Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

Алкӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъус

Алкӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъус

«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау... цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (ИС. 48:17).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ йӕм куы фӕхъусӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм.

1. Йегъовӕ нын цы фӕндаг амоны, ууыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма тархъӕды фӕдзӕгъӕл дӕ. Зоныс ӕй, тынг тӕссаг дзы кӕй у. Ис дзы хъӕддаг сырдтӕ, маргджын зайӕгойтӕ, ӕмӕ тӕрсыс, исты дыл кӕй фӕхӕцдзӕн кӕнӕ искуы дзыхъхъы кӕй ныххаудзынӕ, уымӕй. Ахӕм уавӕры дӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй демӕ уа, уыцы бынӕттӕ хорз чи зоны, ахӕм адӕймаг? Уый зонид, тӕссаг дзы кӕм у, уый ӕмӕ дӕ уырдыгӕй ракӕнид. Ацы дуне дӕр у ахӕм хъӕды хуызӕн. Кӕдӕмфӕнды ма акӕсай,– алкӕм дӕр дзы нӕ уырнындзинадӕн цӕмӕйдӕрты тӕссаг у. Фӕлӕ нын ис ӕппӕты хуыздӕр Фӕндагамонӕг – Йегъовӕ. Уый нӕ кӕны ног дунемӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу нӕхи фыдбылызӕй бахизӕм.

2. Йегъовӕ нын разамынд куыд дӕтты?

2 Йегъовӕ нын фӕндаг куыд амоны, кӕнӕ нын разамынд куыд дӕтты? Фыццаджыдӕр йӕ Ныхасы, Библийы, уылты. Фӕлӕ ма нын разамынд дӕтты йе ’взӕрст адӕймӕгты уылты дӕр. Зӕгъӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы раст уынаффӕтӕ рахӕссын (Матф. 24:45). Разамынд ма нын дӕтты ӕндӕр нӕлгоймӕгты уылты дӕр. Зӕгъӕм, районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ ныфс бауадзынц. Стӕй нын цы амонынц, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Ацы фӕстаг уӕззау бонты нын Йегъовӕ ахӕм хорз разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Уыцы разамынд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр царды фӕндагыл цӕуӕм.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Фӕлӕ нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын, уӕлдайдӕр нын ӕй ӕнӕххӕст адӕмы уылты куы фӕдӕтты, уӕд. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Гӕнӕн ис, цы нын дзурынц, уый нӕ зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа. Кӕнӕ нӕм, гӕнӕн ис, сӕ амындтӕ раст ма фӕкӕсой ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цы дзурынц, уый Йегъовӕйӕ нӕу. Ахӕм уавӕрты уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй дӕтты йӕ адӕмӕн разамынд ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм 1) Йегъовӕ раджы заманты йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта; 2) абон нын разамынд куыд дӕтты ӕмӕ 3) йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын хорз цӕмӕн у.

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта йе ’взӕрст нӕлгоймӕгты уылты (кӕс 3 абзац)


ЙЕГЪОВӔ ИЗРАИЛЫ АДӔМӔН РАЗАМЫНД КУЫД ЛӔВӔРДТА?

4, 5. Йегъовӕ куыд равдыста, израилӕгтӕн разамынд Моисейы уылты кӕй лӕвӕрдта, уый? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

4 Йегъовӕ Моисейы равзӕрста, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид. Ӕмӕ сын равдыста, йӕхӕдӕг сӕ кӕй кӕны Моисейы уылты. Зӕгъӕм, бонӕй-иу сӕ разӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындз (Рац. 13:21). Моисей цыд уыцы цӕджындзы фӕдыл, ӕмӕ сӕ уыцы цӕджындз ӕрбакодта Сырх денджызмӕ. Фӕлӕ сӕ фӕстейӕ египетӕгтӕ сырдтой, ӕмӕ израилӕгтӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ сын аирвӕзӕн нал ис. Гъемӕ тынг старстысты. Ӕмӕ Моисеймӕ фесты, Сырх денджызмӕ, дам, нӕ цӕмӕн ӕрбакодтай. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ раст нӕ бакодта. Фӕлӕ уый ницӕмӕй фӕрӕдыд. Йегъовӕ сӕ Моисейӕн уырдӕм барӕй ӕрбакӕнын кодта (Рац. 14:2). Ӕмӕ сӕ стӕй, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, афтӕ фервӕзын кодта (Рац. 14:26–28).

