Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔНӔ ХУЫЦАУӔЙ ЦӔРӔН ИС?

Ӕнӕ Хуыцауӕй амондджынӕй цӕрӕн ис?

Ӕнӕ Хуыцауӕй амондджынӕй цӕрӕн ис?

Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг амондджын вӕййы, алцыдӕр ын куы вӕййы, уӕд. Фӕлӕ психиатртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уа. Уый бӕрӕг у, адӕм сӕ алы боны хъуыддӕгтӕ аразынӕй уӕлдай цӕмӕдӕрты кӕй тырнынц кӕнӕ цавӕрдӕр стыр хъуыддаджы номыл сӕхиуыл кӕй нӕ фӕауӕрдынц, уымӕй. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ къухӕй цавӕрдӕр рӕсугъд дзауматӕ аразынц, ахуыр кӕнынц музыкалон инструменттыл цӕгъдын ӕмӕ зарын кӕнӕ иртасынц зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты дуне. Фӕлӕ уыдӕтты фӕрцы дӕр сӕ фылдӕр амондджындӕр нӕ фӕвӕййынц.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм амондджын уой абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр

Ӕцӕгдӕр, адӕм ӕй сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй Хуыцауы агурынц. Библи чи кӕсы, уыдон ууыл дис нӕ кӕнынц. Райдианы чиныджы фыццаг сӕртӕй нӕ бон базонын у, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд-иу семӕ кӕй ныхас кодта. Афтӕмӕй сӕ бон уыд, цӕмӕй хорз ӕмбӕлттау баввахс уыдаиккой (Райдиан 3:8–10). Хуыцау адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй цардаиккой. Адӕм хъуамӕ се Сфӕлдисӕгимӕ ныхас кӕной. Уый ӕнӕмӕнг кӕй у, уый кой Библийы арӕх ис.

Зӕгъӕм, Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3). Уӕдӕ нӕ Хуыцауы зонын кӕй фӕнды, уый нӕ туджы рахастам. Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм, уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд, ома Хуыцауы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ куы фылдӕр кӕнӕм. Уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис Чырыстийы ныхӕстӕй: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матфейы 4:4). Цымӕ нын уыцы «дзырдтӕ», ома Библийы фыст Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ амындтӕ, куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уӕм? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

Мах хъӕуы хорз разамынд

Абон бирӕ алыхуызон ахуыргӕндтӕ дуне уынаффӕтӕ дӕттынц уарзондзинады, амонды ӕмӕ бинонты царды фӕдыл, стӕй, иннӕтимӕ куыд цӕрын хъӕуы, зын фарстатӕ куыд скъуыддзаг кӕнын хъӕуы ӕмӕ суанг, адӕймаг цӕй тыххӕй цӕры, уыдӕтты фӕдыл дӕр. Фӕлӕ ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты куыд кӕнгӕ у, уый не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ хуыздӕр чи зоны ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр уынаффӕтӕ чи ратдзӕн?

Дзаумайы инструкцийау, Библи у разамынды чиныг нӕ цардӕн

Зӕгъӕм, ног къамисӕн кӕнӕ компьютер куы балхӕнай, уӕд уал ын фыццаг ӕркӕсдзынӕ йӕ инструкцимӕ, ома дзы куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл йемӕ цы амындтӕ вӕййы, уыдонмӕ. Библи дӕр абарӕн ис ахӕм инструкциимӕ. Уый у «инструкци» адӕймаджы цардӕн. Дӕтгӕ та нын ӕй ракодта Хуыцау – не Скӕнӕг. Уым нын ӕмбарын кӕны, цард нын цӕй тыххӕй радта ӕмӕ дзы куыд «пайда кӕнын» хъӕуы, цӕмӕй дзы райгонд уӕм.

Хорз инструкцийау нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм, нӕ цардӕн тӕссаг чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Иннӕты уынаффӕтӕ нӕм, чи зоны, хорз ӕмӕ раст фӕкӕсой, фӕлӕ не Сфӕлдисӕджы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын цымӕ хуыздӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй нӕ бахиздзыстӕм?

«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн» (Исай 48:17, 18).

