Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Библийы бӕлвырдгӕнӕнтӕй уӕлдай ма цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ кӕй уыдысты, уымӕн?

Библийы фыст ис, мадиамӕгтӕ Иосифы Египетмӕ куы акодтой, уӕд уый фӕстӕ йӕ фыд Иаков йӕ бинонтимӕ Ханаанӕй Египетмӕ цӕрынмӕ кӕй ацыд. Уым ӕрцардысты Гесемы, Нилы цӕугӕдон Зӕххастӕу денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран (Райд. 47:1, 6). Израилӕгтӕн «сӕ нымӕц кодта фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ систы тынг тыхджын адӕм». Гъемӕ сӕ египетӕгтӕ тӕрсын райдыдтой, ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой (Рац. 1:7–14).

Библимӕ фаутӕ чи хӕссы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ ацы хабар ӕрымысгӕ хабарыл нымайынц. Фӕлӕ рагон Египеты цагъарты ’хсӕн семиттӕ * дӕр кӕй уыд, уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

Зӕгъӕм, археологтӕ Египеты цӕгат хайы ссардтой рагон хъӕуты хӕлддзӕгтӕ. Библииртасӕг Джон Бимсон куыд зӕгъы, афтӕмӕй дзы иу-20 хъӕуы семиттӕ цардаид. Уымӕй уӕлдай ма египтолог Джеймс Хоффмайер загъта: «Н. э. размӕ иу-1800 азӕй 1540 азмӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу арӕх семитаг ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм Азийы ныгуылӕн хайӕ Египетмӕ ралыгъдысты, уымӕн ӕмӕ уым сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд». Ӕмӕ ма загъта: «Уыцы заман ӕмӕ Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы заман иу рӕстӕджы ӕмгъуыдмӕ амонынц. Стӕй, Райдианы чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдон дӕр уыцы заман цыдысты».

Ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн ма ссардтой Египеты хуссар хайы. Уый у, н. э. размӕ 2000–1600 азтӕм ӕввахс фыст чи ’рцыд, ахӕм папирус. Ис ыл, Египеты хуссар хайы иу хӕдзары цагъартӕ чи уыд, уыдоны нӕмттӕ, ӕмӕ дзы 40 номӕй фылдӕр сты семитаг нӕмттӕ. Уыцы цагъартӕн, кӕнӕ лӕггадгӕнджытӕн, сӕ куыст уыд хӕринаг кӕнын, хъуымӕцтӕ уафын ӕмӕ ӕндӕр уӕззау куыстытӕ кӕнын. Хоффмайер зӕгъы: «Кӕд Фиваидӕйы [Египеты хуссар хайы] ӕрмӕст иу хӕдзары 40 семитӕй фылдӕр уыд лӕггадгӕнджытӕ, уӕд ӕнӕхъӕн Египеты цас уыдаиккой, уӕлдайдӕр та, Нилы цӕугӕдон Зӕххастӕу денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран».

Археолог Дэвид Рол ныффыста, зӕгъгӕ, уыцы цагъарты нӕмттӕй кӕцыдӕртӕ куы кӕсай, уӕд «раст цыма Библи кӕсыс, афтӕ вӕййы». Зӕгъӕм, иуӕй-иу нӕмттӕ дзы сты ахӕм нӕмтты хуызӕн: Иссахар, Асир ӕмӕ Шифрӕ (Рац. 1:3, 4, 15). Ӕмӕ Рол скодта ахӕм хатдзӕг: «Уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, израилӕгтӕ ӕцӕгдӕр Египеты цагъартӕ кӕй уыдысты, уымӕн».

Библииртасӕг Бимсон та загъта: «Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ уыдысты ӕмӕ стӕй уырдыгӕй рацыдысты, уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ».

^ 4 абз. Дзырд «семит» равзӕрд Нойы ӕртӕ фыртӕй иуы номӕй – Симы номӕй. Симы байзӕддӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты еламӕгтӕ, ассириӕгтӕ, халдейтӕ, дзуттӕгтӕ, арамейӕгтӕ (кӕнӕ сириӕгтӕ) ӕмӕ алыхуызон аравиаг адӕмыхӕттытӕ.