Моисей цыди мигъы хуызӕн цӕджындзы фӕдыл ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры кодта (кӕс 4, 5 абзацтӕ)


5 Уый фӕстӕ 40 азы дӕргъы Моисей дарддӕр цыди мигъы хуызӕн цӕджындзы фӕдыл ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры кодта a. Цасдӕр рӕстӕг уыцы цӕджындз лӕууыд Моисейы цатыры сӕрмӕ, ӕмӕ йӕ израилӕгтӕ иууылдӕр уыдтой (Рац. 33:7, 9, 10). Уыцы цӕджындзӕй-иу Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта, ӕмӕ-иу ын Моисей йӕ амындтӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кодта (Пс. 99:7). Израилӕгтӕн фагӕй дӕр фылдӕр уыд бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕ сӕ Моисейы уылты кӕй кодта ӕмӕ сын разамынд уый уылты кӕй лӕвӕрдта, уымӕн.

Моисей ӕмӕ Йесо Навин (кӕс 5, 7 абзацтӕ)


6. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы разамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты? (Нымӕцтӕ 14:2, 10, 11).

6 Хъыгагӕн, израилӕгтӕн сӕ фылдӕр уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ Моисейы Йегъовӕйы ӕрвыст минӕварыл нӕ банымадтой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 14:2, 10, 11.) Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ уыцы фӕлтӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын нӕ бауагъта (Ным. 14:30).

7. Израилӕгтӕй Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта? (Нымӕцтӕ 14:24). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕй чидӕртӕ архайдтой Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Халевы тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Уый... алы хъуыддаджы дӕр каст мӕ коммӕ». (Бакӕс Нымӕцтӕ 14:24.) Хуыцау ын йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ ма йын Ханааны, чи йӕ хъуыд, уыцы зӕхх дӕр радта (Йес. Н. 14:12–14). Ӕдзӕрӕг быдыры чи амард, уыдоны байзӕддӕгтӕ дӕр кастысты Йегъовӕйы коммӕ. Моисейы фӕстӕ Израилы адӕмӕн разамонӕг Йесо На́вин куы сси, уӕд ӕй тынг нымадтой (Йес. Н. 4:14). Йегъовӕ сын уый тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ бакодта, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ (Йес. Н. 21:43, 44).

8. Бамбарын кӕн, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн паддзӕхты рӕстӕг разамынд куыд лӕвӕрдта, уый. (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ райдыдта тӕрхонгӕнджыты ӕвӕрын, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой, паддзӕхты рӕстӕг та – пехуымпарты. Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ-иу хъуыстой, пехуымпартӕ сын цы дзырдтой, уымӕ. Паддзах Давид равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ байхъуыста пехуымпар Нафа́нмӕ (2 Сам. 12:7, 13; 1 Аз. 17:3, 4). Паддзах Иосафа́т байхъуыста пехуымпар Иахазии́лы разамындмӕ ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн дӕр загъта, зӕгъгӕ, «ӕууӕндут... [Хуыцауы] пехуымпартыл» (2 Аз. 20:14, 15, 20). Зын уавӕры паддзах Езе́ки йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста пехуымпар Исаймӕ, цӕмӕй сын загътаид, куыд кӕнгӕ сын у, уый (Ис. 37:1–6). Паддзӕхтӕ-иу Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, уӕд-иу сын раарфӕ кодта ӕмӕ-иу йӕ адӕмы хъахъхъӕдта (2 Аз. 20:29, 30; 32:22). Хъуамӕ ӕппындӕр мачи дызӕрдыг кодтаид, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд йӕ пехуымпарты уылты кӕй дӕтты, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр паддзӕхтӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы пехуымпартӕм нӕ хъуыстой (Йер. 35:12–15).

Паддзах Езеки ӕмӕ пехуымпар Исай (кӕс 8 абзац)


ЙЕГЪОВӔ ФЫЦЦАГ ЧЫРЫСТӔТТӔН РАЗАМЫНД КУЫД ЛӔВӔРДТА?

9. 1 ӕнусы Йегъовӕ чырыстӕттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Н. э. 1 ӕнусы Йегъовӕ скодта чырыстон ӕмбырд. Цымӕ чырыстӕттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта? Ӕмбырды сӕргъы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы (Еф. 5:23). Фӕлӕ уый алы чырыстонӕн хицӕнӕй амындтӕ нӕ лӕвӕрдта. Разамынд сын лӕвӕрдта, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты (Хъуыд. 15:1, 2). Стӕй ӕмбырдты дӕр ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (1 Фес. 5:12; Тит. 1:5).

Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы (кӕс 9 абзац)


10. а) 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр разамындмӕ цы цӕстӕй кастысты? (Хъуыддӕгтӕ 15:30, 31). б) Раджы заманты чидӕртӕ, Йегъовӕ разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыдоны йӕ минӕвӕрттыл цӕуылнӕ банымадтой? (Кӕс рамкӕ « Афтӕ цӕмӕн рауад, ӕмӕ чидӕртӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой?».)

