Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | РААВ

Йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд

Йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд

ХУР скаст ӕмӕ Иерихоны алыварс дӕлвӕз ныррухс. Раав рудзынгӕй ракаст, ӕмӕ федта, дӕлвӕзы знаджы ӕфсад, израилӕгтӕ, куыд ӕмбырд кӕнынц. Ногӕй та горӕты алыварс зилын куы райдыдтой, уӕд сӕ къӕхты бын рыг сыстад, ӕмӕ уӕлдӕфы сыкъаты уаст айзӕлыд.

Раав цард Иерихоны, ӕмӕ йын хорз зыдта йӕ уынгтӕ, йӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, адӕмӕй азмӕлӕнтӕ кӕм нӕ уыд, уыцы базартӕ. Фӕлӕ йын йӕ цӕрджыты та ноджы хуыздӕр зыдта. Раав уыдта, израилӕгтӕ-иу алы бон дӕр сӕ горӕты алыварс куы зылдысты, уӕд-иу адӕмы тас куыд бацыд. Фӕлӕ-иу Иерихонмӕ сыкъаты уаст куы ’рбайхъуыст, уӕд-иу Раав нӕ катай кодта ӕмӕ-иу йӕ ныфс нӕ асаст.

Раав каст, ӕвдӕм бон райсомӕй раджы израилӕгтӕ горӕты алыварс зилын куыд райдыдтой, уымӕ. Израилӕгты ӕфсӕддонты ’хсӕн уыд сауджынтӕ дӕр. Уыдон хастой бадзырды чырын ӕмӕ сыкъатӕй уасыдысты. Чырын дзурӕг уыд, сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ кӕй уыд, ууыл. Раавы хӕдзар уыд Иерихоны стыр къулы мидӕг. Нӕ цӕстытыл ӕнцонтӕй ауайын кӕндзыстӕм, Раав, йӕ рудзынгыл цы сырх бӕттӕн ауыгъд уыд, ууыл куыд хӕцыд ӕмӕ ӕддӕмӕ куыд каст. Уыцы бӕттӕн ын йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ныфс ӕй цӕмӕй уыд, уый: горӕт куы ныппырх уа, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр аирвӕздзысты. Цымӕ Раав йӕ адӕмыл гадзрахатӕй рацыд? Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Йегъовӕйы цӕсты Раав уыд, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Уӕдӕ йын йӕ хабармӕ райдианӕй ӕркӕсӕм, ӕмӕ фенӕм, нӕ бон дзы базонын цы у.

РААВ – ХӔТАГ СЫЛГОЙМАГ

Раав уыд хӕтаг сылгоймаг. Раздӕры историктӕй иуӕй-иуты уыцы хабар нӕ уырныдта, ӕмӕ дзырдтой, Раав хӕтгӕ кӕй нӕ кодта, фӕлӕ ӕнӕуи фысымуаты хицау кӕй уыд. Фӕлӕ Библийы уый тыххӕй ӕргом фыст ис (Йесо Навин 2:1; Дзуттӕгтӕм 11:31; Иаковы 2:25). Ханаайнӕгтӕм хӕтаг сылгоймаг ӕгад нӕ уыд, фӕлӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, кадджыныл нымад дӕр уыд. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Раавмӕ йе ’фсарм дӕр афтӕ дзырдта. Ӕфсарм у, Хуыцау нӕ алкӕйдӕр кӕмӕй схайджын кодта, ома, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, уыцы миниуӕг (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Ӕвӕццӕгӕн, Раавмӕ худинаг каст, ахӕм цард кӕй кодта, уый. Абон ахӕм цард чи кӕны, уыдонау, чи зоны, Раавмӕ дӕр афтӕ каст, цыма къӕппӕджы бахауд, ӕмӕ дзы фервӕзӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ бинонты ӕндӕр цӕмӕй фӕдардтаид, уый йын нӕ уыд.

Раав хуыздӕр цардмӕ кӕй бӕллыд, ууыл дзырд дӕр нӕй. Йӕ бӕстӕйы фыддзинад ӕмӕ хӕлд митӕ тынг парахат уыдысты, адӕм ма-иу суанг сӕ тугхӕстӕджытимӕ ӕмӕ фосимӕ дӕр ӕмуат ӕрцыдысты (Левит 18:3, 6, 21–24). Уыцы хъуыддӕгтӕ афтӕ парахат кӕй уыдысты, уый баст уыд мӕнг динимӕ. Зӕгъӕм, кувӕндӕтты-иу адӕм сӕ хуыцӕутты номыл хӕтыдысты, стӕй-иу мӕнг хуыцӕуттӕ Ваал ӕмӕ Молохӕн сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой – удӕгасӕй-иу сӕ арты басыгътой.

