӕнӕм.

    ’Нӕмӕнгӕй алкӕмӕн хъуамӕ зӕгъӕм:

    «Немӕ Хуыцауы фарс слӕуу».

    БАЗАРД

    Слӕуу фидарӕй абон Йегъовӕйы фарс.

    Никуы дӕ ныууадздзӕн. Дӕ зӕрдӕ йыл дар.

    Фарны, цины хабар хӕсс алкӕмӕ дӕр.

    Паддзахады бартӕ кӕндзысты фылдӕр.

  3. 3. Нӕ, мах Сайтанӕй нӕ фӕтӕрсдзыстӕм,

    Алкӕд Йегъовӕ Хуыцауимӕ стӕм.

    Знӕгтӕ нын ис, фӕлӕ фидар лӕууӕм –

    Махӕн Хуыцау у нӕ ныфс!

    БАЗАРД

    Слӕуу фидарӕй абон Йегъовӕйы фарс.

    Никуы дӕ ныууадздзӕн. Дӕ зӕрдӕ йыл дар.

    Фарны, цины хабар хӕсс алкӕмӕ дӕр.

    Паддзахады бартӕ кӕндзысты фылдӕр.