Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС ЦАВӔРДӔР ФАРСТАЙЫЛ

Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕ уыны?

Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕ уыны?

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Кристинӕ, ӕрбацыд иу сылгоймагмӕ, йӕ ном Зӕлинӕ, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

ХУЫЦАУ КУЫД БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ УЫЦЫ ХАБАР ӔРЦЫДАИД?

Кристинӕ: Абон алкӕмӕн дӕр дӕттын мӕнӕ ацы трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?».

Зӕлинӕ: Дины тыххӕй у?

Кристинӕ: О, ӕркӕс-ма, фыццаг фарсыл цы ӕхсӕз фарстайы ис уыдонмӕ. Кӕцыйыл дӕ фӕнды...

Зӕлинӕ: Бахатыр кӕн. Дӕ рӕстӕг мемӕ дзӕгъӕлы сафыс.

Кристинӕ: Цӕмӕн афтӕ зӕгъыс?

Зӕлинӕ: Уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцау нӕ уырны.

Кристинӕ: Ӕмӕ дӕ никуы уырныдта?

Зӕлинӕ: Уырныдта. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ аргъуанмӕ цыдтӕн, фӕлӕ йӕ стӕй ныууагътон.

Кристинӕ: Бахатыр кӕн, мӕ ном Кристинӕ. Дӕуӕн та?

Зӕлинӕ: Зӕлинӕ.

Кристинӕ: Зӕлинӕ, ӕз цӕуыл ӕууӕндын, ууыл дӕ баууӕндын кӕнон, уый тыххӕй дӕм не ’рбацыдтӕн. Фӕлӕ-ма зӕгъ, дӕ хорзӕхӕй, Хуыцауыл цӕйдӕр тыххӕй не ’ууӕндыс?

Зӕлинӕ: О, 17 азы размӕ мӕ мад аварийы бахауд.

Кристинӕ: Хъыг мын у. Ӕмӕ йын исты уыд?

Зӕлинӕ: Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ къахыл нал слӕууыд.

Кристинӕ: Ӕвӕццӕгӕн, тынг маст кӕныс?

Зӕлинӕ: Бӕгуыдӕр. Зӕгъ-ма, кӕд Хуыцау ис, уӕд куыд бауагъта, цӕмӕй уыцы хабар ӕрцыдаид? Ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн уадзы?

АХӔМ ФАРСТАТӔ ДӔТТЫН НЕ ’МБӔЛЫ?

Кристинӕ: Афтӕ кӕй хъуыды кӕныс ӕмӕ дӕм ахӕм фарстатӕ кӕй ис, уый бамбарӕн ис. Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд не ’ппӕтмӕ дӕр ахӕм фарстатӕ фӕзыны. Библийы фыст ис, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, суанг ма-иу уыцы нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ сылгоймӕгтӕм дӕр кӕй фӕзынд ахӕм хъуыдытӕ.

Зӕлинӕ: Ӕцӕгдӕр?

Кристинӕ: Ӕркӕс-ма, пехуымпар Аввакум Хуыцауы цӕмӕй фарста, уымӕ. Аввакумы 1 сӕры 2 ӕмӕ 3 стихтӕ: «О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай? Цас ма дӕм сиддзынӕн ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ ацы фыддзинадӕй фервӕзын кӕнай? Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз?» Дӕумӕ дӕр ахӕм фарстатӕ вӕййы?

Зӕлинӕ: О.

Кристинӕ: Хуыцау Аввакумӕн никуы бауайдзӕф кодта, ахӕм фарстатӕ мӕм куыд дӕттыс, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын афтӕ дӕр никуы загъта, зӕгъгӕ, дӕм фаг уырнындзинад нӕй.

Зӕлинӕ: Диссӕгтӕ.

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЗЫН У НӔ ХЪИЗӔМӔРТТӔМ КӔСЫН

Кристинӕ: Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, фӕлӕ ныл тыхсы.

Зӕлинӕ: Ома?

