Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХОРЗ АДӔМЫЛ ӔВЗӔР ХАБӔРТТӔ ЦӔМӔН ЦӔУЫ?

Ӕвзӕр хабӕрттӕ сты тынг арӕх!

Ӕвзӕр хабӕрттӕ сты тынг арӕх!

Смитӕ *, 35-аздзыд сылгоймаг, цард Даккӕйы (Бангладеш). Смитӕ уыди тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ адӕмы бирӕ уарзта. Иууылдӕр ӕй зыдтой куыстуарзаг ӕмӕ хъӕлдзӕг адӕймагӕй. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Фӕлӕ йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ арвыцӕфау фесты, ӕвиппайды куы ӕрбарынчын ӕмӕ иу къуыримӕ куы ӕрбамард, уӕд.

Джеймсыл дӕр ӕмӕ йӕ бинойнагыл дӕр цыди 30 азӕй гыццыл фылдӕр, цӕргӕ та кодтой Нью-Йорчы. Уыдонӕн дӕр Смитӕйау адӕмы ’хсӕн хорз ном уыд. Иухатт уалдзӕджы Америкӕйы Иугонд Штатты ныгуылӕн хаймӕ се ’мбӕлттӕм ацыдысты. Фӕлӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарыл нал сӕмбӕлдысты – аварийы фӕмард сты. Сӕ мӕлӕт сӕ хӕстӕджыты ӕмӕ, кӕимӕ куыстой, уыдоны зӕрдӕты арф хъӕдгом ныууагъта.

Абон фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ тынг арӕх сты. Хӕстыты ӕрмӕст ӕфсӕддонтӕ нӕ амӕлынц, фӕлӕ ӕнӕуи адӕм дӕр. Тыхми ӕмӕ фыдракӕндты амӕттаг бавӕййынц ӕнаххос адӕм. Адӕймаг бӕллӕхты бахауы кӕнӕ уӕззау низӕй фӕрынчын вӕййы, цасфӕнды йыл ма цӕуа ӕмӕ цыфӕнды бынат ма ахса, уӕддӕр. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕнӕхъӕн горӕттӕ зӕххы цъарӕй фесафынц. Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц. Тынг парахат сты хӕрам хъуыддӕгтӕ. Чи зоны, дӕуыл дӕр царды уӕззау цӕфтӕ сӕмбӕлд.

Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕймагмӕ кӕй фӕзыны ахӕм фарстатӕ:

  • Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?

  • Ахӕм хабӕртты Хуыцау у аххосджын?

  • Бӕллӕхтӕ ӕнӕуи ӕрцӕуынц ӕви адӕмы аххосӕй?

  • Цымӕ уый кармӕ у, ома адӕймаг, йӕ раздӕры царды цытӕ арӕзта, уый тыххӕй хъизӕмар кӕны?

  • Кӕд ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ис, уӕд хорз адӕмы ӕвзӕрдзинадӕй цӕуылнӕ хизы?

  • Искуы фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕздзыстӕм?

Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй уал хъӕуы базонын: ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ Хуыцау цы сараздзӕн?

^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.