Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Kim Steele/The Image Bank via Getty Images

Цардамӕлттӕ кӕнын тынг фӕзын. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Цардамӕлттӕ кӕнын тынг фӕзын. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

 Ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕн цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у, ӕмӕ цас дарддӕр, уыйас уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны.

  •   Ӕрӕджы иу организацийы ӕппӕтдунеон хыгъды a куыд фыст уыди, афтӕмӕй адӕмӕн раздӕр се ’хцайӕ сӕ бон цас цыдӕртӕ уыд балхӕнын, абон уыйбӕрц балхӕнын нал у. Уыцы хыгъды ма фыст ис, зӕгъгӕ, куы ницы фӕива, уӕд хъӕздгуытӕ хъӕздыгдӕр кӕндзысты, мӕгуыртӕ та – мӕгуырдӕр, ӕмӕ бирӕ бинонтӕ, раздӕр куыд цардысты, уымӕй мӕгуырдӕр цӕрдзысты.

 Цымӕ хицауӕдтӕн сӕ бон бауыдзӕн экономикӕ йӕ къахыл слӕууын кӕнын кӕнӕ та йын йӕ уавӕр гыццыл фӕхуыздӕр кӕнын?

 Библийы фыст ис иу Паддзахады тыххӕй. Уыцы Паддзахадӕн йӕ бон у экономикӕимӕ баст фарстатӕ иууылдӕр аскъуыддзаг кӕнын, ӕмӕ уый аразгӕ дӕр скӕндзӕн. Стӕй ма афтӕ дӕр бакӕндзӕн, ӕмӕ адӕм хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл нал дих кӕндзысты. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн... паддзахад» (Данел 2:44). Уыцы Паддзахад зӕххы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг адӕймаг дӕр рохуаты нӕ баззайдзӕн (Псалом 9:18). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн алцыдӕр уыдзӕн, цӕмӕй амондджын уой, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Исай 65:21, 22).

a International Labour Organization Global Wage Report 2022-23