Кристинӕ: Иу стихмӕ-ма ӕркӕсӕм. Рацыды чиныг 3 сӕр, 7 стих. Бакӕсдзынӕ йӕ?

Зӕлинӕ: «Стӕй йын Йегъовӕ загъта: „Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц“».

Кристинӕ: Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ уыны?

Зӕлинӕ: Ӕвӕццӕгӕн.

Кристинӕ: Фӕлӕ нын Хуыцау нӕ хъизӕмӕрттӕ ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны. Стихӕн-ма ногӕй йӕ фӕстаг ныхӕстӕм ӕркӕсӕм. Хуыцау зӕгъы: «Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц». Уӕдӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау дурзӕрдӕ у?

Зӕлинӕ: Нӕй.

Кристинӕ: О, Хуыцау нын нӕ зындзинӕдтӕ уыны, ӕмӕ куы фӕудхар кӕнӕм, уӕд ын уый зын вӕййы.

Зӕлинӕ: Гъым!

Кристинӕ: Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уый ма бӕрӕг у иу стихӕй. Ӕркӕсӕм-ма Исайы 63:9 стихмӕ. Фыццаг хайы фыст ис: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр». Уӕдӕ куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауӕн йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ нӕ рысти?

Зӕлинӕ: Куыд зыны, афтӕмӕй о.

Кристинӕ: О, Зӕлинӕ, Хуыцау ныл тынг тыхсы ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй хъизӕмар кӕнӕм. Махӕн зын куы вӕййы, уӕд зын вӕййы уымӕн дӕр.

ХУЫЦАУ ЦӔМӔН ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

Кристинӕ: Фӕстагмӕ ма мӕ фӕнды иу хъуыды зӕгъын.

Зӕлинӕ: Цавӕр?

Кристинӕ: Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцауы хъаруйы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ. Йеремийы 10:12 стих бакӕсдзынӕ?

Зӕлинӕ: «Уый зӕхх скодта йӕ тыхӕй, зӕхх ӕрфидар кодта йӕ зондӕй, арв айтыгъта йе ’мбарындзинады фӕрцы».

Кристинӕ: Ахъуыды-ма кӕн ацы ныхӕстыл. Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауы бирӕ тыхтӕ бахъуыд, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сфӕлдыстаид?

Зӕлинӕ: О, уӕдӕ.

Кристинӕ: Ӕмӕ кӕд Хуыцауӕн уый йӕ бон уыд, уӕд йӕ бон нӕу нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын?

Зӕлинӕ: У.

Кристинӕ: Уӕдӕ-ма зӕгъ, Зӕлинӕ, дӕ мадыл дӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссы?

Зӕлинӕ: Уымӕн ӕмӕ йӕ уарзын. Мӕ мад у.

Кристинӕ: Ӕмӕ дӕ бон куы уаид, уӕд ӕй тӕккӕ абон дӕр нӕ адзӕбӕх кӕнис?

Зӕлинӕ: Куыннӕ!

Кристинӕ: Библи зӕгъы, Хуыцау нын нӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны, йӕ зӕрдӕ ныл кӕй риссы ӕмӕ ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у. Ӕмӕ йӕ уӕд цас тых хъӕуы, цӕмӕй йӕхиуыл хӕца, ӕмӕ ацы тӕккӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон ма скӕна?

Зӕлинӕ: Ууыл никуы ахъуыды кодтон.

Кристинӕ: Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, нӕ хъизӕмӕрттӕн нын ныронг кӕрон кӕй не скодта, уымӕн ын исты аххосаг ис? *

Зӕлинӕ: Чи зоны.

Кристинӕ: Чидӕр дӕм телефонӕй дзуры. Уӕд ацы фарстайыл иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм.

Зӕлинӕ: Хорз *.

Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

^ 57 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 60 абз. Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй хъизӕмар кӕнӕм, ууыл ацы рубрикӕйы ныхас цӕудзӕн ӕндӕр хатт.