Библийы нӕ бон у ссарын, ӕнӕмӕнг нӕ чи хъӕуы, уыцы разамынд ӕмӕ ӕххуыс

Кӕд нын Йегъовӕ, куыд цӕрын хъӕуы, уый амоны ӕмӕ нын уынаффӕтӕ дӕтты, уӕддӕр нын тыхӕй ницы аразын кӕны. Бирӕ нӕ чи уарзы ӕмӕ нӕ хорздзинадмӕ чи бӕллы, ахӕм адӕймагау нын фӕлмӕнӕй дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн» (Исай 48:17, 18). Цыбырдзырдӕй, Хуыцауы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм. Ӕндӕр ныхасӕй, ӕнӕ Хуыцауӕй амондджынӕй цӕрӕн нӕй.

Мах хъӕуы амындтӕ, зын уавӕрты куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл

Иуӕй-иуты Хуыцау уымӕн нӕ уырны, ӕмӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, кӕд адӕмы уарзы, уӕд царды бирӕ цыдӕртӕ бамбарӕн нӕй. Зӕгъӕм, фӕхъуыды кӕнынц: «Хорз адӕм цӕмӕн хъуамӕ хъизӕмар кӕной?» Кӕнӕ: «Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ сахъатӕй цӕмӕн райгуырынц?» Йе та: «Рӕстдзинад цӕуылнӕ ис?» Адон хуымӕтӕг фарстатӕ не сты, ӕмӕ сын раст дзуапп куы ссарӕм, уӕд уый тынг фӕзындзӕн нӕ цардыл. Ахӕм хъуыддӕгты Хуыцауы аххосджын кӕныныл тагъд кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ уал хъӕуы базонын, уыцы фарстаты фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый.

Райдианы чиныджы ӕртыккаг сӕры фыст ис, Хӕйрӕг калмы уылты фыццаг сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы кӕй фӕрӕдийын кодта – Йегъовӕ сын афтӕ кӕмӕй загъта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕрут, зӕгъгӕ, уымӕй сын бахӕрын кодта, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуын кодта. Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 2:16, 17; 3:4, 5).

Уыцы ныхӕстӕй Хӕйрӕг ӕрмӕст уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, Хуыцау сайгӕ кӕй кӕны, фӕлӕ адӕмӕн раст разамынд кӕй нӕ дӕтты, уый дӕр. Хӕйрӕг загъта, адӕм уымӕ куы хъусой, уӕд сӕ цард хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Уыцы фарстатӕ куыд аскъуыддзаг кӕнӕн уыд? Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ, куыд цыдысты, афтӕ цыдаиккой, ӕмӕ уӕд иууылдӕр федтаиккой, Хӕйрӕг дзы цы загъта, уый раст у ӕви нӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ фарс чи у, уыдоны сӕхи бар ныууагъта, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй ӕцӕгдӕр хорз цӕрдзысты ӕви нӕ.

Дӕумӕ гӕсгӕ, Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта? Адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон хорз цӕрын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын у? Хъизӕмӕрттӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕ, низтӕ, мӕлӕт, фыдракӕндтӕ, ӕнӕгъдаудзинад, хӕстытӕ, геноцид, стӕй ӕндӕр ахӕм бӕллӕхтӕ адӕмы ӕнусты дӕргъы ӕнцад цӕрын кӕй нӕ уадзынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон сӕхицӕн разамынд дӕттын нӕу. Библийӕ бӕрӕг у, уыцы бӕллӕхты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын. Адӕм ахӕм уавӕры сӕйраджыдӕр цӕмӕн сты, уый тыххӕй дзы фыст ис: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

Уӕдӕ цымӕ бӕрӕг нӕу, чи нӕ тыхсын кӕны, ӕрмӕст уыцы фарстатӕй кӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы фӕрсын, фӕлӕ сӕ куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, уымӕй дӕр? Хуыцау уый тыххӕй цы сараздзӕн?