Ханааны цытӕ цыд, уыдӕттӕ Йегъовӕ иууылдӕр уыдта. Йӕ цӕрджытӕ ахӕм фыдхъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, уый тыххӕй Йегъовӕ афтӕ загъта: «Зӕхх... счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн» (Левит 18:25). Цымӕ сӕ куыд хъуамӕ бафхӕрдтаид? Хуыцау израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Йегъовӕ уыцы адӕмты гыццылгай уӕ разӕй фӕсурдзӕн» (Дыккаг закъон 7:22). Уымӕй ӕнустӕ раздӕр Йегъовӕ загъта, уыцы зӕхх Авраамы байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн та «йӕ бон сайын нӕу» (Титмӕ 1:2; Райдиан 12:7).

Фӕлӕ ма Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтӕй кӕцыдӕрты сӕфты хай кӕй хъуамӕ бакӕной (Дыккаг закъон 7:1, 2). Йегъовӕ, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг», алы адӕймаджы зӕрдӕ дӕр уыны, ӕмӕ йӕ зыдта, фыддзинад сӕ зӕрдӕты арф уидаг кӕй ауагъта ӕмӕ сӕ хӕлд митӕ уадзынвӕнд кӕй нӕ кодтой (Райдиан 18:25; 1 Азфыстыты 28:9). Цымӕ Хуыцау фесафынмӕ кӕй хъавыд, уыцы горӕты цӕрын Раавӕн ӕнцон уыд? Израилӕгты хабӕртты тыххӕй-иу исты куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ куыд кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи йеддӕмӕ ничи зыдта. Раав зыдта, израилӕгтӕ – ӕфхӕрд цагъартӕ – сӕ Хуыцауы фӕрцы кӕй фӕуӕлахиз сты Египеты ӕфсадыл, уыцы заман зӕххы цъарыл ӕппӕты хъомысджындӕр ӕфсад чи уыд, ууыл. Ӕмӕ ныр та израилӕгтӕ хъуамӕ ӕрбабырстаиккой Иерихонмӕ! Фӕлӕ йӕ цӕрджытӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзыныл хъуыды дӕр нӕ кодтой. Уӕдӕ бӕрӕг у, Библи ханаайнӕгты афтӕ цӕмӕн хоны, «чи нӕ байхъуыста, уыдон», зӕгъгӕ (Дзуттӕгтӕм 11:31).

Раав ахӕм нӕ уыд. Бирӕ азты дӕргъы, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, израилӕгты тыххӕй ӕмӕ-иу сын сӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй цытӕ фехъуыста, ууыл. Куыд тынг хицӕн кодта израилӕгты Хуыцау ханаайнаг хуыцӕуттӕй! Уый йӕ адӕмы йӕ къӕхты бын не ’ссӕста, фӕлӕ сӕ сӕрыл тох кодта, алы чъизи митӕ сын нӕ кӕнын кодта, фӕлӕ сӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл ахуыр кодта. Уыцы Хуыцауы цӕсты сылгоймӕгтӕ уыдысты кадджын, ӕнӕгъдау миты тыххӕй кӕй уӕй кодтой ӕмӕ кӕй ӕлхӕдтой, стӕй се ’лгъаг хуыцӕутты номыл алы хӕлд митӕ кӕнын кӕмӕн кодтой, ахӕмтӕ нӕ, фӕлӕ. Раав куы базыдта, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс кӕй ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сӕм бабырсын фӕнд кӕй кӕнынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, мӕт кодта, йӕ адӕм цы бауыдзысты, ууыл. Цымӕ Йегъовӕ Раавы уыдта ӕмӕ йӕм хорзӕй цы уыд, уымӕн аргъ кодта?

Абон дӕр Раавы хуызӕн адӕм бирӕ ис. Уыдон дӕр сӕхи афтӕ хатынц, цыма къӕппӕджы бахаудысты – ахӕм цард кӕнынц, ӕмӕ сӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нӕ нымайынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал кӕлы. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр ӕмӕ сын аргъ дӕр ничи кӕны. Раавы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцау нӕ алкӕй дӕр кӕй уыны. Ӕмӕ нӕхимӕ цыфӕнды ницӕйаг ма кӕсӕм, уӕддӕр «уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Хуыцау тынг хӕстӕг у, чи йыл ӕууӕнды, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ цӕттӕ у, стӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ ныфс бауадза. Цымӕ йыл Раав дӕр ӕууӕндыд?