10 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр аргъ кодтой, цы амындтӕ сын лӕвӕрдтой, уыдонӕн ӕмӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ архайдтой. Зӕгъӕм, апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы цы уынаффӕ рахастой, уый куы бакастысты, «уӕд бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:30, 31.) Цымӕ нӕ рӕстӕджы та Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты?

ЙЕГЪОВӔ НЫН АБОН РАЗАМЫНД КУЫД ДӔТТЫ?

11. 19 ӕнусы кӕрон ӕмӕ 20 ӕнусы райдианы йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

11 Йегъовӕ абон дӕр йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты. Уый аразы йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ Фырты уылты – куыд загътам, афтӕмӕй Йесойы сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Фӕлӕ адӕмӕй дӕр кӕйдӕрты равзары, цӕмӕй уыдоны уылты дӕр разамынд дӕтта. 19 ӕнусы кӕрон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон-ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Чарлз Тейз Ра́сселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ гыццылгай ӕмбарын райдыдтой, 1914 азы тынг ахсджиаг хабар кӕй ӕрцӕудзӕн (Дан. 4:25, 26). Ахӕм хатдзӕгмӕ уымӕн ӕрцыдысты, ӕмӕ Библи иртӕстой ӕмӕ сӕ уырныдта, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый. Ис зӕгъӕн, ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта Библи иртасынӕн? Ууыл дзырд дӕр нӕй. 1914 азы дунейы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Райдыдта Фыццаг дунеон хӕст, уый фӕстӕ сыстад низтӕ, цыд зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ адӕм ӕййӕфтой хӕринагхъуаг (Лук. 21:10, 11). Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы чырыстон нӕлгоймӕгты уылты йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта.

12, 13. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг бӕрнон ӕфсымӕртӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн хъуыстгонд цыдаид?

12 Ныр та ӕркӕсӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Сӕйраг хайады цы бӕрнон ӕфсымӕртӕ уыд, уыдон раиртӕстой Раргомад 17:8 стих. Ӕмӕ бамбӕрстой, Дыккаг дунеон хӕст Армагеддонмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн, фӕлӕ уый фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг сабырдзинад кӕй уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕй фӕзындзӕн фадӕттӕ, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕной. Уӕд фӕзынд Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион колледж Галаад, кӕд кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ уый афон нӕу, уӕддӕр b. Афтӕмӕй Йегъовӕйы организаци цӕттӕ кодта миссионерты, цӕмӕй алы бӕстӕты хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой. Миссионерты ӕрвыстой суанг хӕсты рӕстӕджы дӕр. Уымӕй уӕлдай ма ӕууӕнкджын цагъар уынаффӕ рахаста, ӕмбырдты кӕй райдайдзысты уадзын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты курс, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иууылдӕр суыдаиккой хуыздӕр хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ c. Афтӕмӕйты Хуыцау йӕ адӕмы цӕттӕ кодта, разӕй сӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ.

13 Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы уӕззау рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта. Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ бӕстӕты Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ бон у хорз хабар сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Ныр хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ бирӕтӕ Йегъовӕйы базыдтой.

14. Йегъовӕйы организаци ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы разамынд дӕттынц, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм? (Раргомад 2:1). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Абон дӕр Разамонӕг совет архайы Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ. Уыцы ’фсымӕрты фӕнды, цӕмӕй, цы амындтӕ дӕттынц, уыдонӕй зӕгъӕн уа, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ. Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та разамынд дӕттынц ӕмбырдтӕн d. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕрст чырыстон чи у, уыдон – ӕмӕ уыимӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр – сты Чырыстийӕн «йӕ рахиз къухы». (Бакӕс Раргомад 2:1.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдигӕ дӕр кӕнынц. Хатт-иу Моисей, Йесо Навин ӕмӕ апостолтӕ дӕр фӕрӕдыдысты (Ным. 20:12; Йес. Н. 9:14, 15; Ром. 3:23). Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕууӕнкджын цагъарӕн дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр разамынд Чырысти кӕй дӕтты. Ӕмӕ афтӕ кӕндзӕн, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Матф. 28:20). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыдоны уылты цы разамынд дӕтты, ууыл.

Разамонӕг совет абон (кӕс 14 абзац)


ЙЕГЪОВӔЙЫ РАЗАМЫНДМӔ КУЫ ХЪУСӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ АМОНДДЖЫН

15, 16. Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, уыдоны хабӕрттӕй дӕ бон цы у дӕхицӕн зондӕн райсын?

