Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Эквадор

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Эквадор

ИУ ӔРЫГОН ӕфсымӕры Италийӕ, Брунойы, хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Йӕ къласы уымӕй хуыздӕр ничи ахуыр кодта, ӕмӕ скъола каст куы фӕци, уӕд ӕй йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ нал ӕмӕ нал уагътой, университетмӕ бацу, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уымӕй цалдӕр азы размӕ Бруно йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ йын дзырд радта, ӕппӕты сӕйрагдӕр ын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн. Цавӕр уынаффӕ рахаста ацы ӕфсымӕр? Уый зӕгъы: «Йегъовӕмӕ скуывтон, зӕгъгӕ, цы дзырд дын радтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕн ӕмӕ дын дӕ хъуыддаг алкӕддӕр фыццаг бынаты ӕвӕрдзынӕн. Фӕлӕ ма йын афтӕ дӕр загътон, зӕгъын мӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгты архайон ӕмӕ мын мӕ лӕггад циндзинад хӕсса».

Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Бруно лӕггад кӕнынмӕ ацыд Эквадормӕ (Хуссар Америкӕ). Ӕмӕ ныр мӕнӕ цы зӕгъы: «Йегъовӕйӕ цы куырдтон, уымӕй мын бирӕ фылдӕр радта». Уыцы бӕстӕмӕ куы ’рцыди, уӕд базыдта, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕй ӕрцыд, ӕмӕ йын уый уыди стыр ныфсы хос.

ӔРЫГӔТТӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ «БАФӔЛВӔРДТОЙ»

Йегъовӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ арфӕдзинӕдтӕй нӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ... кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин» (Мал. 3:10). Раст афтӕ бакодтой Бруно ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алы ӕмӕ алы бӕстӕтӕй. Уыдон Йегъовӕйы «бафӕлвӕрдтой», ома сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ се ’хца нӕ бавгъау кодтой ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацыдысты. Афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзынц.

Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Эквадормӕ куы ’рцыдысты, уӕд уайтагъд бамбӕрстой, «кӕрдинаг» бирӕ кӕй ис, «кусджытӕ» та – гыццыл (Матф. 9:37). Зӕгъӕм, Германийӕ иу ӕрыгон хо, Йаклин, Эквадоры филиалмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Эквадоры дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕма лӕггад кӕнын, фӕлӕ дзы Библи ахуыр кӕнын 13 адӕймагимӕ, уыдонӕй 4 цӕуы ӕмбырдтӕм. Уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уа!» Канадӕйӕ та иу хо, Шанталь, афтӕ зӕгъы: «Эквадормӕ ӕрцыдтӕн 2008 азы ӕмӕ фыццаг хъусын кодтон денджызы ’рдыгӕй. Кӕм лӕггад кодтон, уым уӕд иу ӕмбырд йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр та дзы ис ӕртӕ ӕмбырды ӕмӕ 30 пионерӕй фылдӕр. Уыйбӕрц ног адӕм рӕстдзинады фӕндагыл размӕ кӕй цӕуынц, уый мын ахӕм стыр циндзинад хӕссы, ӕмӕ йӕ ницӕимӕ ис абарӕн!» Ӕрӕджы Шанталь лӕггад кӕнынмӕ ацыд, Андты хӕхты чи ис, иу ахӕм горӕтмӕ. Уыцы горӕт ис денджызӕй 2 743 метры уӕлдӕр ӕмӕ дзы цӕры 75 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмбырд та дзы иу йеддӕмӕ нӕй. «Ам бирӕты фӕнды рӕстдзинад базонын,– дзуры Шанталь,– ӕмӕ дзы мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы хъусын кӕнын».

ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛЫНЦ

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕнӕ дӕхи бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуай, уый ӕнцон нӕу. Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕн цӕлхдуртӕ вӕййы, цалынмӕ нӕ ацӕуынц, уӕдмӕ дӕр. Зӕгъӕм, Америкӕйӕ иу хо, Кайлӕ, афтӕ загъта: «Ме ’мбырды мын иуӕй-иутӕ дзырдтой, гъеныр кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ. Нӕ йӕ ӕмбӕрстой, ӕндӕр бӕстӕйы мӕ пионерӕй лӕггад кӕнын цӕмӕн фӕнды, уый. Мӕ хорз сӕ кӕй фӕнды, уый зыдтон, фӕлӕ-иу сӕ ныхӕстӕй мӕ ныфс асасти. Хатт-иу сагъӕсты бахаудтӕн, кӕд мын ӕцӕгдӕр раст дзурынц, зӕгъгӕ». Фӕлӕ уӕддӕр Кайлӕ аскъуыддзаг кодта, Эквадормӕ кӕй ацӕудзӕн. Цы йын баххуыс кодта? Мӕнӕ йӕхӕдӕг цы дзуры: «Йегъовӕмӕ арӕх куывтон, стӕй бирӕ фӕныхас кодтон фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, удуӕлдайӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн».

