Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Мӕлӕтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Мӕлӕтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Дзуапп Библийӕ

 Мӕлӕт у адӕймаджы знаг, ӕмӕ дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр тӕрсӕм ӕмӕ нӕ цард бахъахъхъӕныныл фӕархайӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Фӕлӕ мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ ахуырӕдты аххосӕй адӕм мӕлӕтӕй афтӕ тӕрсынц, ӕмӕ цӕрӕнбонты вӕййынц уыцы тасы «цагъартӕ» (Дзуттӕгтӕм 2:15). Фӕлӕ рӕстдзинад куы зонай, уӕд мӕлӕтӕй афтӕ тынг нал тӕрсдзынӕ ӕмӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ (Иоанны 8:32).

Библи мӕлӕты тыххӕй цы зӕгъы

  •   Мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы ӕмбарынц (Псалом 146:4). Библи мӕлӕт бары, адӕймаг тарффынӕй куыд кӕна, уыимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты фӕстӕ ничи фӕхъизӕмар кӕны. Ӕмӕ дӕ уӕдӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы (Псалом 13:3; Иоанны 11:11–14).

  •   Мӕрдтӕн сӕ бон махӕн ницы зиан у ракӕнын. Суанг хъомысджын знӕгтӕ дӕр куы амӕлынц, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон ницыуал вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 21:16). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «фесӕфт сӕ... фыдӕх дӕр, хӕлӕг дӕр нал кӕнынц» (Екклесиаст 9:6).

  •   Мӕлӕт ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн ницыуал ныфс ис. Чи амард, уыдоны Хуыцау райгас кӕндзӕн, ома сӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15).

  •   Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). Библийы ма фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).