Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат

Цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат

 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнынц, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цӕуыл ахуыр вӕййынц, уыдӕттӕй, стӕй сӕ миниуджытӕй. Ӕмӕ сын уый тыххӕй, чи зоны, ӕнцон ма уа. Фӕлӕ сын, гӕнӕн ис, ноджы зындӕр уа, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоны фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уой, уӕд:

  •   Хиуӕттимӕ цас рӕстӕг ӕрвитой?

  •   Ӕхцайӕ куыд пайда кӕной?

  •   Цот рауадзой ӕви нӕ?

 Цы ис саразӕн, ацы фарстаты фӕдыл дӕ цардӕмбалимӕ иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат, уӕд?

 Цы хъуамӕ зонай

 Кӕрӕдзиимӕ хорз цӕрын кӕй зонынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕмхуызон сты. Кӕрӕдзиимӕ тынг хорз чи цӕры, ахӕм лӕг ӕмӕ ус дӕр алы хатт иу хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййынц, суанг ахсджиаг фарстаты фӕдыл дӕр.

 «Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл тынг баст уыдысты. Улӕфгӕ бонты-иу нӕ рӕстӕг ӕрвыстам мӕ ныййарджыты ныййарджытимӕ, мӕ ныййарджыты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ сӕ цотимӕ. Мӕ сӕрыхицауы бинонтӕ та кӕрӕдзиимӕ уыйбӕрц рӕстӕг не ’рвыстой. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ нӕм дард чи цӕры, уыцы хӕстӕджытимӕ цас рӕстӕг ӕрвитӕм, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не стӕм» (Тамарӕ).

 «Мӕ бинойнагимӕ алыхуызон уавӕрты схъомыл стӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, ӕхца куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕнӕм, уымӕ иухуызон цӕстӕй нӕ кастыстӕм. Уый тыххӕй нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ фыццаг цалдӕр мӕйы иу цалдӕр хатты рахъӕлӕба стӕм. Цӕмӕй иу хъуыдымӕ ӕрцыдаиккам, уый тыххӕй нӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъуыд аныхас кӕнын» (Тайлер).

Дыууӕ адӕймаджы, гӕнӕн ис, ӕрдзмӕ уыцы иу ранӕй кӕсой, фӕлӕ алыхуызон цыдӕртӕ феной. Уый зӕгъӕн ис лӕг ӕмӕ ус алыхуызон цӕстӕй кӕмӕ кӕсынц, уыцы хъуыддагӕй дӕр

 Хатт цавӕрдӕр фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн, уӕ дыууӕ дӕр разы кӕмӕй уат, ахӕм уынаффӕ рахӕссын фаг нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, дӕ цардӕмбалы хиуӕттӕй исчи куы фӕрынчын уа ӕмӕ йӕм кӕсын куы бахъӕуа, уӕд куыд бакӕндзыстут? Кӕнӕ та уӕ иуы сывӕллон куы хъӕуа, иннӕйы та – нӕ, уӕд та? a

 «Мӕ бинойнагимӕ цалдӕр хатты ныхас кодтам, сывӕллӕттӕ рауадзӕм ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ-иу бирӕ фӕныхас кодтам. Уый сывӕллоныл арӕхӕй-арӕхдӕр фӕхъуыды кӕны, мӕн та сывӕллон ӕппындӕр нӕ хъӕуы. Нӕ уавӕры, нӕ дыууӕ дӕр разы кӕмӕй уӕм, ахӕм уынаффӕ рахӕссӕн куыд ис?!» (Алекс).

 Иу хъуыдыйыл хӕст кӕй не стут, уый тыххӕй хъуамӕ уӕ бинонты цард ма фехӕла. Иуӕй-иу эксперттӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, кӕд дӕ цардӕмбалимӕ уӕ бон ахсджиаг фарстаты фӕдыл иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕу, уӕд, дам, хъуамӕ цыфӕнды дӕр саразай, цӕмӕй дӕ фӕнд дӕ къухы бафта – суанг дӕ уый тыххӕй дӕ цардӕмбалы ныууадзын куы бахъӕуа, уӕд дӕр. Фӕлӕ адӕймаг ахӕм «уынаффӕ» куы рахӕссид, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр тынг хъуыды кӕны, йӕ цардӕмбалӕн Хуыцауы раз цы дзырд радта, уый та йын афтӕ ахсджиаг нӕу.