15 Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд абон дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм. Э́нди ӕмӕ йӕ бинойнаг Ро́бин ӕууӕнкджын цагъары уынаффӕмӕ гӕсгӕ кодтой хуымӕтӕг цард (Матф. 6:22). Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон уыд нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын. Робин радзырдта: «Кӕм-иу цардыстӕм, уым-иу хатт фезмӕлӕн нӕ уыд. Арӕх-иу дзы, хӕринаг кӕм скодтаиккам, уый дӕр нӕ уыд. Къам исын тынг уарзын, фӕлӕ мӕ мӕ къамисӕнтӕй ӕмӕ объективтӕй бирӕтӕ ауӕй кӕнын бахъуыд. Уый тыххӕй ма кӕугӕ дӕр фӕкодтон. Фӕлӕ Авраамы бинойнаг Саррӕйау ӕз дӕр мӕхицӕн загътон, ӕрмӕстдӕр размӕ кӕй кӕсдзынӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй нал фӕкӕс-фӕкӕс кӕндзынӕн» (Дзут. 11:15). Цымӕ Энди ӕмӕ Робин нӕ фӕфӕсмон кодтой, ахӕм уынаффӕтӕ кӕй рахастой, ууыл? Робин загъта: «Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕйӕн, цыдӕриддӕр нӕм ис, уый кӕй дӕттӕм, ӕмӕ нын уый стыр циндзинад хӕссы. Хуыцау нын кӕй бахӕс кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ нӕ бон вӕййы иу гыццыл фенын, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый». Энди дӕр йемӕ разы у. Уый та афтӕ загъта: «Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнӕм, ӕмӕ тынг амондджын стӕм».

16 Хо Марси́йӕ скъола куы фӕци, уӕд ӕй фӕндыд, цы уынаффӕ фехъуыста, уымӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын (Матф. 6:33; Ром. 12:11). Уый радзырдта: «Уыди мын фадат, цӕмӕй 4 азы университеты лӕвар ахуыр кодтаин. Фӕлӕ мӕ фӕндыд Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Ӕмӕ не сразы дӕн университеты ахуыр кӕныныл. Уый бӕсты сфӕнд кодтон исты дӕсныйадыл сахуыр кӕнын, цӕмӕй мӕ бон уыдаид кусын дӕр ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Уый уыди тынг раст уынаффӕ. Ныр лӕггад кӕнын пионерӕй, ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд дӕн. Стӕй, цас кусдзынӕн, уый мӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон у Вефилы дӕр ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ ма мын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр бахӕс кӕнынц».

17. Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын ма ноджыдӕр хорз цӕмӕй у? (Исай 48:17, 18).

17 Йегъовӕ нын цы разамынд ӕмӕ цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон ма нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ма фехалӕм. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм. Ӕмӕ йӕм куы фӕхъусӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахизӕм ӕмӕ нӕ цӕсгом йӕ разы вӕййы сыгъдӕг (1 Тим. 6:9, 10). Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Уымӕй стырдӕр циндзинад та ницы хӕссы, стӕй ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы вӕййы нӕ зӕрдӕйы фарн. (Бакӕс Исайы 48:17, 18.)

18. Цӕмӕн дӕ фӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын?

18 Куыд зыны, афтӕмӕй нын Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг ӕмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл йӕ номӕй чи архайдзӕн, уыдоны уылты (Пс. 45:16). Ӕмӕ цымӕ дарддӕр дӕр уыцы разамындмӕ хъусдзыстӕм, нӕхи ӕндӕрхуызон бакӕнын куы фӕнда, уӕд дӕр? Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн аразын, ныртӕккӕ йӕм куы хъусӕм, уӕд. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ хъусӕм, кӕй бар нӕ бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕм дӕр (Ис. 32:1, 2; Дзут. 13:17). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ Фӕндагамонӕг Йегъовӕ нын фӕндаг раст кӕй амоны. Уый нӕ хъахъхъӕны фыдбылызӕй ӕмӕ нӕ кӕны ног дунемӕ.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕ Израилы адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?

  • Йегъовӕ фыццаг чырыстӕттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?

  • Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын хорз цӕмӕн у?

48 ЗАРӔГ Алы бон Йегъовӕимӕ цӕуӕм

a Цӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмы Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодтаид, уый тыххӕй ма арвыста зӕды дӕр. Ӕмӕ уый цыд «израилӕгты разӕй». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыд хистӕр зӕд Михаил, ома Йесо (Рац. 14:19; 32:34).

b Ныртӕккӕ уый у Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад.

c Уыцы курс уый фӕстӕ хуынди Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола. Ныр та уый у, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды хай.

d Кӕс рамкӕ «Разамонӕг советӕн йӕ хӕс цы у?» 2021 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 18 фарс.