СГАРДЖЫТЫ СУАЗӔГ КОДТА

Израилӕгтӕ Иерихоны алыварс зилын куы райдыдтой, уымӕй иу цасдӕры размӕ дыууӕ ӕцӕгӕлон нӕлгоймаджы ӕрлӕууыдысты Раавы дуары раз. Ныфс сӕ уыд, кӕй ничи сӕ бафиппайдзӕн, фӕлӕ горӕты цӕрджытӕ тынг тыхстысты ӕмӕ бирӕтӕ тынг къӕрцхъус уыдысты, уымӕн ӕмӕ тарстысты, израилӕгтӕй сӕм сгарджытӕ куы ӕрбахъуыза, уымӕй. Раав, ӕвӕццӕгӕн, уайтагъд бамбӕрста, йӕ разы чи ис, уый. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕм ӕнӕзонгӕ нӕлгоймӕгтӕ никуы ӕрбацыд. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ уыдоны, сӕхи кӕимӕ аирхӕфстаиккой, ахӕм хӕтаг сылгоймаг нӕ хъуыд, фӕлӕ бынат бахсӕвиуат кӕнынӕн.

Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы, ӕцӕгдӕр, уыдысты сгарджытӕ Израилы адӕмӕй. Сӕ разамонӕг Йесо Навин сӕ арвыста, цӕмӕй базыдтаиккой, Иерихон тыхджын ӕмӕ лӕмӕгъ цӕмӕй у, уыдӕттӕ. Ханааны зӕххыл фыццаг уыцы горӕт хъуамӕ бацахстаиккой ӕмӕ йӕ горӕттӕй та ӕппӕты фидардӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд. Йесо Навины фӕндыд базонын, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Дызӕрдыггаг нӕу, сгарджытӕ Раавы хӕдзар барӕй кӕй равзӕрстой. Иннӕ бынӕттӕй уӕлдай, хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ бон уыд бацӕуын, куыд ничи сӕ федтаид, афтӕ. Сгарджыты ма, чи зоны, ныфс уыд, адӕм цӕуыл дзурынц, уый кӕй фехъусдзысты, ӕмӕ сын пайда цы фӕуыдзӕн, ахӕмӕй исты кӕй базондзысты.

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Раав «ӕрвыст лӕгты... суазӕг кодта» (Иаковы 2:25). Мидӕмӕ сӕ бакодта ӕмӕ кӕд, чи сты, стӕй цӕмӕн ӕрбацыдысты, уый тыххӕй сӕм йӕ зӕрдӕ фехсайдта, уӕддӕр сӕ ӕхсӕв йӕ хӕдзары ӕрлӕууын бауагъта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс уыд, сӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр кӕй базондзӕн.

Фӕлӕ уалынмӕ Иерихоны паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ йӕ дуармӕ ’рбалӕууыдысты. Израилаг сгарджытӕ Раавы хӕдзармӕ кӕй ӕрбацыдысты, уыцы хабар ахъӕр. Цы хъуамӕ акодтаид Раав? Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы йӕ хӕдзары кӕй сты, уый куы не схъӕр кодтаид, уӕд, мыййаг, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты тӕссаг уавӕры не ’ппӕрста? Иерихоны цӕрджытӕ куы базыдтаиккой, се знӕгты сын кӕй бамбӕхста, уӕд сӕ цымӕ нӕ амардтаиккой? Иннӕмӕй та Раав ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, йӕ уазджытӕ чи уыдысты, ууыл. Ӕмӕ кӕд зыдта, йӕхӕдӕг кӕмӕн куывта, уыцы хуыцауӕй Йегъовӕ бирӕ хуыздӕр кӕй у, уӕд ын цымӕ уый хорз фадат нӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы фарс слӕууыдаид?

Хъуыды кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ уыд. Раав уайтагъд аскъуыддзаг кодта, куыд бакӕндзӕн, уый. Сгарджыты хӕдзары сӕрмӕ скодта ӕмӕ дзы хус кӕнынмӕ цы гӕн калд уыди, уый ӕхсӕн сӕ бамбӕхста. Уый фӕстӕ паддзахы ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «О, уыди мӕм чидӕртӕ, фӕлӕ кӕцӕй уыдысты, уый нӕ зыдтон. Куы ’рталынг ӕмӕ кулдуар куы ’хгӕдтой, уӕд ацыдысты. Кӕдӕм ацыдысты, уый та нӕ зонын. Тагъддӕр сӕ фӕстейӕ асурут, ӕмӕ сӕ баййафдзыстут» (Йесо Навин 2:4, 5). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Раав паддзахы ӕрвыст лӕгты цӕсгӕмттӕм куыд каст. Цымӕ йӕм диссаг фӕкастаид, дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп дын хъусӕм, зӕгъгӕ йын куы загътаиккой, уӕд?

