Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъӕуы мӕ ӕфстау ӕхца исын?

Хъӕуы мӕ ӕфстау ӕхца исын?

«Хӕс исын чындзӕхсӕв у, йӕ фидын та – зиан» (ӕмбисонд суахили ӕвзагыл).

АЦЫ ӕмбисонд хорз зонынц Скӕсӕн Африкӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕгас дунейы цӕрӕг адӕм дӕр ацы ныхӕстимӕ сразы уыдзысты. Искуы дӕхи афтӕ хатыдтӕ, де ’мбӕлттӕй кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕй ӕфстау куы истай, уӕд? Хатт адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ ӕфстау ӕхца райсын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ цымӕ уый раст у? Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзысты ӕфстауисджытӕ?

Ӕндӕр суахилиаг ӕмбисондӕй та зыны, ӕфстау исын цӕмӕ ӕркӕны, уый. Ӕмбисонд зӕгъы: «Кӕд дӕ де ’мбалы фесафын фӕнды, уӕд дзы ӕфстау райс кӕнӕ йын ратт». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг искӕмӕй хӕс куы дара, уӕд, гӕнӕн ис, йе ’мбалимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ йӕ ахастытӕ фехӕлой ӕмӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты бацӕуой. Алцыдӕр хорз куы спълан кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хорз фӕндтӕ куы уа, уӕддӕр хабӕрттӕ алы хатт, мах куыд фӕфӕнды, афтӕ нӕ рауайынц. Зӕгъӕм, афоныл нӕ хӕс куы нӕ бафидӕм, уӕд уый ӕфстаудӕттӕджы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ мӕсты кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ ахастытӕ фехӕлой, суанг нӕ бинонтӕ дӕр кӕрӕдзимӕ зул цӕстӕй кӕсын райдайой. Ӕфстау исын арӕх масты хос кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕфстау исыныл тагъд макуы кӕнӕм – ӕндӕр гӕнӕн куы нӕ уа, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Уымӕй уӕлдай ма, адӕймаг ӕфстау ӕхца куы райса, уӕд уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ахастытыл Хуыцауимӕ дӕр фӕзына. Куыд? Йӕ хӕстӕ барӕй чи нӕ фиды, уый Библи хоны фыдгӕнӕг (Псалом 37:21). Афтӕ дӕр ма дзы ис фыст: «Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар» (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Ӕфстауисӕг хъуамӕ уый ӕмбара, ӕмӕ, цалынмӕ йӕ хӕс нӕ бафида, уӕдмӕ ӕфстаудӕттӕджы раз хӕсджын кӕй у. Ам ма хорз сфидаудзӕн ноджы иу африкаг ӕмбисонд: «Ӕндӕр адӕймаджы къӕхтӕ ӕфстау куы райсай, уӕд цӕудзынӕ, кӕдӕм дын зӕгъа, уырдӕм». Ацы ӕмбисонд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хӕсты бын чи фӕци, уый йӕхи цы фӕнды, уый нал фӕкӕны.

Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг фыццаджыдӕр хъуамӕ бафида йӕ хӕс. Науӕд масты хай фӕуыдзӕн. Адӕймагӕн йӕ хӕс куы фылдӕр кӕна, уӕд фылдӕр мӕстыты хай фӕуыдзӕн, ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ ӕрвитдзӕн, фылдӕр кусдзӕн, йӕ цардӕмбалимӕ хыл кӕндзӕн ӕмӕ, гӕнӕн ис, хицӕн дӕр ауой. Ноджы фыддӕр та уый у, ӕмӕ гӕнӕн ис хъуыддаг тӕрхондонмӕ бахауа  ӕмӕ адӕймаджы ахӕстоны дӕр сбадын кӕной. Куыд раст сты Ромӕгтӕм 13:8 стихы ныхӕстӕ: «Макӕмӕй мацы хӕс дарут. Ис уыл ӕрмӕстдӕр иу хӕс – кӕрӕдзи уарзын»!

ӔФСТАУ ИСЫН ӔНӔМӔНГ ХЪӔУЫ?

Уӕдӕ цӕуыл аныхас кодтам, уымӕй бӕрӕг у, адӕймаг куыд къӕрцхъус хъуамӕ уа, ӕфстау райсын ӕй куы фӕнда, уӕд. Ахъуыды ма кӕн: «Ӕнӕмӕнг мӕ хъӕуы ӕфстау райсын? Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ мӕ бинонтӕ ӕнӕ уыцы ӕхцайӕ нӕ фӕцӕрдзысты? Ӕви уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зыд кӕнын кӕнӕ, чи зоны, мӕ дзыпп цас амоны, уымӕй мӕ фылдӕр хъӕуы?». Хӕсты бын фӕуыны бӕсты фылдӕр хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй дӕм цы ис, уымӕй разы уай.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагыл ахӕм хабар дӕр ӕрцӕуы, ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕй, хъуамӕ хӕс райса. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ йӕхи ма фегад кӕна. Куыд?

