Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | САРРӔ

«Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»

«Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»

УАТЫ астӕу лӕууы сауцӕст рӕсугъд скӕсӕйнаг сылгоймаг ӕмӕ йӕ алыварс кӕсы. Уый у Саррӕ. Фӕлӕ цымӕ ӕнкъард цӕмӕн у? Хабар цӕй мидӕг ис, уый куы базонӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм. Цы хӕдзары ис, уым йӕ уарзон сӕрыхицау Авраамимӕ амондджынӕй бирӕ фӕцард *. Уыцы хӕдзары иумӕ фыдӕбон кодтой.

Саррӕ ӕмӕ Авраам цардысты хъӕздыг горӕт Уры. Уым уыди бирӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ, алыхуызон дӕсны кусджытӕ ӕмӕ базаргӕнджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ Авраамитӕн, ӕвӕццӕгӕн, стыр исбон уыди. Фӕлӕ уыцы хӕдзар Саррӕйӕн зынаргъ йӕ бирӕ фӕллойы тыххӕй нӕ уыд. Уым йӕ сӕрыхицауимӕ бирӕ азты фӕцард, ӕрвыстой дзы цины ӕмӕ масты бонтӕ. Уым бирӕ хӕттыты куывтой, тынг кӕй уарзтой, уыцы Хуыцау Йегъовӕмӕ. Уӕдӕ Саррӕ уыцы хӕдзар хуымӕтӕджы нӕ уарзта.

Фӕлӕ уӕддӕр Саррӕ цӕттӕ уыди ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзынмӕ. Уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, 60 азы бӕрц цыди, ӕмӕ хъуамӕ ацыдаид ӕнӕзонгӕ ранмӕ. Уыцы бӕстӕйы сӕ цардӕн тӕссаг дӕр уыдаид, зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдаиккой ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр нал ӕрыздӕхтаиккой. Цымӕ йӕ цард афтӕ цӕхгӕр цӕмӕн фӕивта? Ӕмӕ нын уыцы сылгоймаджы уырнындзинад фӕзминаг цӕмӕн у?

«НЫУУАДЗ ДӔ БӔСТӔ»

Ӕвӕццӕгӕн, Саррӕ Уры схъомыл. Абон уыцы горӕтӕй хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ ницы баззад. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг базаргӕнджыты наутӕ цыдысты Евфраты цӕугӕдоныл ӕмӕ горӕты къанӕуттыл, ӕмӕ дард бӕстӕтӕй ластой зынаргъ дзауматӕ. Горӕты нарӕг ӕмӕ зылын-мылын уынгты адӕмӕй фезмӕлӕн дӕр нӕ уыд. Наулӕууӕнты лӕууыди дуне наутӕ, ӕмӕ базарты цынӕ уӕй кодтой, ахӕм нӕ уыд. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Саррӕ царди, адӕмӕй ӕмызмӕлд чи кодта, ахӕм горӕты. Йӕ цӕрджытӕй дӕр ын бирӕты нӕмттӕ зыдта, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр зыдтой, уымӕн ӕмӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг уыди. Стӕй ма йын Уры бирӕ хӕстӕджытӕ уыди.

Библийы фыст ис, Саррӕйӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд. Уый не ’ууӕндыд мӕйы хуыцауыл, кӕд Уры цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр уымӕн куывтой, уӕддӕр. Уыцы хуыцауӕн ма горӕты стыр мӕсыг дӕр сарӕзтой. Саррӕ куывта ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн. Библийы фыст нӕй, ахӕм уырнындзинад ӕм цӕй фӕрцы фӕзынд, уый. Иу рӕстӕг ма йӕ фыд дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн куывта. Фӕлӕ Саррӕ смой кодта Аврааммӕ, уый дзы дӕс азы хистӕр уыди * (Райдиан 17:17). Фӕстӕдӕр Авраамы тыххӕй фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» у (Ромӕгтӕм 4:11). Авраам ӕмӕ Саррӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд уыдысты, кӕрӕдзийӕн аргъ кодтой, кӕрӕдзи ӕмбӕрстой, ӕмӕ зындзинӕдты сӕрты дӕр иумӕ хызтысты. Фӕлӕ сӕ ӕппӕты тынгдӕр иу кодта, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый.

