Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕныс?

Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕныс?

«Фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут» (ЕФ. 6:14).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм, Йегъовӕйӕ кӕй базыдтам, уыцы рӕстдзинад, Хӕйрӕг ӕмӕ не знӕгтӕ кӕй парахат кӕнынц, уыцы мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнын.

1. Рӕстдзинадӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

 ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕм уарзынц, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый. Уый у нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур (Ром. 10:17). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй скодта чырыстон ӕмбырд, ӕмӕ ӕмбырд кӕй у «рӕстдзинады цӕджындз ӕмӕ бындур» (1 Тим. 3:15). Мах ӕхсызгонӕй хъусӕм, «разамынд... [нын] чи дӕтты», уыцы ӕфсымӕртӕм (Дзут. 13:17). Уыдон нын Библийы рӕстдзинад ӕмбарын кӕнынц ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм.

2. Иаковы 5:19 стихмӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад куы базонӕм, уӕд дӕр нын тӕссаг цӕмӕй вӕййы?

2 Мах рӕстдзинад базыдтам ӕмӕ бамбӕрстам, Хуыцауы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайӕм. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ адзӕгъӕл уӕм. (Бакӕс Иаковы 5:19.) Ӕмӕ Хӕйрӕг та уымӕй тынгдӕр ницӕмӕ бӕллы. Уый фӕнды, цӕмӕй Библийыл ӕмӕ нын Хуыцауы организаци цы разамынд дӕтты, ууыл мауал ӕууӕндӕм (Еф. 4:14).

3. Рӕстдзинадыл фидар цӕмӕн хъуамӕ хӕцӕм? (Ефесӕгтӕм 6:13, 14).

3 Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:13, 14. Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕг ноджы фыддӕр мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕхъӕн адӕмты Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна (Рарг. 16:13, 14). Стӕй ноджы тынгдӕр архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы фӕсайа (Рарг. 12:9). Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сахуыр уӕм, рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнын ӕмӕ рӕстдзинады коммӕ кӕсын (Ром. 6:17; 1 Пет. 1:22). Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзыстӕм ӕви нӕ!

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр дыууӕ миниуӕджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы организацийыл ӕууӕндӕм. Стӕй та ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ уынаффӕмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй рӕстдзинадыл алкӕддӕр фидар хӕцӕм.

ЦАВӔР МИНИУДЖЫТӔ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ?

5. Хуыцауы тас нӕм куы уа, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цыдӕр ӕцӕг у ӕви мӕнг, уый бамбарынӕн?

5 Хуыцауы тас дӕм уӕд. Адӕймагмӕ Хуыцауы тас куы вӕййы, уӕд ӕй афтӕ тынг фӕуарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕфӕнды, йӕ зӕрдӕ йын цы фӕриссын кӕндзӕн, ахӕмӕй исты саразын. Сӕйрагдӕр ын вӕййы, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сахуыр уа, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, ӕцӕг цы у ӕмӕ мӕнг цы у, уый ӕмбарын (Ӕмб. 2:3–6; Дзут. 5:14). Хъуамӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм, фӕлӕ Йегъовӕйӕ, хъуамӕ уый уарзӕм фылдӕр. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайдзыстӕм. Ӕмӕ, адӕмы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуы, уый та арӕх Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы.

6. Израилаг 10 сгарӕджы рӕстдзинад цӕмӕн сзыгъуыммӕ кодтой?

