Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Паддзахады мыггӕгтӕ Португалийы тауын куыд райдыдтой

Паддзахады мыггӕгтӕ Португалийы тауын куыд райдыдтой

АТЛАНТИКОН ОКЕАНЫ уылӕнтӕ науы фӕрстӕ хостой. Нау цыд Европӕмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕй сӕ иуӕн, Джордж Янгӕн, йӕ хъуыдытӕ уыдысты, Бразилийы йын Паддзахады хабар хъусын кӕнгӕйӕ цас бантыст, ууыл, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ уыд цинӕйдзаг *. Фӕлӕ нау цас дарддӕр цыд, уыйас фылдӕр хъуыды кодта, ныр ыл цы ног хӕс уыд, ууыл. Снысан ӕй кодтой Испани ӕмӕ Португалимӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, уымыты хъусын кӕнынмӕ. Ӕфсымӕр Янг пълан кодта алцыдӕр бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй дзы ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорд раныхас радзырдтаид, стӕй ма фӕнд кодта 300 000 буклеты апарахат кӕнын дӕр!

Джордж Янг йӕ уацамындон балцыты рӕстӕг науыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ цыд

1925 азы уалдзӕджы ӕфсымӕр Янг горӕт Лиссабонмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд уым хабар сӕ хӕрзтӕй нӕ уыд. 1910 азы Португалийы уыд революци, ӕмӕ, паддзахады сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы уыдысты, уыцы хицауы йӕ бынатӕй раппӕрстой, стӕй Католикон аргъуан дӕр раздӕрау барджын нал уыд. Ӕмӕ кӕд адӕмӕн фылдӕр бартӕ фӕзынд, уӕддӕр бӕстӕйы нырма змӕстытӕ цыд.

Ӕфсымӕр Янг ӕфсымӕр Рутерфорды ӕрцыдмӕ алцыдӕр цӕттӕ кӕнын райдыдта. Уыцы рӕстӕг чидӕртӕ хицауад фӕивыны тыххӕй сызмӕнтынмӕ кӕй хъавыдысты, уый тыххӕй бӕстӕ ӕфсӕддонты дӕлбар бакодтой. Ӕмӕ Британийы цы Библийы Ӕхсӕнад (Британское и иностранное библейское общество) уыд, уый секретарь ӕфсымӕр Янгы бафӕдзӕхста, йӕхи тӕссаг уавӕры кӕй ӕппары, зӕгъгӕ, дам, дӕ сӕрибарӕй архайын нӕ бауадздзысты. Фӕлӕ уый уӕддӕр хицауадӕй бар ракуырдта, цӕмӕй Камоэнсы номыл арӕзт скъолайы спортзалы адӕмы ӕрӕмбырд кодтаиккой. Ӕмӕ йын уый бар радтой!

Уӕдмӕ ралӕууыд 13 май, ӕфсымӕр Рутерфорд раныхас куы хъуамӕ радзырдтаид, уыцы бон. Бирӕтӕ уыцы раныхасмӕ цымыдисӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Алыхуызон бӕстыхӕйттыл ныхӕст плакаттыл уыд хъусинаг уыцы раныхасы тыххӕй, стӕй газетты дӕр уый тыххӕй фыстой. Раныхас хуынд, «Зӕххыл ӕнустӕм цӕрӕн цӕй фӕрцы ис?», зӕгъгӕ. Ӕфсымӕрты ныхмӕ чи уыд, уыдон тагъд-тагъдӕй сӕ газеты иу статья ныммыхуыр кодтой, цӕмӕй сӕ кӕсджыты ӕрцӕуӕг «мӕнг пехуымпартӕй» бафӕдзӕхстаиккой. Стӕй ма спортзалы бахизӕны сӕ ныхмӕдзӕуджытӕ байуӕрстой мингай брошюрӕтӕ, ӕфсымӕр Рутерфорды ахуырӕдтӕ раст ахуырӕдтыл кӕй нӕ нымайынц, уый фӕдыл.

Фӕлӕ уӕддӕр иу-2 000 адӕймаджы спортзалы ӕрӕмбырд сты, иу уыйбӕрц та мидӕмӕ уадзгӕ дӕр нӕ бакодтой, уымӕн ӕмӕ дзы къух бакӕнӕн нал уыд. Чидӕртӕ дзы сбырыдысты, къултыл ауыгъд чи уыд ӕмӕ бӕндӕнӕй конд чи уыд, ахӕм асинтӕм ӕмӕ уырдыгӕй хъуыстой. Чидӕртӕ та сӕхицӕн бынӕттӕ скодтой гимнастикӕгӕнӕн дзауматыл.

Ныхмӕдзӕуджытӕ ӕфсымӕр Рутерфорды ныкъкъуылыпмы кӕныныл архайдтой. Спортзалмӕ куы бацыдысты, уӕд хъӕр систой ӕмӕ бандӕттӕ пырх кӕнынмӕ фесты. Фӕлӕ ӕфсымӕр Рутерфорд, цыма никуы ӕмӕ ницы, йӕхи афтӕ дардта. Цӕмӕй йӕ ныхас адӕммӕ дзӕбӕх хъуыстаид, уый тыххӕй стъолмӕ схызт ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй дзырдта. Йӕ раныхас фӕци ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг, ӕмӕ уый фӕстӕ 1 200 адӕймагӕй фылдӕр сӕ нӕмттӕ ӕмӕ сӕ адристӕ ныффыстой, цӕмӕй сын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ӕрбарвыстаиккой. Иннӕ бон бынӕттон газеты, «Секулу», зӕгъгӕ, ныммыхуыр кодтой, ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасы кой кӕм цыд, ахӕм статья.