Саррӕ ӕмӕ Авраам Уры сӕ хӕстӕджытӕм ӕввахс цардысты. Саррӕ бирӕ уарзта йӕ сӕрыхицауы. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ бинонтӕ фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты. Библийы кӕсӕм: «Сарӕйӕн сывӕллон нӕ уыд, зӕнӕг ын нӕ цыди» (Райдиан 11:30). Уыцы рӕстӕг ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн тынг зын уыди. Фӕлӕ уӕддӕр Саррӕ Хуыцауыл дӕр ӕмӕ йӕ сӕрыхицауыл дӕр иузӕрдион уыд. Ӕвӕццӕгӕн сын Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лот фырты хуызӕн уыди. Афтӕ ӕрвыстой сӕ царды бонтӕ, фӕлӕ иу бон алцыдӕр цӕхгӕр фӕивта.

Авраам Саррӕмӕ цӕуылдӕр тынг дис кӕнгӕйӕ ӕрбацыд. Ацы тӕккӕ цы ӕрцыд, уый йӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, уый йемӕ ныхас кодта – суанг ма йӕм зӕды уылты дӕр фӕзынд! Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Саррӕ йӕ куыд бафарста: «Цы дын загъта? Радзур-ма мын ӕй, дӕ хорзӕхӕй!» Чи зоны уал Авраам ӕрбадт, цӕмӕй ахъуыды кодтаид, цы йыл ӕрцыд, ууыл. Стӕй йын радзырдта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый: «Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ дын ӕз цы зӕхмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу» (Хъуыддӕгтӕ 7:2, 3). Куы ӕрсабыр сты, уӕд Йегъовӕйы ныхӕстыл ахъуыды кодтой. Хъуамӕ сӕ хорз, ӕнӕмӕт цард ныууадзой ӕмӕ цатырты цӕрой! Цымӕ Саррӕ куыд бакӕндзӕн? Авраам ӕнӕдзургӕйӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Цымӕ сразы уыдзӕн ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ скӕныныл?

Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Саррӕ цы уавӕры бахауд, мах ахӕм уавӕры никуы уыдзыстӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм: «Хуыцау мӕнӕн кӕнӕ мӕ цардӕмбалӕн ахӕм цыдӕр никуы саразын кӕндзӕн!» Фӕлӕ цымӕ мах дӕр ахӕм уынаффӕ рахӕссын нӕ хъӕуы? Мах цӕрӕм ӕхцауарзаг дунейы, ӕмӕ нӕ ӕдзухдӕр ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй мӕт кӕнӕм нӕхи удыл, нӕ исбоныл, кӕнӕ нын цӕмӕй тӕссаг мацӕмӕй уа, ууыл. Фӕлӕ нын Библи дзуры, цӕмӕй нын царды фыццаг бынаты уой Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Уӕд, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл архайдзыстӕм (Матфейы 6:33). Саррӕйы хабарыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕхи бафӕрсӕм: «Ӕз та царды цы равзардзынӕн?»

УЫДОН РАЦЫДЫСТЫ СӔ ЗӔХХӔЙ

Саррӕ хъуамӕ ахъуыды кодтаид, семӕ цы ахӕсдзысты ӕмӕ цы ныууадздзысты, ууыл. Йӕ бон нӕ уыд рахӕссын, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ цы нӕ афӕрӕзтаиккой, стӕй сӕ цатыры цӕргӕйӕ цы дзауматӕ нӕ бахъуыдаид, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ сӕ цавӕрдӕр дзауматӕ хъуыди раттын кӕнӕ сӕ ауӕй кӕнын. Стӕй ма йӕ хъуыди горӕтаг цард ныууадзын. Уым Саррӕйӕн йӕ бон уыд базармӕ рацӕуын ӕмӕ балхӕнын мӕнӕу, дзидза, дыргътӕ, уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ.

Саррӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ хъӕздыг цард ныууагъта

Фӕлӕ Саррӕйӕн, ӕвӕццӕгӕн, зын уыд йӕ хӕдзар ныууадзын. Кӕд, археологтӕ Уры цы хӕдзӕрттӕ ссардтой, сӕ хӕдзар ахӕм уыд, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ уыдаид уырдыгӕй ацӕуын. Уыцы хӕдзӕрттӕй иуӕй-иуты дӕс уатӕй фылдӕр уыд, уыди дзы фонтантӕ, нуазынӕн чи бӕззыд, ахӕм донимӕ ӕмӕ доны трубатӕ. Суанг ма хъӕздыг чи нӕ уыд, уыцы хӕдзӕртты сӕртӕ дӕр уыдысты фидар ӕрмӕгӕй ӕмбӕрзт, сӕ алыварс уыди къултӕ, сӕ дуар та дуарӕхгӕнӕнӕй ӕхгӕдтой. Фӕлӕ сӕ цатыр дӕр къӕрныхтӕй афтӕ бахъахъхъӕдтаид? Кӕнӕ сӕ куыд бахъахъхъӕдтаид домбӕйттӕй, фыранктӕй, ӕрсытӕй ӕмӕ бирӕгътӕй, кӕд ӕмӕ уыцы рӕстӕг уым арӕх ӕмбӕлдысты?

Ӕмӕ йӕ хиуӕтты та куыд ныууадздзӕн? Хуыцау Авраамӕн загъта, «ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты», зӕгъгӕ, ӕмӕ Саррӕйӕн уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕты зындӕр уыд. Уыцы сылгоймагӕн уыдаид, бирӕ кӕй уарзта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, уыдоны цот, йӕ ныййарджыты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ, гӕнӕн уыд, ӕмӕ сӕ макуыуал федтаид. Фӕлӕ Саррӕ дарддӕр йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кодта.

Кӕд Саррӕ мӕт кодта, уӕддӕр алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, кӕд араст уыдзысты, уыцы бонмӕ. Бинонты хистӕр Фаррӕ дӕр Авраам ӕмӕ Саррӕимӕ ацыд, кӕд ыл дыууӕсӕдӕ азы бӕрц цыд, уӕддӕр (Райдиан 11:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Саррӕ уыцы ацӕргӕ адӕймагмӕ хорз касти. Лот дӕр Йегъовӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ семӕ «рацыд халдейты зӕххӕй» (Хъуыддӕгтӕ 7:4).

Фыццаг уал ацыдысты Харраны зӕхмӕ, уый уыди Евфратӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм 960 километры дарддӕр. Харраны сӕ цыбыр рӕстӕгмӕ ӕрлӕууын бахъуыд. Ӕвӕццӕгӕн, Фаррӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ бон дарддӕр цӕуын нал уыд. Уым баззадысты, цалынмӕ Фаррӕ йӕ цардӕй нӕ ахицӕн, уӕдмӕ, цыди йыл 205 азы. Цалынмӕ сӕ фӕндаг нӕ адарддӕр кодтой, уӕдмӕ та Йегъовӕ ногӕй Авраамимӕ ныхас кодта. Загъта та йын, цӕмӕй Харраны зӕхх ныууадзой ӕмӕ ацӕуой, цы зӕххы кой сын кодта, уырдӕм. Ӕрмӕст ма йын ацы хатт Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм» (Райдиан 12:2–4). Фӕлӕ Харранӕй куы рацыдысты, уӕд Авраамыл 75 азы цыд, Саррӕйыл та – 65 азы, ӕмӕ сын цот нӕ уыд. Уӕдӕ Авраамӕй «стыр адӕм» куыд хъуамӕ рацыдаид? Ӕндӕр ус ракурын ӕй бахъӕудзӕн? Уӕды заманты нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕн уыди цалдӕргай устытӕ. Ӕмӕ, чи зоны, Саррӕ дӕр хъуыды кодта, Авраамы ӕндӕр ус ракурын кӕй хъӕудзӕн.

Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр дарддӕр сӕ фӕндагыл цыдысты. Фӕлӕ ныр иунӕг нал уыдысты. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй бирӕ фӕллой рахастой, ӕмӕ семӕ ракодтой, «Харраны сӕм цы лӕггадгӕнджытӕ уыди, уыдоны дӕр» (Райдиан 12:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Авраам ӕмӕ Саррӕ Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтой, чи сӕм хъуыста, уыдонӕн. Иуӕй-иу рагон дзуттаг фыстыты ацы стихы тыххӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ дзы цы адӕмы кой цӕуы, уыдон сӕ дин ныууагътой ӕмӕ райдыдтой Йегъовӕ Хуыцауӕн кувын. Кӕд хабар афтӕ уыд, уӕд Саррӕ тынг зӕрдиагӕй дзырдтаид йӕ Хуыцауы тыххӕй, ӕмӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй. Саррӕ махӕн дӕр фӕзминаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ рӕстӕджы адӕм Хуыцауыл не ’ууӕндынц, ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕй ис. Ды дӕр иннӕтӕн фӕдзурыс, Библийӕ цы базоныс, уый?

«АЦЫД ЕГИПЕТМӔ»

Авраамитӕ Евфраты сӕрты куы ахызтысты, уӕд ацыдысты, Йегъовӕ сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ, хуссарырдӕм. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди н. э. размӕ 1943 азы 14 нисаны (Рацыд 12:40, 41). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Саррӕ куыд дис кодтаид уыцы бӕстӕйы рӕсугъд ӕрдзыл ӕмӕ хорз климӕтыл. Сихеммӕ ’ввахс, Морейы стыр бӕлӕсты цур Йегъовӕ ногӕй Аврааммӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддагӕн». Дзырд «байзӕддаг» Авраамӕн хуымӕтӕг дзырд нӕ уыд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый – «байзӕддаг» Хӕйрӕджы фесафдзӕн. Йегъовӕ уый размӕ дӕр Авраамӕн загъта, стыр адӕм дзы кӕй рацӕудзӕн, ӕмӕ сӕ фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райдиан 3:15; 12:2, 3, 6, 7).

Фӕлӕ уӕддӕр Авраамы бинонтӕ зындзинӕдтӕй хызт нӕ уыдысты. Ханааны зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Авраам йӕ бинонтимӕ ацыд хуссарырдӕм, Египетмӕ. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, уыцы бӕстӕйы сын тӕссаг кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ Саррӕйӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, ӕмӕ дӕ египетӕгтӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты, ай йӕ ус у, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. Ӕмӕ дӕ курын, зӕгъ-иу сын, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй мыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа ӕмӕ дӕ фӕрцы удӕгасӕй баззайон» (Райдиан 12:10–13). Цымӕ Авраам Саррӕйӕн афтӕ цӕмӕн загъта?

Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Авраам сайгӕ кодта, стӕй тӕппуд уыд. Фӕлӕ Саррӕ ӕцӕгӕйдӕр йӕ хо уыд. Ӕмӕ Авраам дзӕгъӕлы нӕ тарсти. Сӕ дыууӕ дӕр зыдтой, Авраамы цард бахъахъхъӕнын тынг ахсджиаг кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, «байзӕддаг» ӕмӕ дзы «стыр адӕм» кӕй рацӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай ма археологтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй-иу египетӕгтӕ адавтой, сӕ зӕрдӕмӕ-иу чи фӕцыд, уыцы сылгоймаджы, йӕ лӕджы та-иу ын амардтой. Уӕдӕ Авраам раст уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Саррӕ дӕр сӕрныллӕгӕй йӕ коммӕ бакаст.