6 Адӕмӕй тынгдӕр куы тӕрсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕцӕг цы нӕу, ууыл баууӕндӕм. Ӕркӕсӕм 12 сгарӕджы хабармӕ. Уыдоны арвыстой, цӕмӕй, Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхх басгӕрстаиккой. Уыцы сгарджытӕй 10 ханаайнӕгтӕй тынг фӕтарстысты. Ӕмӕ сӕ цы тас бацыд, уый, Йегъовӕйы кӕй уарзтой, уымӕй тыхджындӕр разынд. Уыдон израилӕгтӕн загътой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ рацӕуын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй тыхджындӕр сты» (Ным. 13:27–31). Сӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ раст уыдысты, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ ханаайнӕгтӕ израилӕгтӕй тыхджындӕр уыдысты. Фӕлӕ афтӕ кӕй загътой, се знӕгтыл кӕй нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ айрох. Уыцы 10 сгарӕджы хъуамӕ хъуыды кодтаиккой Йегъовӕйы фӕндыл. Уый та фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ уыцы зӕхх бацахстаиккой. Стӕй ма хъуамӕ хъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕрӕджы куыд фервӕзын кодта, ууыл. Уӕд бамбӕрстаиккой, Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ ханаайнӕгтӕ ӕдых кӕй сты. Уыцы 10 сгарӕгмӕ фаг уырнындзинад нӕ уыд. Уыдонӕй уӕлдай Йесо На́вины ӕмӕ Хале́вы та фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ адӕмӕн загътой: «Кӕд Йегъовӕйӕн зынаргъ стӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн уыцы зӕхмӕ, ратдзӕн нын... уыцы зӕхх» (Ным. 14:6–9).

7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа? Уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл (Пс. 16:8). Библи кӕсгӕйӕ дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз уыцы уавӕры куы уыдаин, уӕд куыд бакодтаин?» Зӕгъӕм, дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр израилӕгты ’хсӕн дӕ ӕмӕ хъусыс, дӕс сгарӕджы цы дзурынц, уымӕ. Сӕ ныхӕстыл сын баууӕндис? Ханаайнӕгтӕй фӕтӕрсис? Ӕви, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый тыххӕй дӕ тас нӕ бацӕуид? Йесо Навин ӕмӕ Халев дзырдтой, ӕцӕг цы у, уый, фӕлӕ сыл израилӕгтӕ нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй уыцы фӕлтӕрӕй иу дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд, Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй фӕстӕмӕ (Ным. 14:10, 22, 23).

Ды та кӕуыл баууӕндыдаис? (кӕс 7 абзац)


8. Нӕ удыхъӕды цавӕр миниуӕг хъуамӕ фидар кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

8 Сӕрныллӕг у. Йегъовӕ рӕстдзинад ӕргом кӕны, сӕрныллӕг чи у, уыдонӕн (Матф. 11:25). Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд сӕрныллӕгдзинад равдыстам ӕмӕ сразы стӕм, цӕмӕй немӕ Библи ахуыр кодтаиккой (Хъуыд. 8:30, 31). Фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй ма ссӕрбӕрзонд уӕм. Кӕннод, нӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнӕм, уый Библийы уагӕвӕрдтӕй ӕмӕ нын нӕ организаци цы разамынд дӕтты, уымӕй ахсджиагдӕрыл нымайын райдайдзыстӕм.

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм?

9 Цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы раз зынгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнӕм (Пс. 8:3, 4). Стӕй ма нӕ бон у кувын ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй ноджы сӕрныллӕгдӕр уӕм ӕмӕ цӕттӕ уӕм ахуыр кӕнынмӕ. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмӕ нын йӕ организаци цы разамынд дӕтты, уый, нӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнӕм, уымӕй ахсджиагдӕрыл нымайӕм. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, цӕмӕй у бӕрӕг Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы кӕй уарзы, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал адӕмӕй та йе сӕфт кӕй уыны. Нӕ организацийы ныл кадджын хӕстӕ куы вӕййы ӕмӕ цӕсты куы фӕхауӕм, уӕд та ноджы ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм.

НӔ БОН КУЫД У РӔСТДЗИНАДЫЛ ФИДАР ХӔЦЫН?

10. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн раджы заманты разамынд куыд лӕвӕрдта ӕмӕ сын абон дӕр разамынд куыд дӕтты?