Фыццаджыдӕр, исчи дӕм иннӕтӕй хъӕздыгдӕр куы кӕса, уӕд ын йӕ рӕдаудзинадӕй ма пайда кӕн. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ кӕд адӕймаг хъӕздыг у, уӕд йӕ хӕс у, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Стӕй афтӕ дӕр ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, хӕсджын нӕ дӕн, цӕмӕй ахӕм адӕймагимӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уон. Хӕлӕг ма кӕн, хъӕздыг ӕнхъӕл кӕй дӕ, уыдонмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 28:22).

Дыккаджыдӕр та, уый ӕмӕ дӕ бон цы у, уый сараз, цӕмӕй дӕ хӕс бафидай ӕмӕ уый афоныл саразай. Ӕфстаудӕттӕг дын кӕд ӕмгъуыд нӕ загъта, уӕддӕр дӕхӕдӕг ӕмгъуыд скӕн ӕмӕ йӕ уыцы афонмӕ бафид. Цӕмӕй уе ’хсӕн ӕнӕмбӕрст цыдӕртӕ ма рауайа, уый тыххӕй алцыдӕр гӕххӕттыл ныффыссут (Йереми 32:9, 10). Хуыздӕр уаид, ӕфстау цы ӕхца райстай, уыдон дӕхӕдӕг куы бахӕссис, цӕмӕй дӕ бон уа адӕймагӕн бузныг дӕр зӕгъын. Ацы фарстайы ӕууӕнкджын куы уай, уӕд дын адӕмимӕ цӕрын ӕнцон уыдзӕн. Йесо Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матфейы 5:37). Уымӕй уӕлдай ма, кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл дарут «сызгъӕрин уагӕвӕрд»: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).

ХОРЗ УЫНАФФӔ БИБЛИЙӔ

Библийы ис хуымӕтӕг уынаффӕ, цӕмӕй адӕймаг ӕфстау ӕхца ма иса. Уым фыст ис: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд» (1 Тимофеймӕ 6:6). Ӕндӕр ныхасӕй, цы дӕм ис, уый фагыл куы нымайай, уӕд дын уыдзӕн диссаджы фадат, цӕмӕй хӕсы уӕззау уаргъы бын ма фӕуай. Фӕлӕ абоны царды тынг бирӕ сайӕнтӕ ис, ӕмӕ дын цы ис, уымӕй разы уай, уый ӕнцон нӕу. Ӕмӕ ам хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг «Хуыцауыл иузӕрдион уа». Цӕмӕн?

Ӕркӕсӕм иу чырыстон лӕг ӕмӕ усы цӕвиттонмӕ Азийӕ. Ӕрыгӕттӕ ма куы уыдысты, уӕд сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыдысты, йӕхи хӕдзар кӕмӕн уыди, ахӕм адӕм. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтой хӕдзар балхӕнын, цы ӕхца сӕм уыди, стӕй ма банчы ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕй ӕфстау цы райстой, уымӕй. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстой, куыд зын у алы мӕй дӕр хӕстӕ фидын. Райдыдтой фылдӕр кусын ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг нал фаг кодта. «Мӕты бафтыдтӕн, катай кодтон ӕмӕ ӕхсӕв нал фынӕй кодтон. Цыма мыл стыр дур ныффӕлдӕхти, мӕхи афтӕ хатыдтӕн. Раст цыма хуыдуг кодтон»,– дзуры лӕг.

«Исбонмӕ ӕмӕ ӕхцамӕ Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дӕ уый хъахъхъӕндзӕн»

Цасдӕры фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты 1 Тимофеймӕ 6:6 стихы ныхӕстӕ ӕмӕ бамбӕрстой, ӕрмӕстдӕр сын иу хъуыддаг кӕй баххуыс кӕндзӕн – хъуамӕ сӕ хӕдзар ауӕй кӕной. Дыууӕ азы сӕ бахъуыди, цӕмӕй сӕ хӕстӕй фервӕзтаиккой. Зондӕн дзы цы райстой? «Исбонмӕ ӕмӕ ӕхцамӕ Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дӕ уый хъахъхъӕндзӕн»,– дзурынц уыдон.

Статьяйы райдианы цы ӕмбисонд ис, уый бирӕтӕ зонынц. Фӕлӕ адӕм уӕддӕр ӕфстау ӕхца исынц. Уӕдӕ, Библийӕ цы уагӕвӕрдтыл аныхас кодтам, уыдон нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Хъӕуы мӕ ӕфстау ӕхца исын?»