Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»

«Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»

ФАРАСТ азы мыл куы сӕххӕст, уӕдӕй фӕстӕмӕ нал рӕзын. Ныр мыл цӕуы 43 азы, фӕлӕ мӕ бӕрзӕнд иу метр йеддӕмӕ нӕу. Ӕндӕр кӕй нал сырӕздзынӕн, мӕ ныййарджытӕ уый куы бамбӕрстой, уӕд мын загътой, цӕмӕй мӕ тыхтӕ иууылдӕр кусынмӕ сарӕзтаин, ӕмӕ уый фӕрцы, гыццыл кӕй дӕн, ӕдзухдӕр ууыл ма хъуыды кодтаин. Гъемӕ нӕ хӕдзары раз райдыдтон дыргътӕ уӕй кӕнын. Мӕ кусӕн бынат сыгъдӕг кӕй дардтон, уый руаджы мӕм бирӕ ӕлхӕнджытӕ цыди.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕ тыхтӕ иууылдӕр куыстмӕ кӕй сарӕзтон, уый фӕрцы мӕ царды алцы нӕ фӕивта. Уӕддӕр тынг ныллӕг уыдтӕн, ӕмӕ мын уый тыххӕй суанг хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр тынг зын уыди. Зӕгъӕм, ахӕм зындзинӕдтӕй сӕ иу уыд, дуканийы тӕрхӕджытӕм кӕй не ’ххӕссыдтӕн, уый. Мӕ алыварс алцыдӕр арӕзт уыд, мӕнӕй дыууӕ хатты бӕрзонддӕр чи у, ахӕм адӕмӕн. Уый тыххӕй-иу мӕхимӕ ӕгуыдзӕг кастӕн. Фӕлӕ мыл 14 азы куы цыди, уӕд мӕ хъуыды фӕивтон.

Иубон мӕ дыууӕ сылгоймаджы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дыргътӕ балхӕдтой ӕмӕ фӕстӕдӕр мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстон, мӕхиуыл хъуыды кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй базонын. Ӕмӕ мын уый тынг баххуыс кодта. 73-ӕм псаломы 28-ӕм стих тынг бауарзтон. Уыцы стихы фыццаг хайы фыст ис: «Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын».

Иуафон нӕ бинонты Кот-д’Ивуарӕй Буркина-Фасомӕ алидзын бахъуыд, ӕмӕ уӕд мӕ цард тынг фӕивта. Раздӕр кӕм цардыстӕм, уым мыл адӕм ахуыр уыдысты – ӕдзухдӕр мӕ дыргътӕ уӕйгӕнгӕ уыдтой. Фӕлӕ нӕ ног бынаты цы адӕм цард, уыдонӕн уыдтӕн ӕцӕгӕлон, ӕмӕ бирӕтӕм тынг ӕнахуыр кастӕн. Адӕм-иу мӕм ныджджих сты. Ӕмӕ уый тыххӕй къуыригӕйтты хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ хызтӕн. Фӕлӕ стӕй ӕрхъуыды кодтон, Йегъовӕмӕ куы ’ввахс кодтон, уӕд мын куыд хорз уыди, уый. Гъемӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ ныффыстон, ӕмӕ мӕм ӕрбарвыстой, мӕн чи хъуыд, растдӕр уыцы адӕймаджы. Уый уыд, миссионерӕй чи лӕггад кодта, ахӕм хо, Нани, зӕгъгӕ. Нани мӕм ӕрбацыд гыццыл мотороллерыл.

Кӕм цардыстӕм, уым змисджын фӕндӕгтӕ кӕй уыд, уый тыххӕй сыл зын цӕуӕн уыди, къӕвдаты афон та-иу тынг цъыф уыдысты. Нани-иу мӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ куы цыди, уӕд-иу йӕ мотороллер бирӕ хӕттыты афӕлдӕхт, фӕлӕ-иу ӕй уый дӕр нӕ баурӕдта. Иу бон куы уыди, уӕд мӕ йемӕ ӕмбырдмӕ фӕхуыдта. Ӕз ӕй ӕмбӕрстон, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ куы рацӕуон, уӕд та мӕм адӕм кӕй джихтӕ кӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы мотороллер скъӕрын ӕнӕуи дӕр ӕнцон нӕ уыд, ӕмӕ ма йыл ӕз дӕр куы сбадтаин, уӕд та ноджы зындӕр уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр сразы дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдыл дардтон, кӕй уарзтон, уыцы стихӕн йӕ дыккаг хай: «Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг».

