Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ бон у?

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ бон у?

Библийы бирӕ хорз адӕмы тыххӕй ис фыст. Уыдоны тыххӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, искуы ахъуыды кодтай: «Мӕн уыдонмӕ нырма бирӕ хъӕуы! Мӕн ӕнӕфау кӕнӕ рӕстгӕнӕг адӕймаг схонӕн нӕй, стӕй алы хатт, раст цы у, уый нӕ фӕаразын».

Иов «уыди ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг» (Иов 1:1)

Иовы тыххӕй Библийы фыст ис, «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг» кӕй уыд (Иов 1:1). Лоты та Библи хоны «рӕстуд адӕймаг» (2 Петры 2:8). Давиды тыххӕй дзы загъд ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы цӕсты «раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый» арӕзта (1 Паддзӕхты 14:8). Фӕлӕ ацы адӕмы цардмӕ бӕстондӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, 1) уыдон дӕр кӕй рӕдыдысты, 2) нӕ бон сӕ бафӕзмын цӕмӕй у ӕмӕ 3) ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

УЫДОН ДӔР РӔДЫДЫСТЫ

Хуыцау, «ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты фервӕзын кодта» (2 Петры 2:7)

Иов не ’мбӕрста, стыр бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыд, кӕд ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Уый тыххӕй ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уон ӕви ма уон, уӕддӕр мыл нӕ тыхсы (Иов 9:20–22). Иов йӕхи ахӕм раст адӕймаг хуыдта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма Хуыцауӕй растдӕр у (Иов 32:1, 2; 35:1, 2).

Лот фӕстӕ-фӕстӕ кодта, хуымӕтӕг уынаффӕ рахӕссын ӕй куы хъуыди, уӕд. Йӕ уд Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕнӕуаг цӕрджыты хӕлд митӕй сфӕлмӕцыд. «Уыцы рӕстуд адӕймаг алы бон хъизӕмар кодта», цы фыдхъуыддӕгтӕ уыдта, уыдоны тыххӕй (2 Петры 2:8). Хуыцау ын фехъусын кодта, уыцы хӕлд горӕттӕ фесафынмӕ кӕй хъавы ӕмӕ йын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн фадат радта, цӕмӕй фервӕзтаиккой. Лот уыцы хабар куыддӕр фехъуыста, афтӕ хъуамӕ ралыгъдаид уырдыгӕй. Фӕлӕ уӕддӕр тагъд нӕ кодта. Уӕд ӕм Хуыцау йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кодтаиккой. Уыдон сын сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ӕдас ранмӕ акодтой (Райдиан 19:15, 16).

Давид «ӕппӕт зӕрдӕйӕ [Хуыцауы] коммӕ каст ӕмӕ арӕзта, [йӕ] цӕсты раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый» (1 Паддзӕхты 14:8)

Давид иухатт йӕхиуыл фӕхӕцын нӕ бафӕрӕзта, ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаджы усимӕ ӕмуат ӕрцыд. Цӕмӕй йӕ тӕригъӕд ма рахъӕр уыдаид, уый тыххӕй йын йӕ лӕджы амарын кодта (2 Самуилы, 11 сӕр). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Давид цы сарӕзта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыд стыр тӕригъӕд» (2 Самуилы 11:27).

Иов дӕр, Лот дӕр ӕмӕ Давид дӕр рӕдыдысты, суанг ма-иу стыр тӕригъӕдтӕ дӕр ракодтой. Фӕлӕ се ’ртӕйы дӕр ӕппӕт удӕй фӕндыд Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Уыдон-иу сӕ рӕдыдыл уайтагъд басастысты ӕмӕ-иу сӕ сраст кӕнын цы хъуыд, уый-иу ӕнӕзивӕгӕй сраст кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕм Хуыцау хорз цӕстӕй каст, ӕмӕ сӕ Библи дӕр хоны иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ.

НӔ БОН СӔ БАФӔЗМЫН ЦӔМӔЙ У?

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ма рӕдийӕм (Ромӕгтӕм 3:23). Фӕлӕ-иу куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ-иу стӕй, нӕ бон цы у, уый саразӕм, цӕмӕй-иу нӕ рӕдыд сраст кӕнӕм.

Иов, Лот ӕмӕ Давид сӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕныныл куыд архайдтой? Иов ӕцӕгдӕр рӕстзӕрдӕ адӕймаг уыд. Хуыцау йемӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зондахаст аивта ӕмӕ йӕ ныхӕстыл ӕрфӕсмон кодта (Иов 42:6). Лот дӕр Содом ӕмӕ Гоморрӕйы адӕмы хӕлд митӕм каст, Хуыцау сӕм цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй. Уыцы рӕстӕг та йӕ рӕдыд уый мидӕг уыд, ӕмӕ тагъд кӕнын куы хъуыди, уӕд нӕ фӕтагъд кодта. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалынмӕ цы горӕтыл хъавыд, уырдыгӕй рацыд, ӕмӕ йӕ йӕ фыдӕх нӕ баййӕфта. Стӕй Хуыцауы коммӕ бакаст, ӕмӕ йын горӕты цы баззад, уыдӕттӕм фӕстӕмӕ нал фӕкаст. Кӕд Давид Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт ӕмӕ уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уӕддӕр йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, ӕцӕгдӕр зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фыдракӕнд ныххатыр кодтаид (Псалом 51).

Хуыцау уыцы нӕлгоймӕгтӕм хорз цӕстӕй кӕй каст, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕмӕй, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр кӕй нӕ домы. Хуыцау «хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14). Цымӕ нӕм уӕд цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Хуыцау «хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14)

ӔНӔХХӔСТ АДӔМӔН СӔ БОН КУЫД У ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔ РУХС КӔНЫН?

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ бон куыд у, уый базонӕн ис, Давид йӕ фырт Соломонӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй: «Мӕ фырт Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн... дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд» (1 Азфыстыты 28:9). Цы нысан кӕны «зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд», кӕнӕ ӕнӕхъӕн зӕрдӕ? Ахӕм зӕрдӕ Хуыцауы уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фӕндон зона ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕна. Ахӕм зӕрдӕ ӕххӕст нӕу, фӕлӕ йӕ тынг фӕнды Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ цӕттӕ у ивынмӕ. Иов, Лот ӕмӕ Давид Хуыцауы кӕй уарзтой ӕмӕ сӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы цӕсты Иов уыд «ӕнӕфау», Лот – «рӕстуд адӕймаг», Давид та – «раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый» чи арӕзта, ахӕм адӕймаг. Кӕд се ’ртӕ дӕр рӕдыдысты, уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтой.

Йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауимӕ кӕмӕн ис, уый тынг фӕфӕнды, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон базона ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса

Уӕдӕ афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ нӕ сӕры ӕвзӕр хъуыдытӕ фӕзыны, нӕхи дӕр нӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй, кӕнӕ ахӕм исты фӕзӕгъӕм, ӕмӕ стӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ӕрхуды, йе та ахӕм исты саразӕм, ӕмӕ фӕстӕдӕр бамбарӕм, раст кӕй нӕ уыдыстӕм. Ахӕм уавӕры нын ныфсы хос уыдзысты, кӕуыл аныхас кодтам, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕ. Хуыцау ӕй зоны, нырма уыцы рӕстӕг кӕй нӕу, цӕмӕй ӕххӕст уӕм. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауимӕ куы уа, уӕд ӕй фидарӕй зондзыстӕм, йӕ зӕрдӕ йын кӕй рухс кӕнӕм.