Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн Библи баххуыс кӕндзӕн?

Уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн Библи баххуыс кӕндзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау ӕххуыс кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕй цавӕрдӕр низӕй рынчын чи у, уыдонӕн. Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн» (Псалом 41:3). Кӕд исты уӕззау низӕй рынчын дӕ, уӕд дын ацы ӕртӕ уынаффӕйы баххуыс кӕндзысты:

  1.   Хуыцауӕй хъарутӕ кур. Уый фӕрцы схайджын уыдзынӕ «Хуыцауы фарнӕй, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй», ӕмӕ афтӕ тынг нал мӕт кӕндзынӕ, стӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ низимӕ тох кӕнын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

  2.   Хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕн. Библи зӕгъы: «Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны, ныфссаст зӕрдӕ та стджытӕ хус кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 17:22). Ахудын дӕр куы зонай, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст царды зындзинӕдтӕн нӕ быхсдзынӕ, фӕлӕ ма уый де ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн.

  3.   Фидӕнӕй дӕ цы ныфс ис, ууыл хъуыды кӕн. Фидӕнӕй дӕ фидар ныфс куы уа, уӕд дын уый уыдзӕн цины хос, кӕд уӕззау низӕй тыхсыс, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 12:12). Библийы фыст ис, ахӕм рӕстӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн, «ӕз рынчын дӕн», зӕгъгӕ (Исай 33:24). Ӕмӕ уӕд Хуыцау адӕмы сдзӕбӕх кӕндзӕн, абон дохтыртӕ хос кӕмӕн нӕ зонынц, ахӕм уӕззау низтӕй дӕр. Зӕгъӕм, Библи нын ӕмбарын кӕны, ацӕргӕтӕ раздӕрау ӕрыгон ӕмӕ хъаруджын кӕй суыдзысты, уый. Фыст дзы ис: «Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд» (Иов 33:25).

 Фиппаинаг. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дарынц, уӕддӕр ӕмбарынц уӕззау низтимӕ тох кӕнынӕн дохтыры ӕххуыс ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы (Марчы 2:17). Фӕлӕ мах цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлтты сӕрыл нӕ дзурӕм. Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕсса уынаффӕ, йӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый фӕдыл.