10 Алкӕддӕр Йегъовӕйы организацийыл ӕууӕнд. Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амындтӕ лӕвӕрдта Моисейы уылты, стӕй та Йесо Навины уылты (Йес. Н. 1:16, 17). Израилӕгтӕ-иу уыцы нӕлгоймӕгты Йегъовӕйы минӕвӕрттыл куы нымадтой ӕмӕ-иу сӕм куы хъуыстой, уӕд сын Йегъовӕ арфӕ кодта. Ӕнусты фӕстӕ чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Йегъовӕ разамынд фыццаг лӕвӕрдта 12 апостолы уылты (Хъуыд. 8:14, 15). Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу сты, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Чырыстӕттӕ уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгты разамындмӕ кӕй хъуыстой, уый фӕрцы «ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:4, 5). Мах дӕр Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, разамынд нын кӕй уылты дӕтты, уыдонмӕ куы нӕ хъусӕм? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд сыл цы ’рцыд, уымӕ.

11. Моисейы Йегъовӕйы минӕварыл чи нӕ банымадта, уыцы израилӕгтыл цы ’рцыд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд иуӕй-иу кадджын нӕлгоймӕгтӕ Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Моисейӕн уый бар нӕй, цӕмӕй адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид. Уыдон загътой: «Ацы адӕм иууылдӕр [ӕрмӕст Моисей нӕ] сыгъдӕг сты ӕмӕ Йегъовӕ се ’хсӕн ис» (Ным. 16:1–3). Ӕмӕ кӕд Хуыцауы цӕсты уыцы «адӕм иууылдӕр» сыгъдӕг уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕ разамонӕгӕй Моисейы равзӕрста (Ным. 16:28). Уыцы змӕнтджытӕ Моисейы ныхмӕ кӕй дзырдтой, уый Йегъовӕ афтӕ банымадта, цыма йын йӕхи ныхмӕ дзырдтой. Уыдонӕн сӕйрагдӕр уыд, Йегъовӕйы цы фӕндыд, уый нӕ, фӕлӕ, сӕхи цы фӕндыд, уый – бӕллыдысты фылдӕр кадмӕ ӕмӕ бартӕм. Йегъовӕ фесӕфта уыцы змӕнтджыты дӕр ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыцы мингай израилӕгты дӕр (Ным. 16:30–35, 41, 49). Ӕмӕ абон дӕр ницы фӕивта. Чырыстон Йегъовӕйы организацийы разамынд куы ницӕмӕ ӕрдары, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд нӕ вӕййы.

Ды та кӕй фарс уыдаис? (кӕс 11 абзац)


12. Йегъовӕйы организацийыл алкӕддӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

12 Хъуамӕ алкӕддӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйы организацийыл. Разамонӕг совет куы фены, нӕ ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнын кӕй хъӕуы кӕнӕ нӕ организацийы цыдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын кӕй хъӕуы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкӕны ӕмӕ, цы фӕхъӕуы, уый фӕивы (Ӕмб. 4:18). Афтӕ уымӕн бакӕны, ӕмӕ йын сӕйрагдӕр вӕййы, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый. Стӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдонӕн сӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас – «раст ныхӕсты хуызӕг».

13. Цы у «раст ныхӕсты хуызӕг» ӕмӕ йыл фидар цӕмӕн хъуамӕ хӕцӕм?

13 «Фидар хӕц... раст ныхӕсты хуызӕгыл» (2 Тим. 1:13). «Раст ныхӕсты хуызӕг» амоны Йесойы ахуырӕдтӕм ӕмӕ ма Библийы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Иоан. 17:17). Уыцы ахуырӕдтӕ сты, цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн йӕ бындур. Йегъовӕйы организаци нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй уыцы хуызӕгыл фидар хӕцӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн.

14. Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ иуӕй-иу чырыстӕттӕ «раст ныхӕсты хуызӕгыл» фидар нал хӕцыдысты?

