Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 3 2018 | Хуыцау дыл ӕцӕгдӕр тыхсы?

Хуыцау дыл ӕцӕгдӕр тыхсы?

Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы кӕнӕ адӕймаг куы фӕхъизӕмар кӕны ӕмӕ куы амӕлы, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ Хуыцау кӕдӕм кӕсы кӕнӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис:

«Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у» (1 Петры 3:12).

Ацы брошюрӕйӕ базонӕн ис, Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ не ’ппӕт бӕллӕхтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый.

 

«Цымӕ Хуыцау кӕм уыд?»

Исты бӕллӕх дыл куы ’рцӕуы, уӕд нӕ ахъуыды кӕныс, цымӕ мыл Хуыцау тыхсы, зӕгъгӕ?

Хуыцау дыл тыхсы?

Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцау нӕ хорзыл кӕй тыхсы?

Хуыцау дӕ ӕмбары?

Хуыцау нын не сконд хорз кӕй зоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ алы хъуыддаджы дӕр хорз ӕмбары.

Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у?

Библийы фыст ис, Хуыцау нӕ кӕй уыны, кӕй ӕмбары ӕмӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны.

Зындзинӕдтӕ уый тыххӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?

Хуыцау низтӕ кӕнӕ бӕллӕхтӕ уый тыххӕй ӕруадзы, цӕмӕй адӕмы сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕра?

Хъизӕмӕрттӕ кӕй тыххӕй ӕвзарӕм?

Хуыцауы Ныхас, Библи нын ӕмбарын кӕны, адӕм бӕллӕхтӕ кӕй ӕвзарынц, уымӕн ӕртӕ сӕйраг аххосаджы кӕй ис.

Тагъд Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн

Кӕцӕй йӕ зонӕм, тагъд Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн?

Хуыцау дыл кӕй тыхсы, уый дын цы пайда хӕссы?

Библийы фӕрцы нӕ бон у ӕууӕндын, Хуыцау нын зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл.

Хуыцау дын дӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Библийӕ ацы стихты фӕрцы базондзынӕ, Хуыцау дын дӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.