Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы тыххӕй йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой?

Хуыцауы тыххӕй йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой?

Раджы заманты-иу Хуыцау адӕмӕн ахсджиаг хабӕрттӕ фехъусын кодта йӕ пехуымпарты уылты. Нӕ бон цы у уыцы хабӕрттӕй Хуыцауы тыххӕй базонын? Ӕркӕсӕм, йӕ иузӕрдион пехуымпартӕ Авраам, Моисей ӕмӕ Йесо Чырысти, цы дзырдтой, уымӕ.

АВРААМ

Хуыцау никӕй хъулон кӕны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр арфӕгонд ӕрцӕуой.

Хуыцау йӕ пехуымпар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕрцы «арфӕгонд [кӕй] ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр» (Райдиан 12:3).

Цы базыдтам? Хуыцау нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕгонд ӕрцӕуой. Уый йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕй алкӕй дӕр.

МОИСЕЙ

Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ арфӕ кӕны, йӕ базоныныл чи архайы, уыдонӕн.

Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ пехуымпар Моисейӕн ахӕм хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй стыр диссӕгтӕ арӕзтаид. Фӕлӕ уӕддӕр Моисей Хуыцауӕн загъта: «Курӕг [дӕ] дӕн, бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон ӕмӕ мӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕх уа» (Рацыд 33:13). Хуыцау Моисейы ныхӕстӕй райгондӕй баззад, ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддӕгты ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй хуыздӕр базыдтаид. Зӕгъӕм, Моисей базыдта, не Сфӕлдисӕг кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау» (Рацыд 34:6, 7).

Цы базыдтам? Хуыцау нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, йӕ базоныныл куы архайӕм, уӕд. Хуыцау Сыгъдӕг Фыстады ныффыссын кодта, куыд ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй. Стӕй ма нын раргом кодта, тынг ӕй кӕй фӕнды мах йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнын.

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ

Чырысти уыд тӕригъӕдгӕнаг, ӕмӕ адӕмы алыхуызон низтӕй дзӕбӕх кодта

Цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йесо Чырыстийы тыххӕй, стӕй, цы арӕзта ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый базонын.

Хуыцауы Ныхасӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Чырысти куыд цард ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй. Хуыцау Чырыстийӕн ахӕм хъару лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ бон уыд бирӕ диссӕгтӕ аразын. Зӕгъӕм, дзӕбӕх кодта куырмыты, къуырматы ӕмӕ къуылыхты. Суанг ма-иу мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцау фидӕны адӕмы се ’ппӕты дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый. Адӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты ӕмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз. Чи амард, уыдон та цардмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты. Чырысти бамбарын кодта, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уа. Уый загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Чырысти уыди тӕригъӕдгӕнаг, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Уый адӕмӕн фӕлмӕнӕй дзырдта: «Мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут» (Матфейы 11:29). Ӕмӕ йӕм иууылдӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, стырӕй-чысылӕй, цыдысты. Йӕ заманы цӕрӕг нӕлгоймӕгтӕй уӕлдай, уый сылгоймӕгтӕн кад кодта ӕмӕ сӕм уыд хӕларзӕрдӕ.

Цы базыдтам? Чырысти адӕмы тынг уарзта ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдыста. Ӕмӕ уымӕй диссаджы цӕвиттон ныууагъта, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уыцы хъуыддаджы.

ЧЫРЫСТИ ХУЫЦАУ НӔУ

Сыгъдӕг Фыстад дзуры, кӕй ис «ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау» ӕмӕ Йесо Чырысти та кӕй у Хуыцауы сӕрныллӕг минӕвар (1 Коринфӕгтӕм 8:6). Чырысти-иу комкоммӕ загъта, Хуыцау уымӕй уӕлдӕр кӕй у ӕмӕ йӕ зӕхмӕ уый кӕй рарвыста (Иоанны 11:41, 42; 14:28) *.

^ 17 абз. Йесо Чырыстийы тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у брошюрӕйӕ «Настоящая вера – ключ к счастью» 8 ӕмӕ 9 сӕртӕй. Ссарӕн ма йӕ ис сайты www.isa4310.com.