Раав ӕууӕндыд израилӕгты Хуыцауыл

Йӕ хин фӕнд йӕ къухы бафтыд! Паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ Иорданы тӕнджыты ’рдӕм атындзыдтой (Йесо Навин 2:7). Раав, ӕвӕццӕгӕн, йӕ риуы дзаг сулӕфыд. Ӕнцонтӕй йын рауад, искӕуыл марынӕй чи нӕ бацауӕрстаид ӕмӕ хабар базоныны бар кӕмӕн нӕ уыд, уыцы нӕлгоймӕгты асайын ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕнын.

Раав фӕстӕмӕ хӕдзары сӕрмӕ суад ӕмӕ, хабар куыд рауад, уый дыууӕ сгарӕгӕн радзырдта. Уымӕй уӕлдай ма сын загъта, йӕ адӕмӕн сӕ ныфс кӕй асаст ӕмӕ тынг кӕй тӕрсынц, ӕрбабырсынмӕ сӕм чи хъавы, уыцы адӕмӕй. Уый уыд хорз хабар, ӕмӕ йӕ сгарджытӕ куы фехъуыстой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бацин кодтой. Уыцы фыдадӕм, ханаайнӕгтӕ, ӕмризӕджы рызтысты, Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ цы хъару ис, уый койӕ! Уый фӕстӕ та Раав загъта, алкӕмӕн дӕр нӕ ноджы ахсджиагдӕр чи у, ахӕм ныхас: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Йесо Навин 2:11). Йегъовӕйы тыххӕй цы фехъуыста, уый йын фаг уыд, цӕмӕй бамбӕрстаид иу хъуыддаг: Израилы Хуыцауыл йӕ бон уыд йӕ ныфс дарын. Ӕмӕ Йегъовӕйыл баууӕндыд.

Раав ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ сгарджытӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Сгарджытӕ сразы сты, ӕрмӕст ын загътой, цӕмӕй сӕ ма схъӕр кодтаид ӕмӕ цӕмӕй йӕ рудзынгыл сырх бӕттӕн бабастаид – уӕд ын ӕфсӕддонтӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр ницы кодтаиккой (Йесо Навин 2:12–14, 18).

Уырнындзинады тыххӕй Раавы хабарӕй нӕ бон у базонын иу ахсджиаг хъуыддаг. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ уыцы хабар куы фехъусы» (Ромӕгтӕм 10:17). Раав фехъуыста Йегъовӕйы тых ӕмӕ йӕ рӕстдзинады тыххӕй, ӕмӕ йыл баууӕндыд ӕмӕ йыл йӕ ныфс дарын райдыдта. Абон махӕн Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон бирӕ фылдӕр у базонын. Уӕдӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ Библийы фӕрцы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йыл ӕууӕндӕм.

ФИДАР ГОРӔТ НЫККАЛД

Дыууӕ сгарӕджы Раавы ныхасмӕ гӕсгӕ, йӕ рудзынгыл цы бӕндӕн ауыгъд уыд, ууыл бынмӕ ӕрхызтысты ӕмӕ стӕй, Иерихонӕй цӕгатырдӕм цы хӕхтӕ уыд, уырдӕм сӕхи айстой. Уым уыд бирӕ лӕгӕттӕ ӕмӕ къуылдымтӕ. Сгарджытӕ хъуамӕ сӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой, Раавӕй кӕй базыдтой, уыцы хорз хабар, ӕмӕ сын цалынмӕ, сӕ цатыртӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм фӕстӕмӕ ӕдасӕй ацӕуынӕн фадат фӕзындаид, уӕдмӕ сӕ бон уыд уым ӕмбӕхсын.

Раав Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы гӕны ’хсӕн кӕй бамбӕхста, уымӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрста

Иерихоны адӕм куы базыдтой, Йегъовӕ Иорданы цӕугӕдоны дӕттӕ кӕй ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ сур зӕххыл иннӕ фарсмӕ кӕй ахызтысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фыртӕссӕй зыр-зыр кодтой (Йесо Навин 3:14–17). Фӕлӕ уыцы хабар Раавы ноджы тынгдӕр бафидар кодта, уымӕн ӕмӕ федта, Йегъовӕйыл дзӕгъӕлы кӕй не ’ууӕндыд, уый.