Фӕстӕдӕр цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй рабӕрӕг, Авраам ӕнӕхъуаджы кӕй нӕ тарст. Фараоны кънйӕзтӕй чидӕртӕ федтой, Саррӕ ӕмбисонды рӕсугъд кӕй у, кӕд ӕрыгон нал уыд, уӕддӕр. Уый тыххӕй фараонӕн фӕхабар кодтой, ӕмӕ йӕ уый дӕр ӕрбакӕнын кодта. Ахъуыды-ма кӕн, Авраам куыд маст кодтаид, ӕмӕ Саррӕ та куыд тынг фӕтарстаид! Фӕлӕ йӕм египетӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз цӕстӕй ракастысты, ӕмӕ йӕ кадджын уазӕгау сбуц кодтой. Чи зоны, фараоны фӕндыд Саррӕйӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй йӕ зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ йе «’фсымӕримӕ» бафидауын, цӕмӕй йӕ ракуырдтаид (Райдиан 12:14–16).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Саррӕ фараоны галуаны рудзынгӕй кӕнӕ балкъонӕй Египеты рӕсугъд ӕрдзмӕ куыд кӕсы. Ногӕй та уыд, фидар къултӕ кӕмӕн ис, йӕ сӕр ӕмбӕрзт кӕмӕн у, ахӕм хӕдзары, ӕмӕ йӕ разы уыд хӕрзад хӕринӕгтӕ. Цымӕ Саррӕ цӕуыл хъуыды кодта? Чи зоны йын уыцы хъӕздыгдзинад фӕлварӕн уыд – ӕвӕццӕгӕн ын Уры дӕр ахӕм цард нӕ уыд. Ахъуыды-ма кӕн, Хӕйрӕг куыд цин кодтаид, Авраамыл йӕ зӕрдӕ куы сивтаид ӕмӕ фараонмӕ куы смой кодтаид, уӕд! Фӕлӕ Саррӕйӕн уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Уый иузӕрдион уыд йӕ сӕрыхицауыл дӕр ӕмӕ Хуыцауыл дӕр. Куыд хорз уаид, абоны ӕнӕгъдау дунейы дӕр алчидӕр йӕ цардӕмбалыл афтӕ иузӕрдион куы уаид! Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Саррӕйы бафӕзмын, цӕмӕй дӕ хиуӕттыл ӕмӕ де ’мбӕлттыл афтӕ иузӕрдион уай?

Кӕд Саррӕйӕн йӕ бон фараоны галуаны цӕрын уыд, уӕддӕр йӕ сӕрыхицауыл иузӕрдионӕй баззад

Йегъовӕ Саррӕйы бахъахъхъӕдта – фараоныл ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтыл уӕззау низтӕ бафтыдта. Фараон куы базыдта, Саррӕ Авраамы ус кӕй у, уӕд ӕй ауагъта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй Египетӕй ацӕуой (Райдиан 12:17–20). Куыд тынг цин кодтаид Авраам, йӕ зынаргъ бинойнаг та ногӕй йӕ фарсмӕ кӕй уыд, ууыл! Ӕрхъуыды-ма кӕн, уый размӕ йын фӕлмӕнӕй куыд загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ». Авраам ӕппӕты тынгдӕр Саррӕйы рӕсугъд бакастӕн нӕ аргъ кодта, фӕлӕ йӕ рӕсугъд удыхъӕдӕн. Уыцы рӕсугъддзинадӕн стыр аргъ кӕны Йегъовӕ дӕр (1 Петры 3:1–5). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у архайын, цӕмӕй йӕ удыхъӕд рӕсугъд уа. Мах дӕр Саррӕйы фӕзмдзыстӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ нын хъӕздыгдзинадӕй сӕйрагдӕр куы уой, иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй куы дзурӕм ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг, уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоны сӕрты куы нӕ хизӕм, уӕд.

^ 3 абз. Раздӕр сӕ нӕмттӕ уыдысты Аврам ӕмӕ Сарӕ, фӕлӕ сӕ адӕм фылдӕр зонынц, Йегъовӕ сын фӕстӕдӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй (Райдиан 17:5, 15).

^ 8 абз. Саррӕ Авраамы хо уыд. Уыди сын иу фыд, Фаррӕ, фӕлӕ мадӕй хицӕн уыдысты (Райдиан 20:12). Абон тугхӕстӕджытӕн сӕ цард баиу кӕныны бар нӕй, фӕлӕ уыцы рӕстӕг хабар ӕндӕрхуызон уыди. Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕст куы нал уыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ адӕм нырма ӕнӕниздӕр уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ тӕссаг нӕ уыдаид, сӕ цот сахъатӕй кӕй райгуырдаиккой, уымӕй. Фӕлӕ иу-400 азы фӕстӕ адӕм цӕрын райдыдтой, абон цас цӕрынц, уыйбӕрц. Ӕмӕ уӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар нал уыд (Левит 18:6).