Бирӕтӕн тынг зын вӕййы ног ӕвзаг ахуыр кӕнын. Ирландийӕ иу хо, Шивон, зӕгъы: «Мӕ хъуыдытӕ зӕгъын-иу мӕ куы фӕндыд, уӕд-иу ныссуйтӕ дӕн. Хъуыди мӕ бирӕ фӕразондзинад, стӕй-иу мӕ алы бон дӕр хъуыди ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын. Исты-иу раст куы нӕ загътон ӕмӕ-иу мыл иннӕтӕ куы худтысты, уӕд-иу мын фыццаг зын уыди, фӕлӕ стӕй сахуыр дӕн мӕхиуыл худын». Эстонийӕ иу хо, Аннӕ, та афтӕ зӕгъы: «Ам, Эквадоры, у тынг тӕвд ӕмӕ рыг, стӕй дзы рӕстмӕ дӕхи хъарм донӕй нӕ ныннайдзынӕ. Фӕлӕ уӕддӕр уыдӕттӕ ницы сты, испайнаг ӕвзаг куыд ахуыр кодтон, уыимӕ абаргӕйӕ. Хатт-иу загътон, ницы мын дзы рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сахуыр дӕн, хорз мын цы уади, ууыл цин кӕнын, цы мын нӕ уади, ууыл та нал мӕт кодтон».

Бирӕтӕн та ӕнцон нӕ вӕййы, сӕ бинонтӕй ӕмӕ се ’мбӕлттӕй дард кӕй вӕййынц, уый. Зӕгъӕм, Америкӕйӕ иу ӕфсымӕр, Джонатан, дзуры: «Ардӕм куы ’рцыдтӕн, уӕд фыццаг рӕстӕг ме ’мбӕлтты ӕмӕ мӕ хиуӕтты афтӕ тынг мысыдтӕн, ӕмӕ-иу загътон, ам бирӕ нӕ бафӕраздзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ хъарутӕ иууылдӕр Библи ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ сарӕзтон, ӕмӕ мын уӕд фенцондӕр. Уӕдмӕ мын ӕмбырды ног ӕмбӕлттӕ дӕр фӕзынд, стӕй-иу мыл уацамынды диссаджы хабӕрттӕ ’рцыди. Ӕмӕ та-иу раздӕрау цин кодтон».

Ӕндӕр бӕстӕйы царды уавӕртӕ дӕр ӕндӕрхуызон вӕййынц, ӕмӕ сыл адӕймаг сахуыр уа, уый ӕнцон нӕу. Канадӕйӕ иу ӕфсымӕр, Бо, зӕгъы: «Нӕхимӕ рухс ӕмӕ дон ӕдзухдӕр вӕййы, фӕлӕ ам дон кӕд рацӕудзӕн, науӕд рухс кӕд ратдзысты, уый ничи фӕзоны». Бирӕ бӕстӕты адӕм сты тынг мӕгуыр, бирӕтӕ дзы кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зонынц, рӕстмӕ дзы транспорт нӕ цӕуы. Ахӕм уавӕрты лӕггад кӕны Австрийӕ иу хо, Инес, дӕр. Цы йын ӕххуыс кӕны? Уый фӕхъуыды кӕны, бынӕттон цӕрджытӕм цы диссаджы миниуджытӕ ис, ууыл. «Уыдон сты тынг уазӕгуарзон, фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, стӕй бахъуаджы сахат дӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзысты,– дзуры Инес.– Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ сӕ тынг фӕнды Хуыцауы тыххӕй базонын».

ЙЕГЪОВӔ СЫЛ ЙӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ ӔРУАГЪТА

Ацы ӕрыгӕттӕ Эквадоры лӕггад кӕнгӕйӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта – куыд ӕнхъӕл уыдысты, уымӕй сын «бирӕ фылдӕр» радта (Еф. 3:20). Йӕ арфӕдзинӕдтӕ сыл рӕдауӕй ӕруагъта, ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййафынц (Мал. 3:10). Ӕркӕсӕм, сӕ лӕггады тыххӕй цы дзурынц, уымӕ.