Стӕй райдыдтой, израилӕгтӕ Иерихоны алыварс куы зылдысты, уыцы бонтӕ – ӕхсӕз боны дӕргъы-иу алы бон дӕр горӕты алыварс иу хатт ӕрзылдысты. Ралӕууыд ӕвдӕм бон. Фӕлӕ уыцы бон иннӕ бонты хуызӕн нӕ уыд. Статьяйы райдианы куыд фыст ис, афтӕмӕй горӕты алыварс зилын райдыдтой, хур куы скаст, уӕд. Ӕмӕ йыл ӕфсад иу хатт куы ӕрзылд, уӕд не ’рлӕууыд, фӕлӕ йыл ногӕй ӕмӕ ногӕй зылд (Йесо Навин 6:15). Цымӕ цӕмӕн?

Уыцы бон йӕ алыварс ӕвдӕм хатт куы ’рзылдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты. Сыкъаты уаст дӕр банцад. Иу сыбыртт нал хъуыст. Горӕты цӕрджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг стыхстысты. Стӕй Йесо Навин Израилы ӕфсадӕн ацамыдта, ӕмӕ иууылдӕр хъӕлӕсыдзагӕй ныхъхъӕр кодтой. Иерихоны къулыл чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнджытӕ сын цымӕ сӕ хъӕры тыххӕй цы ахъуыды кодтой, мыййаг, горӕтмӕ бабырсыны размӕ цыдӕр ӕнахуыр митӕ кӕнынц, зӕгъгӕ? Фӕлӕ сын хъуыды кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ уыд. Горӕты стыр къул сӕ къӕхты бын банкъуысыд. Стӕй тынгдӕр нызмӕлыд, аскъуыдтӕ ис ӕмӕ ӕвиппайды ныккалд – гыбар-гыбурӕй ницыуал хъуысти! Рыг куы ӕрбадт, уӕд иууылдӕр федтой, къулӕн йӕ иу хай ӕнӕхъӕнӕй кӕй баззад. Раавы хӕдзар куыд уыд, афтӕ лӕууыд, раст цыма йӕ фидар уырнындзинады цыртдзӕвӕн уыд, уыйау. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ зӕрдӕ куыд кодтаид, Йегъовӕ йӕ куыд бахъахъхъӕдта, уый куы федта, уӕд! * Йӕ бинонтӕ удӕгасӕй баззадысты! (Йесо Навин 6:10, 16, 20, 21).

Йегъовӕйы адӕм дӕр Раавӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй аргъ кодтой. Куы йӕ федтой, хӕлд къулты астӕу иу хӕдзар, быдыры астӕу иунӕг бӕлас куыд лӕууа, афтӕ кӕй лӕууы, уӕд ма сӕ цы бамбарын хъуыд, уыцы сылгоймаджы Йегъовӕ кӕй бахъахъхъӕдта. Раав дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр фервӕзтысты, сӕ горӕты фыдадӕмӕн Хуыцау цы тӕрхон рахаста, уымӕй. Израилӕгтӕ горӕты цӕрджыты цагъд куы фесты, уӕд Раавӕн бар радтой, цӕмӕй цардаид, сӕ цатыртӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, уыцы бынатмӕ ’ввахс. Фӕстӕдӕр Раав цӕрын райдыдта Израилы адӕмимӕ. Смой кодта израилаг нӕлгоймаг Салмонмӕ. Йӕ фырт Вооз уыд фидар уырнындзинады хицау. Уый та ракуырдта моавитаг сылгоймаг Руфы * (Руф 4:13, 22). Паддзах Давид ӕмӕ фӕстӕдӕр та Мессийӕ рацыдысты уыдоны хӕдзарвӕндагӕй (Йесо Навин 6:22–25; Матфейы 1:5, 6, 16).

Раавы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны. Не ’ппӕты дӕр уыны, стӕй, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр дзы ӕмбӕхст нӕу, ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, Раавы уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад дзы куы фены уыд. Раав йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы» ӕрцыд (Иаковы 2:25). Уӕдӕ раппӕлинаг уыдзыстӕм, мах дӕр Раавау нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд!

^ 27 абз. Цымыдисаг у, дыууӕ сгарӕджы Раавимӕ цы бадзырд скодтой, Йегъовӕ уый ныхмӕ кӕй нӕ уыд.

^ 28 абз. Кӕд дӕ Руф ӕмӕ Воозы тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», 4 ӕмӕ 5 сӕртӕ.