Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи цы зӕгъы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, сӕ къухтӕ куы не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ куы фӕцӕрынц, уый тыххӕй?

Библи цы зӕгъы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, сӕ къухтӕ куы не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ куы фӕцӕрынц, уый тыххӕй?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы фыст ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм хӕтындзинадӕй сӕхи хизой (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3). Библимӕ гӕсгӕ хӕтындзинадыл нымад у цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын, гомосексуализм ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат куы ’рцӕуынц, уый.

 Иумӕ чи цӕры, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ къухтӕ ӕрфыстой ӕви нӕ, уымӕ Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы?

  •   Бинонты цардӕн бындур Хуыцау ӕрӕвӕрдта. Фыццаг бинонтӕ фӕзындысты, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы баиу кодта, уӕд (Райдиан 2:22–24). Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг иумӕ цӕрой, сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ ма баиу кӕной, афтӕмӕй.

  •   Хуыцау зоны, адӕмӕн хуыздӕр цы у, уый. Хуыцау бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой, уымӕн ӕмӕ уӕд бинонтӕй алчидӕр йӕхи ӕдас фӕхаты. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Мебелимӕ вӕййы инструкци, цӕмӕй йӕ раст сӕмбырд кӕнай. Раст афтӕ Хуыцауы амындтӕ дӕр бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уой. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ пайда хӕссынц, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн (Исай 48:17, 18).

    Мебелимӕ вӕййы инструкци, цӕмӕй йӕ раст сӕмбырд кӕнай. Хуыцауы амындтӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уой

  •   Лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат куы ’рцӕуынц, уӕд уый арӕх ӕркӕны бӕллӕхтӕм. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын уа, иу иннӕйы исты хӕцгӕ низӕй фӕрынчын кӕна кӕнӕ сӕхи ӕнӕхъуаджы зӕрдӕрыст ӕмӕ мӕстыты хай бакӕной.

  •   Хуыцау нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй-иу ӕмуат ӕрцӕуой, ӕмӕ-иу сын цот рацӕуа. Хуыцауы цӕсты цард тынг зынаргъ у. Ӕмӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ бон цот уадзын кӕй у, уый Хуыцауы стыр лӕвар у. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕварӕн аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уый равдисдзыстӕм, бинонты цардӕн кӕй кад кӕнӕм, уымӕй (Дзуттӕгтӕм 13:4).

 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ цард иумӕ ацӕудзӕн ӕви нӕ, уый бамбарыны тыххӕй сӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссыны размӕ иумӕ ацӕрын фӕхъӕуы?

 Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй сӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссыны размӕ иумӕ ацӕрын нӕ фӕхъӕуы. Лӕг ӕмӕ ус амондджын вӕййынц, кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы вӕййынц ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг кӕрӕдзи фарсмӕ куы вӕййынц, уӕд a. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ къухтӕ куы ’рфыссынц, уӕд кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр вӕййынц (Матфейы 19:6).

 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд цӕй фӕрцы уыдзысты?

 Алцӕмӕй ӕххӕст бинонтӕ нӕй. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус амондджын уыдзысты, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.