Бруно: «Эквадормӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд фыццаг лӕггад кодтон Амазонкӕмӕ хӕстӕг, ӕмӕ дзы мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕстӕдӕр Эквадоры филиал куы арӕзтой, уӕд уым дӕр ӕххуыс кодтон. Ныр та лӕггад кӕнын Вефилы. Италийы ма куы уыдтӕн, уӕд мӕхицӕн фидарӕй загътон, мӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ цард, куыд дзы куырдтон, афтӕ сарӕзта – йӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгты архайын, стӕй алыхуызон адӕмимӕ базонгӕ вӕййын, ӕмӕ мын уый мӕ циныл цин ӕфтауы».

Бо: «Эквадоры лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтон Хуыцауы хъуыддагмӕ. Стӕй мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ бӕллиц уыди алыхуызон рӕсугъд бынӕттӕ фенын, ӕмӕ мын Йегъовӕ уыцы хорздзинад дӕр сарӕзта».

Аннӕ: «Цардӕмбал мын кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ бон нӕ бауыдзӕн миссионертау ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕ ныр зонын, афтӕ кӕй нӕу. Ам мӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕххуыс кӕнын Паддзахады залтӕ аразынӕн, стӕй мын фӕзынд ног ӕмбӕлттӕ дӕр. Ӕз тынг амондджын адӕймаг дӕн!»

Эльке: «Австрийы ма куы уыдтӕн, уӕд-иу Йегъовӕмӕ арӕх куывтон, цӕмӕй Библи иу адӕймагимӕ уӕддӕр ахуыр кодтаин. Ам та Библи ахуыр кӕнын 15 адӕймагимӕ! Уыцы адӕймӕгтӕ рӕстдзинады фӕндагыл размӕ куыд цӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ фырцинӕй куыд ферттивынц, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕхи зӕрдӕ дӕр цинӕй байдзаг вӕййы».

Джоэл: «Йегъовӕйӕн ӕцӕгӕлон бӕстӕйы лӕггад кӕнай, уымӕй диссагдӕр ма цы хъуамӕ уа! Ахӕм ран адӕймаг сахуыр вӕййы Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарын. Ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ фыдӕбонӕн куыд арфӕ кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы! Америкӕйӕ ардӕм куы ’рцыдтӕн, уӕд нӕ къорды 6 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыди, фӕлӕ иу азмӕ систӕм 21 хъусынгӕнӕджы. Уыцы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 110 адӕймаджы».

ДЫ ТА КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

Ӕрыгӕттӕ, сымах дӕр уӕ уавӕртӕ амонынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕмӕ кӕнӕ уӕхи бӕстӕйы ахӕм ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын? Цӕмӕй ахӕм ахсджиаг уынаффӕ рахӕссат, уый тыххӕй уӕ хъӕуы алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Ӕппӕты сӕйраг у, цӕмӕй тынг уарзат Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы. Кӕд уӕм ахӕм уарзондзинад ис ӕмӕ ӕндӕр искуы лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ стут, уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувут. Стӕй уый тыххӕй зӕгъут уӕ ныййарджытӕн ӕмӕ уе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Уый фӕрцы, чи зоны, бамбарат, сымахӕн дӕр уӕ бон кӕй у уыцы диссаджы фадатӕй спайда кӕнын. Ӕмӕ уӕд сымах дӕр уыцы циндзинад уӕхиуыл бавзардзыстут.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

«Йегъовӕмӕ арӕх куывтон, стӕй бирӕ фӕныхас кодтон фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, удуӕлдайӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн» (Кайлӕ, Америкӕйы Иугонд Штаттӕй).

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Дӕ бон куыд у ӕндӕр ран лӕггад кӕнынмӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнын

• Ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕн

• Ӕркӕс 2011 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-мӕ, 4–6 фӕрстӕ

• Аныхас кӕн, ахӕм ран чи лӕггад кодта, уыдонимӕ

• Бакӕс уым цӕрӕг адӕмы культурӕ ӕмӕ историйы тыххӕй

• Ӕвзаджы курсытӕм бацу

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Ӕндӕр бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг сӕхи дарынц:

• алы аз дӕр сӕхи бӕстӕйы цалдӕр мӕйы бакусынц

• сӕ квартирӕ, сӕ дукани кӕнӕ ӕндӕр ахӕм исты арендӕйы раттынц

• Интернеты фӕрцы кусынц

[Нывтӕ 4, 5 фӕрстыл]

1 Йаклин, Германийӕ

2 Бруно, Италийӕ

3 Бо, Канадӕйӕ

4 Шивон, Ирландийӕ

5 Джоэл, Америкӕйӕ

6 Джонатан, Америкӕйӕ

7 Аннӕ, Эстонийӕ

8 Эльке, Австрийӕ

9 Шанталь, Канадӕйӕ

10 Инес, Австрийӕ