14 «Раст ныхӕсты хуызӕгыл» фидар куы нал хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. 1 ӕнусы чырыстон ӕмбырды апарахат сты ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы бон ӕрцыд. Афтӕ, чи зоны, уый тыххӕй дзырдтой, ӕмӕ бакастысты цыдӕр писмо. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уыцы писмо Павел ныффыста. Фессалоникӕйы иуӕй-иу чырыстӕттӕ не сбӕрӕг кодтой, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ ма сӕ суанг парахат кӕнын дӕр райдыдтой. Уыдон афтӕ ӕнцонтӕй нӕ фӕсайды уыдаиккой, Павел сӕ уый размӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый сӕ зӕрдыл куы дардтаиккой, уӕд (2 Фес. 2:1–5). Уымӕ гӕсгӕ Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу алцӕуыл ӕнцонтӕй ма баууӕндой. Ӕмӕ цӕмӕй фидӕны сӕ бон уыдаид рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнын, уый тыххӕй Павел йӕ дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй. Уый у нысан мӕ алы фыстӕджы дӕр. Ӕз афтӕ фыссын» (2 Фес. 3:17).

15. Нӕ бон куыд у нӕхи бахъахъхъӕнын, ӕцӕг чи зыны, уыцы мӕнг ныхӕстӕй? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм дӕр.)

15 Павел фессалоникӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах дӕр, гӕнӕн ис, фехъусӕм, Библийы рӕстдзинады ныхмӕ чи у кӕнӕ дисы чи ’фтауы, ахӕм хабӕрттӕ. Ахӕм уавӕрты хъуамӕ уӕм арфуынӕг. Зӕгъӕм, Советон Цӕдисы ӕфсымӕртӕ иухатт райстой писмо. Афтӕ зынди, цыма йӕ сӕйраг хайадӕй ӕрбарвыстой, афтӕмӕй та йӕ знӕгтӕ ныффыстой. Уыцы писмойы ӕфсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы организаци ныууагътаиккой ӕмӕ, сӕхӕдӕг разамынд кӕм лӕвӕрдтаиккой, ахӕм организаци скодтаиккой. Фӕлӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ нӕ фӕсайды сты. Уыдон бамбӕрстой, писмойы цы фыст уыд, уый, нӕ организаци сӕ ныронг цӕуыл ахуыр кодта, уый ныхмӕ кӕй уыд. Абон дӕр не знӕгтӕ интернетӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй нын нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕной ӕмӕ нӕ ныддихтӕ кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма бауадзӕм, «цӕмӕй... [нӕ] зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа» (2 Фес. 2:2). Уый тыххӕй та-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цы бакастӕн кӕнӕ цы фехъуыстон, уый, Библийӕ цы базыдтон, уый ныхмӕ нӕу?» (1 Иоан. 4:1).

Ӕцӕг чи зыны, уыцы мӕнг ныхӕстыл ма баууӕнд (кӕс 15 абзац) a


16. Ромӕгтӕм 16:17, 18 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, ӕмбырды исчи, рӕстдзинады ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыдытӕ куы парахат кӕна, уӕд?

16 Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонимӕ алкӕддӕр иудзинады у. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’хсӕн уа иудзинад ӕмӕ йын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм. Уӕд рӕстдзинадыл фидар хӕцдзыстӕм. Рӕстдзинады ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыдытӕ исчи парахат кӕнын куы райдайы, уӕд ӕмбырд ныддихтӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ахӕм адӕммӕ «хӕстӕг ма цӕуӕм», кӕннод фӕсайды уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивдзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 16:17, 18.)

17. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм?

17 Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар куы хӕцӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (Еф. 4:15, 16). Стӕй Хӕйрӕджы мӕнг ахуырӕдтыл ӕмӕ мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзыстӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг хъахъхъӕндзӕн. Дарддӕр дӕр рӕстдзинадыл фидар хӕц, ӕмӕ «фарны Хуыцау» уыдзӕн демӕ! (Фил. 4:8, 9).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

a НЫВТӔ. Советон Цӕдисы ӕфсымӕртӕ райстой писмо. Афтӕ зынди, цыма йӕ сӕйраг хайадӕй ӕрбарвыстой, афтӕмӕй та йӕ знӕгтӕ ныффыстой. Абон дӕр не знӕгтӕ нӕ организацийы тыххӕй интернеты мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц. (Къамты ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.)