Мах хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс

Адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр бӕллынц, цӕмӕй ма рынчын кӕной, ма зӕронд кӕной ӕмӕ ма мӕлой. Ӕмӕ цӕмӕй уый сӕ къухы бафта, уый тыххӕй хардз кӕнынц тынг бирӕ рӕстӕг, тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ сын кӕд исты рауайы, уӕддӕр уадиссагӕй ницы. Иуӕй-иуты ныфс уыд, низтӕй, зӕронддзинадӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕздзысты цавӕрдӕр ӕвдадзы хосы кӕнӕ ӕвзонгдзинады суадоны фӕрцы. А фӕстаг рӕстӕджы та адӕмы стыр ныфс ис наукӕйӕ. Фӕлӕ сӕ бӕллицтӕй ницы уайы.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм хорз цӕрой ӕмӕ амондджын уой. Цард дӕр сын уый тыххӕй радта, ӕмӕ дзы уый абоны онг дӕр рох нӕу (Райдиан 1:27, 28; Исай 45:18). Йегъовӕ фидарӕй зӕгъы, цы сфӕнд кӕны, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст вӕййы (Исай 55:10, 11). Йӕ Ныхасы фыст ис, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, фыццаг адӕм сӕхи ӕнӕхай кӕмӕй фӕкодтой, уыцы дзӕнӕт та ногӕй зӕххыл кӕй уыдзӕн. Библийы фӕстаг чиныджы бакӕсӕн ис ахӕм ныхӕстӕ: «[Йегъовӕ] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4). Хуыцау уыцы диссаджы цард куыд сараздзӕн ӕмӕ, ахӕм цардӕй ныфс кӕй бавӕрдта, уымӕй махӕн цы пайда ис?

Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, кӕй хъуамӕ кувой, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уа. Уыцы куывд бирӕтӕ зонынц, стӕй арӕх фӕкувынц афтӕ. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Йӕ Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ фесафдзӕн, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд кӕй дӕттынц, уый сӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдон иууылдӕр ӕмӕ скӕндзӕн, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дуне (Данел 2:44; 2 Петры 3:13) *. Цӕмӕй мах дӕр уыцы цардӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

Цы аразын нӕ хъӕуы, уый тыххӕй Йесо Чырысти загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм ног дунейы цӕрын. Ӕмӕ ма дын ныр, чи зоны, фӕзынд ноджы иу аххосаг, цӕмӕй сразы уай, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уыимӕ.

Ныр у рӕстӕг Хуыцауыл ахъуыды кӕнынӕн

Дыууӕ мин азы размӕ апостол Павел Ареопаджы куы уыд, уӕд, йӕхи философи кӕмӕн уыд ӕмӕ, иннӕтӕ цы дзырдтой, уымӕ байхъусын дӕр чи уарзта, уыцы афинӕгтӕн загъта: «[Хуыцау] алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр. Уымӕн ӕмӕ мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм, уӕ фысджытӕй дӕр чидӕртӕ куыд загътой, „мах не ’ппӕт дӕр йӕ цот стӕм“, зӕгъгӕ, афтӕ» (Хъуыддӕгтӕ 17:25, 28).

Павелы ныхӕстӕ раст сты абон дӕр. Не Сфӕлдисӕг нын дӕтты алцыдӕр: уӕлдӕф, хӕринаг, дон. Уыдӕттӕ нын Йегъовӕ куы нӕ дӕттид, уӕд зӕххыл иу адӕймаг дӕр нал баззаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ цӕмӕн кӕны, кӕд ыл бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, уӕддӕр? Павел загъта: «Цӕмӕй Хуыцауы агурой, агурой йӕ зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27).

Нӕ дӕ фӕнды Хуыцауы хуыздӕр базонын? Ома базонын, цы фӕндтӕ йӕм ис, уый ӕмӕ нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй абон нӕ цардӕй райгонд уӕм ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм цӕрӕм. Кӕд о, уӕд уый тыххӕй зӕгъ, ацы журнал дын чи ӕрбахаста, уымӕн, йе та ныффысс, мыхуыры йӕ чи уадзы, уыдонмӕ, ӕмӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты.

^ 20 абз. Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы зӕххыл йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ссарӕн ӕй ис сайты www.isa4310.com/os.