1925 азы сентябры Португалийы мыхуыры цӕуын райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» португайлаг ӕвзагыл. (Бразилийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» португайлаг ӕвзагыл уӕдмӕ дӕр мыхуыры цыд.) Уыцы рӕстӕг Бразилийы иу Библииртасӕг, Виржилиу Фергусон, пълан кодта Португалимӕ ацӕуын, цӕмӕй уым Паддзахады хъуыддагӕн баххуыс кодтаид. Уый размӕ ӕфсымӕр Янгимӕ лӕггад кодта, Бразилийы цы гыццыл офис уыд, уым. Гъемӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Виржилиу йӕ бинойнагимӕ, Лиззиимӕ, Португалимӕ ацыд, цӕмӕй ӕфсымӕр Янгӕн баххуыс кодтаиккой. Се ’рцыд йӕ тӕккӕ афоныл уыд, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕр Янгы хъуыд ӕндӕр бӕстӕтӕм ацӕуын лӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ уыцы бӕстӕтӕй иу уыд Советон Цӕдис.

Лиззи ӕмӕ Виржилиу Фергусонӕн Португалийы цӕрыны бар кӕй радтой, уый ӕвдисӕг гӕххӕтт, 1928 аз

Португалийы уыцы рӕстӕг цы хицауад уыд, уый ныхмӕ сызмӕстой ӕмӕ йӕ йӕ бынатӕй систой, ӕмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕвӕрд ӕрцыд иу хицау. Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕрты ныхмӕ тынгдӕр цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ ӕфсымӕр Фергусон разынд хъӕбатыр чырыстон, ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй дзы цы Библииртасджыты гыццыл къорд уыд, уымӕн тӕссаг мацӕмӕй уыдаид ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы архайын сӕ бон уыдаид. Уый хицауадӕй бар ракуырдта, цӕмӕй сӕ хӕдзары ӕмбырдтӕ уагътаиккой. Ӕмӕ йын 1927 азы октябры бар радтой.

Бӕстӕйы сӕргъы иу хицау ӕвӕрд куы ’рцыд, уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ, Португалийы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» чи иста, уыдон баисты иу-450 адӕймаджы. Уымӕй уӕлдай ма буклеттӕ ӕмӕ брошюрӕты фӕрцы хорз хабар фӕхӕццӕ, Португалийы дӕлбар цы бӕстӕтӕ уыд, уыдонмӕ дӕр – Азоры сакъадӕхтӕ, Анголӕ, Гоа, Кабо-Верде, Мадейрӕ, Мозамбик ӕмӕ Скӕсӕн Тимормӕ.

1929 азы Лиссабонмӕ Бразилийӕ ӕрцыд иу дыргъдонгӕс, Мануэл да-Силва Жордан. Йӕхӕдӕг уыди португайлаг ӕмӕ уыд сӕрныллӕг адӕймаг. Бразилийы куы цард, уыцы рӕстӕг дзы ӕфсымӕр Янгӕн уыд раныхас, ӕмӕ йын уый дӕр йӕ раныхасмӕ хъуыста. Мануэл уайтагъд рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй бафӕндыд ӕфсымӕр Фергусонӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдта чиныгхӕссӕгӕй (раздӕр афтӕ хуыдтам пионерты). Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыры кӕй цыд ӕмӕ йӕ кӕй парахат кодтой, уый фӕрцы, Лиссабоны цы ног ӕмбырд фӕзынд, уый рӕзыд.

1934 азы Виржилиу ӕмӕ Лиззийы бахъуыд фӕстӕмӕ Бразилимӕ ацӕуын. Фӕлӕ уӕдмӕ Португалийы рӕстдзинады мыггӕгтӕ байтыдтой. Ӕмӕ Испанийы мидхӕст куы цыд, уыцы рӕстӕг, стӕй Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дӕр португайлаг ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты. Иуафон уыцы чырыстӕттӕ уыдысты, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм зынгты хуызӕн. Фӕлӕ сӕм 1947 азы ӕрцыд, Галаады скъола чи фӕци, уыцы миссионертӕй иу, Джон Кук. Уый уыд, Португалимӕ цы миссионертӕ ӕрцыд, уыдонӕй фыццаг, ӕмӕ уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн ногӕй сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕцыл бонӕй-бонмӕ ӕфтыд. Ӕмӕ 1962 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг куы сӕхгӕдтой, уӕд дӕр хъусынгӕнджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. 1974 азы декабры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн закъонмӕ гӕсгӕ регистраци куы радтой, уӕдмӕ бӕстӕйы уыд 13 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

Абон 50 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц Португалийы ӕмӕ ма португайлаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы сакъадӕхтыл дӕр, уыимӕ Азоры сакъадӕхтыл ӕмӕ Мадейрӕйы. Уыцы хъусынгӕнджыты ’хсӕн сты, 1925 азы ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасмӕ чи байхъуыста, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн сӕ байзӕддӕгтӕ.

Мах тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ, Португалийы рӕстдзинады фыццаг мыггӕгтӕ тауын чи райдыдта, уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр. Уыдон, «Йесо Чырыстийы лӕггадгӕнӕгӕн» куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъӕбатырӕй хъусын кодтой, цӕмӕй хорз хабар «иннӕ адӕмтӕм» дӕр фӕхӕццӕ уыдаид (Ром. 15:15, 16). (Нӕ архивтӕй Португалийы.)

^ 3 абз. Кӕс брошюрӕ «„Кӕмӕн цавӕр дзуапп“ хъуамӕ дӕттӕм?» (bw546), статья «Хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст ис», 31, 32 фӕрстӕ.