Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Растворы фӕрцы агуыридуртӕ кӕрӕдзийыл куыд фидар фӕхӕцынц, афтӕ фидар уыдзӕн уӕ бинонты цард дӕр, кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнут, уый уӕ ныхасӕй бӕрӕг куы уа, уӕд

ЦАРДӔМБӔЛТТӔН

3. Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут

3. Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Кӕрӕдзийӕн чи фӕаргъ кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр разы куы нӕ вӕййынц, уӕддӕр кӕрӕдзийы ӕнкъарӕнтӕн фӕаргъ кӕнынц. Иу чиныджы фыст ис: «Алчи сӕ йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууы, фӕлӕ хъуыддагыл сабырӕй аныхас кӕнынц. Кӕрӕдзимӕ сабырӕй байхъусынц ӕмӕ, дыууӕйӕ дӕр разы кӕуыл уой, ахӕм уынаффӕ рахӕссынц» (Ten Lessons to Transform Your Marriage).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).

«Кӕд мӕ бинойнаджы нымайын, уӕд ын хъуамӕ аргъ кӕнон ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ цы фӕриссын кӕндзӕн кӕнӕ нӕ бинонты цардыл ӕвзӕрырдӕм цы фӕзындзӕн, ахӕмӕй мацы аразон» (Майк).

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куы нӕ фӕаргъ кӕнынц, уӕд кӕрӕдзийӕн фӕкӕнынц фауӕн ӕмӕ ӕлхыскъ ныхӕстӕ, стӕй ма суанг кӕрӕдзийыл былысчъилтӕ дӕр фӕкӕнынц. Ӕмӕ, иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, чи ахицӕн вӕййы, уыдон райдианы уыдӕтты тыххӕй адард вӕййынц кӕрӕдзийӕ.

«Дӕ бинойнаджы ныхасӕй куы ’лхыскъ кӕнай кӕнӕ дзы куы хынджылӕг кӕнай, уӕд йӕхицӕн нал аргъ кӕндзӕн ӕмӕ дыл нал ӕууӕнддзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийӕ адард уыдзыстут» (Брайан).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

АХЪУЫДЫ КӔН

Къуырийы дӕргъы дӕ хъус дар, цы фӕдзурыс ӕмӕ цы фӕаразыс, уымӕ ӕмӕ-иу стӕй ахъуыды кӕн:

  • «Мӕ цардӕмбалы ныхасӕй цал хатты бафхӕрдтон ӕмӕ дзы цал хатты раппӕлыдтӕн?»

  • «Мӕ цардӕмбалӕн кӕй аргъ кӕнын, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй равдыстон?»

ДӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ АНЫХАС КӔН

  • Уӕ дыууӕ дӕр цы хъуамӕ аразат, стӕй цы ӕмӕ куыд хъуамӕ дзурат, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнут, уый?

  • Цавӕр ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг, кӕрӕдзийӕн кӕй нӕ аргъ кӕнут, уый?

УЫНАФФӔТӔ

  • Гӕххӕттыл ныффысс, дӕ цардӕмбалӕн йӕ бон цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй уаид равдисын, кӕй дын аргъ кӕны, уый. Афтӕ бакӕнӕд дӕ цардӕмбал дӕр. Стӕй уыцы гӕххӕттытӕ кӕрӕдзимӕ раттут ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайут.

  • Ныффысс, дӕ цардӕмбалы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон. Ӕмӕ йын стӕй зӕгъ, уыцы миниуджыты тыххӕй йын тынг кӕй аргъ кӕныс.

«Кӕд мӕ сӕрыхицауы нымайын, уӕд хъуамӕ мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, кӕй йын аргъ кӕнын ӕмӕ мӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уа. Уый тыххӕй алы хатт стыр хъуыддаг саразын нӕ фӕхъӕуы. Арӕх гыццыл хъуыддӕгтӕй дӕр равдисӕн вӕййы, дӕ цардӕмбалӕн кӕй аргъ кӕныс, уый» (Меган).

Уӕдӕ сӕйраг уый нӕу, ӕмӕ дӕумӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ йын аргъ кӕныс. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй дӕ цардӕмбал ӕмбара, кӕй йын аргъ кӕныс, уый.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон» (Колоссӕгтӕм 3:12).