Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Francesco Carta fotografo/Moment via Getty Images

Йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыдон фылдӕрӕй-​фылдӕр кӕнынц. Библийы цы фыст ис?

Йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыдон фылдӕрӕй-​фылдӕр кӕнынц. Библийы цы фыст ис?

 Ӕрӕджы куыд сбӕрӕг кодтой a, афтӕмӕй алыхуызон бӕстӕты алы цыппар адӕймагӕй дӕр иу йӕхимӕ иунӕг кӕсы.

  •    «Адӕймаг кӕмфӕнды ма цӕра ӕмӕ цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхимӕ иунӕг кӕса» (Чидо Мпемба, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы социалон бастдзинӕдты бӕрнон кусӕг).

 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕрмӕст ацӕргӕтӕ фӕкӕсынц сӕхимӕ иунӕг. Фӕлӕ сӕхимӕ иунӕг фӕкӕсынц ӕрыгӕттӕ, ӕнӕниз чи у, ӕнтыстджын чи у ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр. Адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы ласа ӕмӕ йӕхимӕ иунӕг куы кӕса, уӕд уый ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн йе ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уагыл дӕр.

  •    «Адӕймаг йӕхимӕ иунӕг кӕса, уый ӕрмӕст ӕвзӕр ӕнкъарӕн нӕу»,– загъта Вивек Мурти, сӕйраг хирург Америкӕйы Иугонд Штаттӕй. Стӕй ма загъта: «Бон 15 тамакойы чи дымы, уыцы адӕймагӕн амӕлынӕй куыд тӕссаг вӕййы, афтӕ тӕссаг у амӕлынӕй, иннӕтӕй йӕхи дард чи ласы, уыдонӕн дӕр».

Библийы цы фыст ис?

 Не Сфӕлдисӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй нӕхи дард ласӕм. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын хорз ӕмбӕлттӕ уа ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитӕм.

  •    Библийы уагӕвӕрд: «Хуыцау загъта: „Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу“» (Райдиан 2:18).

 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, куы йӕм ӕввахс кӕнӕм, уӕд нӕм уый дӕр кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8).

  •    Библийы уагӕвӕрд: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матфейы 5:3).

 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын иннӕтимӕ иумӕ лӕггад кӕнӕм. Иумӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы амондджындӕр стӕм.

  •    Библийы уагӕвӕрд: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм... не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

 Ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг исты араза, йӕхимӕ иунӕг куы кӕса, уӕд. Уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Одиночество в век массовой коммуникации».

a The Global State of Social Connections, by Meta and Gallup, 2023.