Ӕмбырдтӕм цӕугӕйӕ-иу хатт Наниимӕ цъыфы дӕр ныххаудыстӕм, фӕлӕ-иу нӕм уый нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕ бирӕ уарзтам. Паддзахады залы-иу мыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй бацин кодтой. Куыд тынг хицӕн кодтой, ӕддейӕ-иу мӕм чи джихтӕ кодта, уыцы адӕмӕй! Фараст мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон.

«Цӕмӕй йын йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй хъусын кӕнон»,– ай та у, бирӕ кӕй уарзын, уыцы стихӕн йе ’ртыккаг хай. Ӕз ӕй зыдтон, ӕппӕты зындӕр мын хъусын кӕнын кӕй уыдзӕн. Ныр дӕр ма йӕ хъуыды кӕнын, фыццаг хатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ куы ацыдтӕн, уый. Адӕм мӕм стырӕй-чысылӕй джихкаст кодтой, мӕ фӕдыл-иу цыдысты ӕмӕ, куыд цыдтӕн, уый-иу фӕзмыдтой. Уый мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг хъыг уыди, фӕлӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтон, Дзӕнӕт мӕн куыд хъӕуы, уыцы адӕмы дӕр афтӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ мын уыцы хъуыды ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтаин.

Цӕмӕй мын ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй мӕхицӕн самал кодтон ӕртӕцалхон велосипед къухӕй зилгӕ педалтимӕ. Уацамынды-иу фӕндаг хӕрдмӕ куы цыди, уӕд-иу мӕ ме ’мбал уӕлӕмӕ тъӕпп кодта, ӕмӕ-иу къуыбыры цъупмӕ куы схӕццӕ стӕм, уӕд-иу уый дӕр велойыл багӕпп кодта, ӕмӕ-иу уырдыгмӕ аскъӕрдтам. Кӕд мын фыццаг рӕстӕг уацамынды цӕуын тынг зын уыд, уӕддӕр, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын уыцы хъуыддаг ахӕм стыр цины хос сси, ӕмӕ 1998 азы райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын.

Библи бирӕтимӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ дзы цыппарӕй донаргъуыд дӕр райстой. Стыр цины хос ма мын у, мӕ хотӕй дӕр сӕ иу рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста! Хатт-иу афтӕ уыди, ӕмӕ-иу цӕйдӕр тыххӕй мӕ ныфс асаст. Фӕлӕ-иу растдӕр уыцы рӕстӕг фехъуыстон, иннӕтӕ рӕстдзинады фӕндагыл размӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй, ӕмӕ-иу мӕ уый стыр ныфс бауагъта. Зӕгъӕм, иуахӕмы уыдтӕн тӕфсӕгӕй рынчын, ӕмӕ уыцы рӕстӕг райстон писмо Кот-д’Ивуарӕй. Фыста мӕм, кӕддӕр Буркина-Фасойы университеты чи ахуыр кодта ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕимӕ базонгӕ дӕн, иу ахӕм студент. Йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ӕмӕ йӕ стӕй иу ӕфсымӕрӕн бабар кодтон, цӕмӕй йӕм уый цыдаид. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ уыцы студент Кот-д’Ивуармӕ ацыд. Ӕмӕ мӕм йӕ писмойы ныффыста, ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг кӕй сси, уый тыххӕй!

Мӕхи цӕмӕй дарын? Инвалидтӕн чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм организаци мӕ фӕхуыдта хуыйджыты курсытӕм. Ахуыргӕнджытӕй сӕ иу бафиппайдта, куыстуарзаг кӕй дӕн, ӕмӕ загъта: «Хъуамӕ дӕ сапӕттӕ аразын сахуыр кӕнӕм». Гъемӕ мӕ уыцы куыстыл сахуыр кодтой. Ӕмӕ ныр хӕдзары фӕаразын гӕрзтӕхсӕн ӕмӕ къухтӕхсӕн сапӕттӕ. Мӕ сапӕттӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр феппӕлынц. Ныр мын ис ӕртӕцалхон мотороллер ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн мӕ сапӕттӕ ууыл фӕласын.

Хъыгагӕн, 2004 азӕй фӕстӕмӕ пионерӕй нал лӕггад кӕнын, мӕ астӕу тынг кӕй фӕриссы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр уацамынды арӕх фӕцӕуын.

Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, дӕ адӕм дӕ мидбылхудтӕй зонынц. Уӕвгӕ, уый диссаг дӕр нӕу – ӕз тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мын «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын». (Радзырдта йӕ Сарӕ Майга.)