Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 ЗАРӔГ

Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

(Дзуттӕгтӕм 1:6)

  1. 1. Скад кӕнут зӕрдӕйӕ

    Хуыцауы фыццаг Фыртӕн!

    Уый у нӕ Паддзах абон,

    Рӕстӕй алкӕд архайдзӕн.

    Хуыцауы номӕй размӕ

    Уӕлахизмӕ цӕуы.

    Йегъовӕйӕн йӕ бартӕ

    Ӕрфидар кӕндзӕн уый.

    БАЗАРД

    Скад кӕнут зӕрдӕйӕ

    Хуыцауы фыццаг Фыртӕн!

    Сси Паддзах уый Сионыл,

    Ныр Хицау у не ’ппӕтӕн!

  2. 2. Скад кӕнут зӕрдӕйӕ

    Хуыцауы фыццаг Фыртӕн!

    Йӕ цард нывондӕн радта,

    Цӕмӕй ныфс уа адӕмӕн.

    Чырыстийӕн йӕ «усаг» –

    Урс дарӕсты йӕ раз’.

    Сӕ чындзӕхсӕв Хуыцауӕн

    Ӕрхӕсдзӕни стыр кад.

    БАЗАРД

    Скад кӕнут зӕрдӕйӕ

    Хуыцауы фыццаг Фыртӕн!

    Сси Паддзах уый Сионыл,

    Ныр Хицау у не ’ппӕтӕн!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 2:6; 45:3, 4; Рарг. 19:8.)