 Дӕ бон цы у аразын

 Уӕ кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтат, уый ӕххӕст кӕнут. Уый уӕ фидар фӕнд куы уа, уӕд-иу зын фарстатӕ иумӕ аскъуыддзаг кӕндзыстут.

 Библийы уагӕвӕрд: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:6).

 Фӕстӕдӕр цы уыдзӕн, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Зӕгъӕм, цардӕмбӕлттӕй иуы хъӕуы сывӕллӕттӕ, иннӕйы та нӕ. Ахӕм уавӕры фӕхъӕуы цалдӕр хъуыддагыл ахъуыды кӕнын, зӕгъӕм:

  •   Кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд стут ӕви нӕ.

     Сывӕллон уын куы райгуыра ӕмӕ уын ног зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд уӕ кӕрӕдзийӕ нӕ адард уыдзыстут?

  •   Ныййарджыты хӕстӕ.

     Уыдонмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, цӕмӕй сывӕллонӕн хӕдзар, хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ уа.

  •   Ӕхцайы фӕрӕзтӕ.

     Куыстыл, бинонтыл, стӕй ма иннӕ хъуыддӕгтыл дӕр ӕххӕсдзыстут?

 Библийы уагӕвӕрд: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн?» (Лукайы 14:28).

 Хъуыддагмӕ-иу алырдыгӕй дӕр бакӕсут. Уӕ бон у, ӕмӕ иуӕй-иу фарстаты фӕдыл иу хъуыдымӕ ӕрцӕуат. Зӕгъӕм, дзырд ууыл куы цӕуа, сывӕллӕттӕ рауадздзыстут ӕви нӕ, уӕд, сывӕллон кӕй нӕ хъӕуы, уыцы цардӕмбалӕн йӕ бон у ахъуыды кӕнын:

  •   Сывӕллӕттӕ мӕ ӕппындӕр нӕ хъӕуы ӕви мӕ нырма нӕ хъӕуы?

  •   Мыййаг, хорз ныййарӕг кӕй уыдзынӕн, ууыл дызӕрдыг кӕнын ӕмӕ мӕ ныфс уый тыххӕй нӕ хӕссын?

  •   Мыййаг тӕрсын, мӕ цардӕмбал мӕ хъуыды дӕр куы нал кӕна, уымӕй?

 Сывӕллӕттӕ кӕй хъӕуы, уымӕн та йӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын:

  •   Ныййарджыты хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ стӕм?

  •   Нӕ бон сывӕллон схӕссын уыдзӕн?

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у... ӕмбаргӕ» (Иаковы 3:17).

 Дӕ цардӕмбал цавӕрдӕр хъуыддаджы раст куы уа, уӕд-иу йемӕ сразы у. Дыууӕ адӕймаджы, гӕнӕн ис, ӕрдзмӕ уыцы иу ранӕй кӕсой, фӕлӕ алыхуызон цыдӕртӕ феной. Афтӕ лӕг ӕмӕ ус дӕр цавӕрдӕр хъуыддагмӕ, гӕнӕн ис, алыхуызон цӕстӕй кӕсой, зӕгъӕм, ӕхца цӕуыл хардз кӕной, уымӕ. Кӕд цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не стут, уӕд-иу уӕ ныхас райдайут, кӕрӕдзиимӕ разы цӕуыл стут, уымӕй.

  •   Уӕ иумӕйаг нысан цы у?

  •   Алчидӕр уӕ цы хъуыдыйыл хӕст у, уым хорзӕй цы ис?

  •   Уӕ бинонты цард бахъахъхъӕныны тыххӕй уӕ дыууӕйӕ иуӕн кӕнӕ уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ бон у уӕ хъуыды аивын?

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

a Дыууӕ адӕймаджы ахсджиагдӕр фарстатыл аныхас кӕнын фӕхъӕуы, цалынмӕ сӕ цард нӕ баиу кӕнынц, уӕдмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, уавӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивой, йе та лӕг кӕнӕ ус цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл йӕ хъуыды аива (Екклесиаст 9:11).